19-æм июлы Санкт-Петербурджы Чехойты Асланы номыл Ног музейы не ‘мзæххон курдиатджын чызг Æлборты Лирæйæн цытджын æгъдауæй байгом уыдзæнис йæ персоналон равдыст «Цвет – это я», зæгъгæ, ахæм тематикон номимæ. Нывгæнæджы куыстытимæ уырыссаг аивадуарзджытæ зонгæ кæндзысты августы мæйы æмбистæм.

Æлборты Лирæ куыд ныв кæны, йе сфæлдыстад цæуыл дзурæг у, уымæ тынгдæр бацымыдис кодтой Чехойты Асланы номыл Ног музей æмæ йæ фæхуыдтой сæхимæ.

Ивгъуыд аз майы мæйы Санкт-Петербурджы ацы музейы фыццаг хатт байгом ис хуссарирыстойнаг æвзонг нывгæнджыты равдыст «Цхинвал 5» æмæ адæмæн уыд цымыдисон. Уыцы равдысты хайад райста Лирæ дæр æмæ йæ ныр сæрмагондæй фæхуыдтой, цæмæй сæм ныр та фæуазæг уа персоналон равдыстимæ.

«Ивгъуыд азы коллективон равдыст «Цхинвал 5» ахъаз фæцис мæ персоналон равдыстæн Санкт-Петербурджы. Уыцы равдысты фæстæ мæм организатортæ уайтагъд фæдзырдтой æмæ мын фехъусын кодтой, зæгъгæ, сæ фæнды мæ персоналон равдыст байгом кæнын. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы дæн сæ фæндыл, уымæн æмæ кæцыфæнды нывгæнæгæн дæр йæ персоналон равдыстытæ ахсджиаг сты. Уырыссаг аивадуарзджытæн ныртæккæ цы æрмæджытæ рахæссынмæ хъавын, уыдоныл куыстон фæстаг дыууæ азы дæргъы. Мæ равдысты ном дæр хуымæтæджы афтæ нæ рахуыдтон. Ме сфæлдыстадон куысты мæнæн ирд хуызтæ ахсынц сæйраг бынат.

Мæ куыстыты мæ сæйраджыдæр фæнды равдисын сабырад, сæрибардзинад æмæ адæймаджы тырнынад цæмæдæр», – банысан кодта Лирæ.

Æлборты чызгæн йæ куыстытæм куы кæсай, уæд æнæрахатгæ нæ фæуыдзынæ, йæхи æрмдзæф ын кæй ис æмæ уымæй тынгдæр кæй æркæсын кæны аивадуарзджыты йæхимæ. Лирæимæ ныхасгæнгæйæ, бæрæг у, аивад йæ царды аккаг бынат кæй ахсы æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайы хиуыл кусын, цæмæй профессионалон æгъдауæй рæза. Курдиатджын нывгæнæг йæ хъус дары куыд ирон, афтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты сфæлдыстадмæ дæр.

Æлборты Лирæ кæд æрыгон нывгæнæг у, уæддæр ын ныридæгæн бантыст æндæр æмæ æндæр горæтты æмæ регионты равдыстыты хайад райсын. У æхсæнадæмон фестивалты æмæ конкурсты дипломант. Йе сфæлдыстад у цымыдисон, фылдæр пайда кæны ирд ахорæнтæй. Уадз æмæ йæ цард дæр уæд ирд æмæ рæсугъд! Йæ персоналон равдыстытæ арæхæй-арæхдæр цы кæной, уый арфæ йæ уæд!

КОЦТЫ Еленæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.