Ахадæн æмæ мидисджын куыст кæны, Хуссар Ирыстоны территорийыл 1992-2008 азты хæстон архæйдтыты рæстæджы чи фæсахъатджын, уыдон фарсмæ балæууыны фонд. Фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ йæхæдæг дæр хорз зоны, цы у хæст æмæ цы стыр зиæнттæ хæссы адæймагæн.

Нæ дзырды сæр ныртæккæ, Донбассы цы сæрмагонд операци уагъд цæуы, уый тыххæй у. Сæ фарсмæ балæууыны нысанæн фонд сорганизаци кодта гуманитарон æххуыс. Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан, генералон прокуратурæ æмæ арæзтады министрад. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хæрзиуæгон архайдмæ фонд йæхæдæг дæр бахаста æмбæлон хайбавæрд. Гуманитарон æххуысæй дарддæр ма уыдон, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл чи фæсахъатджын, уыдон номæй семæ аластой, Луганскы цы хъайтартæ фæхъуыд, уыдон ном æнусон кæныны цытæн цырт.

«Куыд зонæм, уымæ гæсгæ ныртæккæ Донбассы адæм сты уæззау уавæры. Æппæт уыцы зындзинæдтæ бавзæрста Хуссар Ирыстон дæр. Æмæ уымæ гæсгæ фадæттæ æмæ уавæртæ бахынцгæйæ хъуамæ балæууæм сæ фарсмæ. Донбассимæ махæн хæларадон ахæстытæ ис 2021 азæй фæстæмæ», – дзырдта Плиты чызг.

Луганскы Адæмон республикæйы уавæрыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, у уæззау. Æппынæдзух хъуысы æхстытæ æмæ гъаукалиброн снарядты срæмыгъдтытæ.

«Горæт у тынг пырх, нæ цæстыты раз æвзæрдысты нæ бæстæйы хæстон архæйдтыты фæстиуджыты нывтæ. Уымæ гæсгæ мах хорз æмбарæм Донецк æмæ Луганскы цæрджыты. Мах нæ хæсыл нымайæм, цæмæй ацы бæстæты цæрджыты фарс балæууæм æмæ сын уавæртæм гæсгæ баххуыс кæнæм. Уыцы хъуыдыйыл хæст у нæ бæстæйы къухдариуæгад дæр. Бæстæйы сæргълæууæг куы базыдта нæ фæндон, уæд рахæцыд нæ инициативæйы фарс æмæ нын бакодта йе ‘ххуысы хай», – дзырдта Мадинæ.

Хуссар Ирыстоны адæм зонынц, цахæм у царды аргъ, уымæ гæсгæ æфсымæрон республикæтæн сæ зæрдæ зæгъы, тагъд рæстæджы сабыр цардмæ раздæхын æмæ бæстæйы рæзты фæндиæгтæ.

Плиты Мадинæ ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ горæты бирæ цæрджытæ нæй, фæцыдысты Уæрæсейы алы регионтæм. Чи ма дзы баззад, уыдон та, сæ цардæн æдас уавæртæ саразыны нысанæн цæрынц ныккæндты.

Ныфс мæ, зæгъгæ, ис æмæ æввахс рæстæджы ацы дыууæ республикæты æрбиноныг уыдзæн сабыр цард æмæ цæрынæн арæзт æрцæудзысты хорз уавæртæ.

ЦЫБЫРТÆЙ ЦЫРТЫ ТЫХХÆЙ

Хуссар Ирыстоны сахъатджынты номæй Луганскы сæрибардзинады сæрыл цы хъæбатыртæ фæмард, уыдон номыл цырт хъуамæ бынатмæ фæхæццæ кодтаиккой коронавирусы пандемийы агъоммæ. Цырт арæзт æрцыд дыууæ азы размæ. Ахæм æнгæс цырт ма уымæй размæ фонды ‘руаджы æвæрд æрцыд Донецкы бæстæйы. Йæ рæстæджы уыцы цырты цытджын æгъдауæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад дæр.

Луганскмæ цы цырт фæхæццæ кодтой, уый ныртæккæ ис уыцы бæстæйы Генералон прокуратурæйы территорийыл. Уымæн æмæ уымæй размæ ацы фарст бæстон цыд бæстæйы генералон прокурор Сергей Горенкоимæ. Уый бахатыд горæты администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй ацы цыртæн бынат хицæн æрцæуа фидæны мемориалон комплексы территорийыл.

Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, прокуратурæйы кусджытæ сæхимæ райстой Хуссар Ирыстоны гуманитарон æххуыс адих кæныны сæйраг хæс. Уый дих æрцæудзæн, иууыл уæззаудæр тохты хайад чи иста, уыцы хъахъхъæнджытыл.

Луганскмæ балцы рæстæджы фонды минæвæрттæ бабæрæг кодтой музей, уым фембæлдысты сæ коллегæтимæ – хæсты сахъатджынтимæ. Хуссарирыстойнæгтыл æмбæлдысты тынг райгондæй æмæ сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ сæ иузæрдион лæггад æмæ хъуыды-джын ахасты тыххæй.

Йæхи номæй фонды сæргълæууæг бузныг зæгъы, ацы ахсджиаг гуманитарон акцийы йæ фарсмæ чи балæууыд æмæ æмбаргæ ахаст чи равдыста, чи баххуыс кодта, æппæт уыдонæн.

Æфсымæр æфсымæрæй у тыхджын, абон тыхсынц æфсымæрон республикæтæ нацисттæй æмæ мах сæ фарсмæ хъуамæ уæм алы хъуыддаджы дæр, даргъ сæм кæнæм нæ чысыл, фæлæ пайдайы æмæ æххуысы къух.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.