Рухс федта Хъазиты Мелитоны куыст «Ирон хæзна» 5 чиныгæй

Гъе, уыдæттæм гæсгæ, литературæ æмæ зонады бирæ кæмæн бантыст, уыцы Хъазиты Ме-литоны ног куыст уæлдай арфæйы ныхæсты аккаг у. Йæ фондзтомон «Ирон хæзна»-йы уый бабæстон кодта, æвзаджы æмæ литературæйы дæснытæ, историктæ æмæ этнографтæ, хуымæтæг чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæуыл сæмбæлдзысты, ахæм ахъаззаджы æрмæг.

Удварны утæппæт хæзнатæ халгай фембырд кæн – уый кæуылты стыр æмæ уæззау куыст у! Хатт хи уацмыс ныффыссын æнцондæр вæййы, уый алчи нæ бамбардзæн. Фæлæ Хъазиты Мелитон удуæлдайæ бацархайдта æмæ ныр æвдисæн стæм, æдзух ын бузныг кæй тыххæй дзурдзысты, йæ уыцы бæркадджын бавæрæнæн ирон культурæмæ.

Дæсгай азты дæргъы ацы куысты охыл цал адæймагимæ фембæлд, алы кæмттыл æмæ цæрæнбынæттыл цал хатты æрзылд, уый банымайæн нал ис. Æрмæг бæстонгонд дæр дзæвгар рæстæг цыд, æмæ ныр баххæст!

Ирон адæмы «Ирон хæзна»

«Ирон хæзна»-йы сæрæвæрæн чиныджы автор-аразæг йæ проектмæ иумæйаг разныхасы фыста, кæй йæ фæнды, цæмæй, «адæмæн сæхицæй чи рацыд, уый йæм фæстæмæ здæха хи туг æмæ стæгæй»: «Нæ ирон адæмы зонды тых, нæ тыхст æмæ рыст, нæ ирон хæзнайыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, уый йæ фыццаджы-фыццаг хъуамæ фена йæхæдæг – банкъара йæ, бамбара йæ, бауарза йæ. Йæ фынты дæр йæ фæдыл куыд зила. Йæ удæнцой куыд суа, æмæ йын удæнцой куыд нæ дæтта. Йæ мадæлон æвзаг, йæ раттæг адæм, йæ Фыдыбæстæйы цардæй чи цæры, сæ амондæй чи райы æмæ сын сæ фарныл фарн чи ‘фтауы, уымæ уыцы хæзнайы тых нарты Уацамонгæйау йæхи къахæй цæуы». Цæуы, удсыгъдæггæнæн суадонмæ «ирон фар-ныл тайгæ æмæ руайгæйæ» куы араст уай, уæд.

Ныридæгæн, хъыгагæн, æндæр уавæр уынæм: «Нæхæдæг нæ сыгъзæринтæй æвзалы хос дæр нæ кæнæм. Хуымæтæджы æвзалы хос куыд скæнынц, уый дæр сæ нæ бавæййы нæ бон саразын. Куыд «хуыздæрон», куыд «зондджындæрæй» сæ калæм доны… Счъилдысæй æрдæгæхсæв дæр бонау кæй хъуамæ тымбыл кæниккам, уыдоныл ахъуыды кæнынмæ дæр зивæг кæнæм. Нæ адæмы агургæ æмæ æнæссаргæ хъæздыгдзинæдтæ – нæ сæрмæ, нæ алыварс, нæ къæхты бын; кæцыфæнды ‘рдæм февнал – дæ арм сæ айдзаг уыдзæнис. Фæлæ сæ нæдæр уынгæ кæнæм, нæдæр нæ сæ уынын фæнды, нæдæр нæ уыдонмæ æвдæлы». Ацы ныхæстæ схонæн ис автор-аразæджы уды хъæр. Нацийы хæдхуыздзинадæн ирддæр æвдисæнтæй иу – адæмон сфæлдыстад, æмæ йын хъуамæ фылдæр аргъ кæниккам. Ног фæлтæртæ чиныг нал кæсынц, сæ мадæлон æвзаг фаг хорз нал зонынц, æмæ ныр «сыгъзæринæй» нæ удæн «æвзалы хос» уæддæр мауал кæнæм?! Хорз уаид, «Ирон хæзна»-йыл ныхас арæхдæр куы цæуид телеуынынады, периодикон мыхуыры, кæстæртимæ фембæлдтыты. Уæд уыдон дæр фæсте нæ баззаиккой, цыдæр цымыдисдзинад сæм æнæмæнг æвзæрид. «Историон хъуыдæг» ницы фæцис, фыдæлты дуг, хатт куыд æнхъæл вæййæм, нырма афтæ бынтон нæ адард ис. Бæлвырдæй адæмон сфæлдыстады хуызтыл дзургæйæ Хъазийы-фырт уымæн фиппайы: «Æмбисæндтæм, арфæтæм, æлгъыстытæм, уыци-уыцитæм, дзырдмæ-дзырдарынтæм ис иу диссаджы миниуæг: æддаг бакастæй – саджы сытау æлвæст, цыкурайы фæрдыгау, тæмæнтæ калынц, сæ мидис – арф, адæймаг сæ дзæгъæлтæ кæны… Сæйраг мæм цы кæсы – уыдон иууылдæр нæ истори сты. Уыдон дзурынц, æнусты дæргъы цы цард фæкодтам, ууыл… Æппынæдзух архайын хъæуы рухсдæр бæрзондмæ схизыныл. Схизæн та йæм ис, дæ адæм æнусты хорзæй цы сарæзтой, уый фæрцы».

Фæлдахæм 1-аг чиныг «Æмбисæндтæ»-йы сыфтæ (рухс федта 2013 азы), æмæ дзы, æцæгдæр, уынæм æлвæст, тæмæнкалгæ хъуыдытæ: «Ахстон афтидæй уазал кæны», «Æбар адæймаг Хуыцауы цæфæй мæгуырдæр у», «Гæркъæраг дæр рæсугъд у, фæлæ – къæрных æмæ холы-хор», «Кæстæрæй хистæрыл стырдæр хæс ис», «Лæгау лæг йæ адæмæй хæс дары». Цардвæндаджы æнæхъæн философи! Æнгом бинонтæ скæн, дæ сæр сæрмæ хæссын фæраз, дæ алыварс чи ис, уыдонæн сæ хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæн æмæ ма бирæ æндæр «æвзалы хостæ», ома, зонды фæрæзтæ.

2-аг чиныг «Æлгъыстытæ» (рацыд 2015 азы) кæсгæйæ дæр адæймаг æнахуыр хъæздыг дунейы аныгъуылы: «Абон-сомæй фæцæр», «Бон сурмæ дзыназ, æхсæв – хурмæ», «Дæ зæрдæйы дуар макуы байгом уæд», «Абон дын куыд нæй, афтæ дын сом дæр мацы уæд». Æдзæстуарзон адæймаджы фæндиаг ма фæуынæн дæ фидæн дæхæдæг аразын фæраз, зæрдæйы хорзæх адæмæн ма хæлæг кæн, дæхи фæллойæ цæр – ахæм хуызы зонды фæрæзтæ æмбæхстæуы сфæлдыстады ацы къабазы.

3-аг чиныг «Арфæтæ»-йæ (2016 аз) фæндиæгтæ дзур æмæ дзур: «Бæрзонд дзуарæй фæдзæхст фæу», «Уастырджи дæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд», «Донарæхæн цæр», «Абазийæ сом цы исай, уыцы амонд дæ уæд», «Абирæ уæ кæнæд уе Сфæлдисæг». Æнæниз, æнæфыдбылыз, бæркадджын уæвыны фæндиæгтæй ис уынгтæ сфидауын кæнæн, цæмæй сæ адæм уыной æмæ цæстуарзон ныхас кæнын фæразой…

4-æм чиныг «Фидистæ. Рæвдауæн дзырдтæ»-йыл кæд йæ рацыды «гаккæн» 2023 аз амынд у, уæддæр нырма адæммæ ныр ракъахдзæф кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æххуысæй, æмæ йын – стыр бузныг. Ацы æмбырдгонды фæзындимæ нæ алкæй бон дæр ахъуыды кæнын у иу хъуыддагыл: «Æлгъыстытæ алы адæммæ дæр ис, фæлæ фидис та цы уа, алы хатт æмæ йæ алкæмæ куы нæ фехъусдзынæ, уæд?» Диссаг, фæлæ фидис цæстуарзон уайдзæфмæ хæстæг нæ лæууы?! Дæнцæгæн æрхæссинæгтæ: «Давинаг дæр дæм амбæхсинаг – исты куы уаид», «Къæдзилджын митæ кæныс иууыл», «Тæрхъусы басы бас», «Саггуырдæй дæлæмæдзыд нæ байрæзы», «Фынæйæ хæдзар кæнынмæ хъавыс». Фидисгæнæг амоны, кæй æфхæры, уый хъæндзинæдтæм, æмæ сæ уымæн йæ бон у сраст кæнын. Рæвдауæн дзырдтæ – уыдон та арфæтау сты, æмæ сæ царды арæхдæр пайда кæнын æмбæлы: «Адджынау-адджынæй сымах хуызæн ничи фæцард», «Ныфсджынæй хъомыл кæнут», «Уды хосæй зынаргъдæр дæ», «Хурзæрины хуызæн», «Зæрингуырды ном бæрзонд систай». Ахæм, зæрдæйы хорзæх тауæг ныхæстæй, адæймагыл ис ног хъарутæ бафтауæн, æнтыстытæм æй сразæнгард кæнæн.

5-æм чиныг «Адæмон сфæлдыстад» (уый рауадзынмæ дæр йе ‘вæрæн бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан) бынтон ног у, нырма йæ уынгæ дæр стæмтæ фæкодтой. Ис дзы поэзи, дзырд-мæ-дзырдарынтæ, хъæлдзæг ныхæстæ, цымыдисон хабæрттæ, таурæгътæ æмæ аргъæуттæ, æмæ дызæрдыггаг нæу, дзæвгар агурджытæ йæ кæй уыдзæн. Уæлдайдæр ма, чи йæ кæса, уый кæцыдæр уацмыстæ радзурджыты кæнæ лæгæй-лæгмæ зыдта, кæнæ сын сæ кой хъуыста, иннæ хабæрттæ та йæхæдæг дæр фæзæгъы, фæлæ сæ адæмон сфæл-дыстады суадонæй «бануæзта», уый йæ хъуыдыйы дæр нæ вæййы.

Нæ ныхас, æмткæй райсгæйæ, нывæндæм кæстæрты хъомыладыл, æмæ уым ныридæгæн нæ бартæ радтам Интернеты тыгъ-дады алы «цыбæлгæнæнтæм». Саби аргъæуттæ, таурæгътæ нал хъусы, сæ мидис æм нæ хъары. Фæлæ та æнæмæнг раздæх-дзыстæм хъуыдыгæнæг фæлтæртæ хъомыл кæнынмæ, æмæ уæд нæ рæбыны уыдзæн ИРОН АДÆМЫ «ИРОН ХÆЗНА». Нæ фидæн аразджытыл ын йæ зонды нæмгуытæ таудзыстæм æмæ хорз æвзæрæй иртасдзысты, цард мулк æмæ стыр æхцатæ ссивынæн лæвæрд нæу, уый æмбардзысты.

Йæхи хъуыстгонд педагогон системæйы автор Василий Сухомлинский загъта: «Сывæллон удварнæй æххæст æрмæст уæд уыдзæн, хъазты, аргъауы, музыкæйы, бæллицты дунейы куы цæра. Æнæ уый дзы рауайдзæн хус дидинæг». Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг Наталья Носкова та бафиппайдта: «Нæ историон æмæ национ уидæгтæ бахъахъхъæндзыстæм æрмæст, нæ размæйы фæлтæртæй нæм цы хæрзæгъдаудзинады тради-цитæ æрхæццæ, уыдон æмбарын æмæ сын аргъ кæнын куы райдайæм, уæд. Фæлæ уыцы хæзна банкъарæн, адæмæн исты хорзы бацæуыны зондыл хæст уæвæн ис къæрцхъус уд æмæ уарзæгой зæрдæйæ хайджынæй. Уымæ гæсгæ йæ райгуырæн культурæ сывæллонæн хъуамæ суа йæ уды æнæфæхицæнгæнгæ хай, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ йыл æфтауæг тых». Нæ Иры фæсивæд «къæрцхъус уд æмæ уарзæгой зæрдæйæ» хорзæхгонд æрдзæй сты, фæлæ бæлас æнæ уидаг нæ цæры (адæмон сфæлдыстадæй абарст). Уæдæ дзырд-арæхст æмæ цыргъзонд уæвын дæр никæй бахъыгдардзæн, æмæ уын ацы фондз томы – «ахуыргæнæн чиныг».

Автор-аразæг кæд йæ куыст бакодта, уæддæр алæмæттаг адæмон сфæлдыстады хъысмæтыл сагъæстæй не схицæн: «Фæлæ мын æнцой нæ дæтты мæ зæрдæ. Афтæ мæм дзуры, цыма ацы куыст – нæ адæмон сфæлдыстад, нæ фыдæлты æнусон, стыр хæзнаты ахъаззагдæртæй иу, æртымбыл, нæ фæстагæттæм æй къахырæй уæддæр фæхæццæ кæнын нæ кадджын фыдæлты цотæй алкæй ахъаззаг хæс дæр у…». Йæ ныхæстæ ныстуаны хуызæн зæлынц æмæ сæм æрыхъусæм. Адæмон сфæлдыстады къæбицæй дæгъæлтæ кæмæ ис, ахæм хистæрты кæд зонæм, уæд семæ фембæлынæн æмæ сæ ныффыссынæн амал ссарæм. Хъазийы-фырты загъдау, уыцы къæбицы æвæрæнтæ нæ алыварс сты, æмæ нæ хуры тавиц-тынау тавæнт. Царды рæз хæссыны сæраппонд…

ТЪЕХТЫ Тамерлан,

Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.