Иноагентты тыххæй закъон куы райстой, уæдæй нырмæ Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы – ‘хсæн кризис нæ сабыр кæны. Ныгуылæн бæстæтæ йæ сæхицæн нæ барынц, Гуырдзыстоны хуызæн къаннæг бæстæ сæм кæй нæ байхъуыста, йæхи зонд кæй акодта. Афтæ зын сын уымæн уыд æмæ Гуырдзыстоны æнхъæлдтой сæ дæлбар уæвæг æнæбон бæстæ, кæцыйæн ныхасы бар нæй, ис ын цагъайраджы бынат. Гуырдзыстоны разамынад сæ лидер Бидзина Иванишвилиимæ бауæндыдысты сæ кураторты ныхмæ сдзурын æмæ ацы хъуыддаг политологтæ банымадтой хъæбатырдзинадыл. Ныры дуджы АИШ-ы ныхасыл уæлдай сыпп нал скæнынц, æгæрыстæмæй, европæйаг тыхджын бæстæтæ дæр.

Ныгуылæн бæстæты разамынады æртхъирæнтæм куы байхъусæм, уæд Гуырдзыстон рæхджы æнæмæнг æфхæрд æрцæудзæн хæдбар политикæ ауадзыны тыххæй. Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны Герчинский фехъусын кодта, зæгъгæ Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны процесс рæстæгмæ æрлæууын кодтой. Ома, бирæ азты дæргъы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ цæмæ тырныдтой, бирæ зиæнттæ æмæ хъуагдзинæдтæ цы бæллицы тыххæй баййæфтой, уымæй сæ иппæрд кæнынц. Евроинтеграцийы тыххæй 2000 азтæй фæстæмæ Гуырдзыстон йæ экономикон бастдзинæдтæ аскъуыдта Уæрæсеимæ æмæ иннæ сыхаг бæстæтимæ ныгуылæн бæстæтыл сæ ныфс даргæйæ. Æмæ ныр æнæнхъæл фесты.

Хъавынц сæ ноджы карздæр бафхæрынмæ. Июлы мæйы Гуырдзыстоны Вазианийы æфсæддон базæйы хъуамæ ауагътаиккой æфсæддон ахуыртæ «Достойное портнерство». Хайад дзы хъуамæ райстаиккой НАТО-йы уæнгтæ æмæ ма Азербайджан, Сомих æмæ Украинæ. Фæлæ Пентагон æмæ АИШ-ы паддзахадон депортамент ацы бирæнацион æфсæддон маневртæ аргъæвтой. Сæ уынаффæ бабастой Гуырдзыстоны иноагентты тыххæй закъон райсынимæ. Уый та нысан кæны, рæхджы сæ НАТО-йы скондмæ дæр кæй нæ айсдзысты. Уымæй уæлдай ма Вашингтон бартхъирæн кодта, зæгъгæ Гуырдзыстонимæ æмгуыстады æппæт программæттæ ивд æрцæудзысты, сæ разамынад йæ стратегион курс куы нæ фæива, уæд. Хуымæтæджы æвзагыл ын бамбарæн ис афтæ – «цы уын дзурæм, уый аразут, æндæра уæ скуынæг кæндзыстæм».

Гуырдзыстоны Хъахъхъæнынады министрад Пентагоны уынаффæйы фæдыл разы не сты, банымадтой йæ рæдыд къахдзæфыл. Фæлæ æцæгæй та хъуамæ цин кæниккой, ахæм æфсæддон ахуыртæ сæм уагъд кæй не рцыдысты, ууыл. Гуырдзиæгтæ АИШ-ы хъæуынц æрмæстдæр Уæрæсейы ныхмæ хæсты хуымæтæджы хæстонтæн. АИШ-ы фæндмæ гæсгæ 2022 азы Гуырдзыстон хъуамæ æрбакодтаид дыккаг фронт Уæрæсейы ныхмæ. Фæлæ сæ разамынад æгæр зондджынтæ разындысты æмæ нæ бауагътой сæ паддзахад бынсæфт фæкæнын.

Ацы хабæрттæм кæсгæйæ, бирæтæ æнхъæлынц, зæгъгæ, кæд Гуырдзыстонæн ны­гуылæнимæ йæ ахастытæ февзæр уой, уæд ын Уæрæсеимæ та хъуамæ фæхуыздæр уаиккой. Фæлæ Гуырдзыстоныл нырма АИШ-ы æндæвдад егъау у, стæй се мбæстæгтæй Уæрæсейы ныхмæ дæр дзæвгарæй сты. Уымæ гæсгæ ныры разамынадæн нæ бантысдзæн Гуырдзыстонæй хæлар бæстæ саразын Уæрæсейæн. Раст зæгъгæйæ, уый сæ хъуыдыйы дæр нæй. Историмæ куы акæсæм, уæд дзы бафиппайдзыстæм, гуырдзиæгтæ кæддæриддæр кæй тырныдтой Уæрæсейæ сæхи атоныныл. Фæлтау æндæр искæй дæлбар цагъайраджы цард  кæндзысты, фæлæ Уæрæсемæ уæддæр знаджы цæстæй кæсдзысты. Уæрæсейыл сæ сæр бафтауынц, æрмæстдæр сæ нацийæн скуынæгæй тæссаг куы вæййы, уæд.

Гуырдзыстон мæгуыр бæстæйыл нымад у, æфтиæгтæ йæм хæрзцъус цæуы æмæ йæм æрдзон хъæздыгдзинæдтæ дæр бирæ нæй. Фæстаг азты сæ бюджеты бæрæг хай уыдысты туризмы къабазæй. Туристтæ та сæм цæуынц Уæрæсейæ – Европæйы æмæ иннæ «демократон» бæстæты æмбæс­тæгтæ цæмæдæр гæсгæ нæ цæуынц сæ гуырдзиаг «хæлæрттæм» улæфынмæ. Цы хъæууонхæдзарадон товартæ сæм ис уæййаг, уыдон дæр нæ хъæуынц Европæйы æмæ АИШ-ы. Цингæнгæ сæ ауæй кæниккой Уæрæсемæ, фæлæ сæ чи уадзы. Ныгуылæн бæстæтæ бындуронæй æрбадтысты Гуырдзыстоны æмæ сæ нæ бауадздзысты Уæрæсеимæ экономикон бастдзинæдтæ сæндидзын кæнын. Уæд сæ бирæ азты «фыдæбон» æнæхъуаджы фæуыдзæн. Уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны разамынад се ргом аздæхтой Китаймæ. Ныфс сæ ис, ома Китайы фæрцы нæ уæййæгтæ дунейы базарадмæ ахæццæ кæндзыстæм.

Ис ма афтæ хъуыдыгæнджытæ, зæгъгæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны разамынад бадзурдзысты, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæстæмæ радтой Гуырдзыстонæн æмæ уый та йæ бастдзинæдтæ аскъуындзæн ныгуылæнимæ. Ацы хъуыды дæр аппаринаг нæу. Кæд æмæ нын уæрæсейаг политиктæ Константин Затулинæй райдайгæйæ ныфс дæттынц, ома, уын Уæрæсе уæ хæдбардзинад нæ аивдзæн, уæддæр нæ уавæр бæллицаг нæу. Историмæ акæсгæйæ, чысыл, æнæбон пад­дзахадтæ алыхаттдæр уыдысты мæгуырау уавæры æмæ-иу сæ хъомысджын паддзахадтæ спайда кодтой сæ стратегион политикон къахдзæфты рæстæджы. 10 азы фæстæ цахæм политикон уавæры цæрдзыстæм, уый ничи зоны. Æмæ абоны бон та, хæдбар паддзахад уæвгæйæ, бынтондæр æдас не стæм. Нæй нæм, æгæрыс­тæмæй, нæхи бахъахъхъæныны æмæ фæдарыны фæрæзтæ.

Гуырдзыстоны политикон уавæр бæлвырдæй рабæрæг уыдзæн октябры парламентон æвзæрстыты. Ныгуылæн бæстæтæ сæ тыхтæ ратдзысты, цæмæй ныры разамынад мауал фæуæлахиз уой. Уыцы хъуыддагыл ныридæгæн æргомæй дзурын райдыдтой ныгуылæн политиктæ, ома егъау æхцайы фæрæзтæ хицæн кæнæм гуырдзиаг «демократон» оппозицийæн. Æмæ та Гуырдзыстоны хицауадмæ цахæмтæ бахаудзысты, уый бæрæг нæу. Æнæмæнг та се ‘хсæн разындзæн националисттæ æмæ тугмондаг политиктæ. Æмæ йæ бæллæх дæр уый у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.