Ныртæккæ, куыд сабитæ, афтæ хистæр кары адæймæгтæй дæр бирæтæ бахауынц интернеты алыгъуызон хъæзтыты æндæвдады бын. Уый кæд нырыккон дуджы фæзынд у, уæддæр, фылдæрбæрцæй, у адæймагæн зианхæссæг. Интернеты тыгъдады ис ахæм хъæзтытæ, кæцытæ кæцыфæнды кары адæймаджы дæр æрбалвасынц сæхимæ, сæ мидисы хорзæй кæд бирæ ницы вæййы, уæддæр уыдонæй рахизын вæййы зын. Бæрæг куыд у, афтæмæй интернет æмæ мобилон телефонтæй арæх пайда кæнын зиан кæны адæймаджы сæры магъзæн,  организмæн æнæхъæнæй. Сæры магъзы чырæгтæн сæ куыст фæкъаддæр вæййы, хъуыдыкæнынад свæййы уæлæнгайдæр. Фæзыныц зæрдæ-дадзинты алыгъуызон низтæ. Уыдон æрмæст адæймаджы æнæниздзинад нæ цудын кæнынц, фæлæ ма сын сæ æфтауынц цардæн фыдбылыз чи æрхæссы, ахæм хъæзтытыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъоладзау саби мониторыл адæймаджы «амарынмæ» йæ ныфс куы бахæсса, æмæ йын йæ фæстиуджытыл куы барайа, уæд уый æндавы  йæ психикæйыл. Афтæмæй сабитæ свæййынц æгъатыр æмæ се ‘нкъарæнтыл дæр нал фæауæрдынц.  Ис ма ахæм хъæзтытæ, кæцытæ сæ бафтауынц цардыл сæ къух сисыныл. Бæлвырд у, уыдонæн дæр кæй уыд æнамонд фæстиуджытæ.

Сæвзæргæ уавæрыл дзырд цæуы тынг бирæ, ист цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ дæр, фæлæ хъыгагæн, нырыккон æхсæнады цымыдис интернеты фæлгæтты хъæзтытæм къаддæр нæ, фæлæ кæны фылдæрæй фылдæр.

Рæстæг цæуы, дугтæ ивынц дугты, уыдонимæ ивы царды æппæт дæр, фæлæ нæ цæст куы ахæссæм дугты сæрты, уæд ивгъуыды æгæр бирæ хæрзиуджытæ кæй уадзæм, уый та, æвæццæгæн, хорз нæу. Хъазтæн ома, стыр нысаниуæг нæй, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд фæлæ уый раст нæ уыдзысты, уымæн æмæ уый баст уа адæймаджы æнæниздзинадимæ, йæ размæцыдимæ, цы ног фæлтæр рæзы, уыдоны фидæнимæ. Нæ фыдæлтæ кæд нæ пайда  кодтой интернетæй, уæддæр уæды фæсивæдæн дæр уыд сæхи хиирхæфсæнтæ, реалон цымыдисон хъæзтытæ. Уыдоны руаджы рæзгæ фæлтæр цайдагъ кодтой хæрзæгъдауыл, арæхстдзинадыл, фердæхт æмæ цыргъзонддзинадыл æмæ сæйраджыдæр та, интернеты фæлгæтты хъæзтытимæ абаргæйæ, адæймаджы цардæн нæ уыдысты  фыдбылызхæссæг. Пайда уыдысты адæймаджы физикон размæцыдæн.  Æппæт уыдæтты æмрæнхъ хистæр фæлтæр кæддæриддæр сæ хъус дардтой рæзгæ фæлтæры хиирхæфсæн хъæзтытæм, домдтой сæ, цæмæй æппæт дæр уа æгъдауыл. Амыдтой сын, зæгъгæ, куыстытæ дæр зæрдæрухсæн æмæ удæнцойæн сты æмæ хъæзтытæ дæр, фæлæ бæрц, бынат æмæ афон хъæуы æнæмæнгæй зонын. «Æфсарм иу æфсарм у, фæлæ алкæмæ дæр хауы æмхуызон»- дзырдтой сын уыдон.

Ахæм æгъдауыл хæст уæвгæйæ, зиан цы сыхы уыд, уым сывæллæттæ зыдтой хъæзтытæн афон, бынат, бæрц æмæ æгъдау.

Чызджытæ-иу фылдæр хъазыдысты, уæздандæрыл нымад цы хъæзтытæ уыдысты, уыдонæй. Зæгъæм, тыччытæй хъазты-иу æрбадтысты тымбылæй, æмæ-иу алыхуызон лыстæг, тымбыл дойнаг дурты æвæрдтой бинаг нымæттыл æмæ сæ, уæлæмæ æппаргæйæ, ахстой иугæйттæй, дыгæйттæй, æртыгæйттæй, уагæвæрд куыд домдта, афтæ, куы армы тъæпæнæй, куы та йæ уæлармы тъæпæнæй. Къухты арæхстимæ гыццыл чызджытæ ахуыр кодтой нымады хуызтыл. Афтæ ма хъазты хъуыд арæхстдзинад æмæ цырддзинад, цæмæй лыстæг дуртæй иу дæр ма ахаудаит. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда уыд сабиты размæцыдæн. Уыд ма æгъдауыл сæ чи ахуыр кодта, ахæм хъæзтытæ, зæгъæм «Æфсинтæ æмæ чындзытæй» хъазт. Ам-иу чызджытæй сæ иу уыд æфсины ролы, иннæ та чындзы ролы æмæ-иу, куыд æцæгæй царды, афтæ хъазты дæр æххæст кодтой, чындз æмæ æфсины ‘хсæн æгъдау куыд домдта, афтæ кæрæдзимæ уæздан ахаст. Хъазтæн уыд хъомыладон нысаниуæг. Физикон размæцыд æмæ æрхъуыдыдзинад домдта хъазт «Цъындæмбæхстытæ». Ацы хъазтæй фылдæр хъазыдысты изæрыгæтты, куыд сабитæ, афтæ хистæр кары фæсивæд дæр. Йæ сæйраг мидис уыд цъындгæнæг цæмæй ма ссардтаит æмбæхст чи уыд, уыдоны, домдта физикон змæлд æмæ  æрхъуыдыджын уæвын. Уыд ахæм хъæзтытæ, кæдон рæзгæ фæлтæры ахуыр кодтой хæдзарон куыстытыл, зæгъæм «Ссивын-кæрдынæй» хъазыдысты лæппутæ, ахуыр кодтой кусæнгæрзтимæ архайын. «Чындзытæй» хъазтæй хъазгæйæ-иу чызджытæ сарæзтой къæцæлæй чындзытæ. Хъуымацы гæппæлтæй-иу сын бахуыдтой уæлæдарæс, срæсугъд-иу сæ кодтой. Ацы хъазтæй хъазыдысты хæрз чысыл сабитæ дæр æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, хъазæнтæн цæмæй дарæс бахуыдтаиккой, уый тыххæй сæ хъуыд хуыйæнгæрзтимæ арæхсын.

Интернет кæд дуджы фæзынд у, æнæ уымæй нæй ныры дуджы кусæн, цæрæн, уæд, æвæццæгæн, рæзгæ фæлтæры та зианхæссæг хъæзтытæй бахъахъхъæнын у махæй алкæйы хæс дæр. Фыццаджыдæр хъæуы уыдонæн се нæниздзинадыл ахъуыды кæнын. Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй къаддæр кæной сæ сывæллæттæн зианхæссæг мобилон телефонтæй пайда кæныны рæстæг, æмæ куыд ныййарджытæ, афтæ ахуырадон уагдæтты дæр, сабиты фылдæр цайдагъ кæной реалон хъæзтытыл, уарзын сын кæной, сæ цардæн хорзæрдæм чи фæпайда уа, ахæм хиирхæфсæнтæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.