95 азы ацы аз сæххæст уыдаид зындгонд æмæ курдиатджын нывгæнæг ССР Цæдисы нывгæнджыты цæдисы уæнг, ГССР-ы сгуыхт нывгæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Гасситы Æхсар Исмаилы фыртыл.

Нывкæнынады аивады Æхсар ныууагъта стыр фæд, уымæн йе сфæлдыстадон къæбицы ис иу минæй фылдæр нывы бæрц æмæ сæ фылдæр хайы æвдисы йæ уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ. Ахæм нывтæм хауынц: «Зима в Згубир», «Селение Рук», «Крестьянский двор», «Старый Цхинвал. На веранде», «Катание с горки» æмæ бирæ æндæртæ. Йæ ном баззад, куыд Цхинвалы аивадон азфыссæг, афтæ. Гасситы Æхсар 2000-2010 азты ныффыста йæ иууыл хуыздæр æмæ нысаниуæгджындæр уацмыстæ, æрыгон нывгæнджытæн та горæт Мытищийы нывгæнæн ахуыргæнæндоны амыдта дæсныйады сусæгдзинæдтæ.

Цхинвайлæгтæ йын базонынц йе ‘рмдзæф

Æхсар бирæ азты кæуыл куыста, уыцы нывты ирдæй зынынц ахсджиаг темæтæ, кæцытæ æвдисæг сты нывгæнæджы миддуне æмæ æмбарынад. Гасситы Æхсары нывтæ кæцыфæнды адæймаджы дæр сæхимæ æлвасынц царды æцæгдзинад сæ кæй æвдисы, уымæй. Ис сын сæрибар æмæ уæрæх авналæнтæ, хицæн кæнынц хуызджын ахорæнты    руаджы. Уый уыд ахæм курдиаты хицау, кæцыйæн йæ уацмысты йæ бон уыд равдисын йæ зæрдæйы стыр рыст, дæсны уыд адæймаджы удмæ ныккæсын æмæ йæ афтæмæй равдисынмæ. Йæ аивад, æгæрыстæмæй, лирикон куыстыты дæр зыны тызмæгæй. Мингай адæймæгтæ стыр аргъ кæмæн кæнынц, йæ уыцы сфæлдыстад райгуырд трагикон жанры. Æппæт ацы сюжеттæ адæймаджы сæ фæдыл асайынц нывгæнæджы царды фæндæг­тæм.

Æхсар йе сфæлдыстадон куысты æххæст кодта иу ахсджиаг мисси – хæрзчысылæй йæ удмæ цы зындзинæдтæ æрхауд æмæ цы историон хъизæмæрттæн бафæрæзта, уыцы хæстытæ, æрдзон катаклизмтæ æмæ карз репресситæ йе ‘нкъараг зæрдæйы арф уидæгтæ кæй ауагътой æмæ йын æнцойад кæй нæ дæттой, уыцы хъæдгæмттæ ахорæнты æвзагæй раргом кæнын дунейæн. Уыдон та хуымæтæг нæ уыдысты æмæ уын бындæр сæ кой ракæндзыстæм.

Гасситы курдиатджын фырт уæззау æмæ трагикон темæтыл кæй куыста, уымæ гæсгæ йæ нæй схонæн пессимист, уымæн æмæ уыд тыхджын удыхъæды хицау. Æхсарæн стыр аргъ кæнынц нывкæнынады аивадон дунейы минæвæрттæ. Зындгонд аивадиртастджытæ æндæр æмæ æндæр азты уый тыххæй ныффыстой бирæ уацтæ. Нывгæнæджы куыстыты равдыстыты фæндæгтæ райдыдтой Хуссар Ирыстонæй æмæ бахæццæ сты суанг Европæмæ дæр. Йæ нывтæ æвæрд сты дунейы бирæ алыгъуызон музейты, уыдон нымæцы: горæт Нукусы И. В. Савицкийы номыл Каракалпагаг паддзахадон аивæдты музейы, Мæскуыйы Скæсæйнаг адæмты аивадты паддзахадон музей æмæ æндæрты.

 

Нывгæнæджы царды фæндæгтæ

Гасситы Æхсар Измаилы фырт райгуырд 1929 азы Хуссар Ирыстоны интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд куыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ректорæй, афтæ ма Цхинвалы Рухсады адæмон камиссариаты æмæ газет «Хурзæрин»-ы редакторæй дæр. Æхсарæн йæ мад та уыдис скъолайы директор. Зындгонд нывгæнæджы бинонтæ стыр æфхæрд баййæфтой 37-æм азты репресситы цæхæры. Йæ фыды йын уайтагъд æрцахстой æмæ йæ фехстой 1938 азы. Мады сбадын кодтой ахæстоны, зæгъгæ, у «адæмы знаджы» бинойнаг. Астаздзыд лæппуйы йæ фондзаздзыд хо Замирæ æмæ нанаимæ ратардтой сæ хæдзарæй НКВД-йы кусджытæ. Æфхæрд бинонты æхсæвиуат кæнынмæ сæхимæ æрбакодта сæ сыхаг Дзадтиатæй иу лæг. Уый æфхæрджытæн фидарæй загъта, зæгъæ, мын мæ бинонты иууылдæр куы амарат, уæддæр ацы рыстзæрдæ адæмы æз уынджы нæ ныууаддзæн.

Гасситы Æхсар йæ мысинæгты фæстæдæр куыд фыста, афтæмæй сæ хæдзары цы муртæ уыд, уыдон рудзгуытæй ракалдтой æдтæмæ æмæ хæдзар асæрибар кодтой.

«Абон дæр ма мæ цæстытыл уайынц, мæ фыды чингуытæ æдтæмæ куыд тахтысты æмæ зæххыл пырхæй куыд уыдысты, уый. Нæ хиуæттæ дæр нæм æххуысмæ æрбацæуын нæ бауæндыдысты, гъе, ахæм рæстæг уыд», – дзырдта уый.

Хæдзар куы сафтид, уæд дзы æрбынат кодта НКВД-йы фæдагурæг. Æхсары бинонтæ цал­дæр боны баззадысты сæ сыхæгтæм æмæ стæй рацыдысты сæ фарсмæ уынджы кæйдæр афтид ныккæндмæ æмæ уым фæцардысты 11 азы бæрц. Сывæллæттæ сæ ныййарджытæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ фыдцарды бонтæ æрвыстой хъизæмарæй. Ахæм уавæры сæ æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау дуг дæр. Кæм цардысты, уыцы ныккæнд уыд ахæм къаннæг æмæ дзы дыууæ сынтæджы нæ цыдис. Æхсар-иу фынæй кодта стъолыл. Ныккæндмæ бырыдысты мыстытæ æмæ цæмæй йæ хомæ ма бабырыдаиккой, уый тыххæй-иу æхсæв рæстмæ фынæй дæр нæ кодта. Цæмæй сывæллæттæ æххормаг ма уыдаиккой, уый тыххæй-иу йæ нана къуымбилæй сбыдта цъындатæ æмæ-иу сæ ауæй кодта. Чысыл лæппу йæ нанайы фыдæбон хорз кæй æмбæрста, уымæ гæсгæ агуырдта царды фæрæзтæ æмæ дыууадæсаздзыдæй райдыдта кусын колхозы. Уыцы рæстæджы фæзындысты æрыгон лæппуйы фыццаг нывтæ дæр. Йæ мадмæ-иу цы фыстæджытæ æрвыстой, уыдоны-иу сныв кодта йæхи, йæ хо æмæ йæ нанайы.

Ирвæзынгæнæг сфæлдыстад

Æхсары «троцкисты фырт» кæй хуыдтой, йæ сабийы бонты уæззау цард кæй кодта, уыдæттæ егъау трагикон æмæ негативон фæд ныууагътой нывгæнæджы сфæлдыстады. Йæ бирæ нывты адæмы рæгъмæ хæссы 1937-æм азты репресситы темæ. Йæ мад æмæ йæ фыдмæ  бирæ азты дæргъы кæй æнхъæлмæ каст, ныййарджыты  рæвдыд  кæй  агуырдта, уый дæр зыны йæ куыстыты. Æхсар кæддæриддæр æвæрдта фарст, зæгъгæ, цæмæн, цæй тыххæй баййæфтой æфхæрд сæ бинонтæ. Йæ зæрдæ рыст кæмæй уыдис, уыцы темæтыл ныффыста ахæм нывтæ: «За что?», «Выстрел в спину», «Расстрел», «Исповедь, «Ожидание. Бабушка», «Воспоминание», «Ожидание у моста», «Мальчик болеет» æмæ бирæ æндæртæ.

Гасситы Æхсар 1945 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз нысæнттимæ. Уый фæстæ фæлварæнтæ радта Мæскуыйы прикладон аивады институтмæ. Кæд Æхсармæ цы ‘мбæлдис, уыцы баллтæ райста, уæддæр æй нал бауагътой институтмæ, зæгъгæ, «адæмы знаджы» фырт кæй у, уый аххосагæн. Æрыгон лæппу уæд 1951 азы бацыдис Тбилисы нывгæнæн академимæ. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Аполлон Кутателадзе æмæ Васили Шухаев, уыдонмæ бахъахъхъæдта йæ дипломон куыст дæр. Уый фæстæ 60-æм азты йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Суриковы номыл институты цур аспирантурæйы. Уæд аивады андеграунд уыд йæ тæмæны (андеграунд – растад цензурæйы ныхмæ) æмæ Æхсар дæр æрбаиу ахæм хъуыдыйыл хæст нывгæнджытæм.

1956 азы нывгæнæджы бинонтæ реабилитацигонд æрцыдысты æмæ сын фæстæмæ радтой сæ фатер. Æхсар йæ ахуыры фæстæ Тбилисæй куы ‘рбаздæхт, уæд кæддæр горæты фæзуаты амбæлдис йæ фыды марæгыл. Æхсарæн йæ маст рафыхт, бацыдис æм æмæ йæ ком­коммæ бафарста, зæгъгæ, ды уыцы адæймаг нæ дæ. Йæ дзуаппы фæстæ лæппу дæр раргом кодта кæй фырт у, уый æмæ йæм бартхъирæнтæ кодта, кæй йæ амардзæнис, уымæй æмæ йын йæ цæсгомыл бату кодта. Курдиатджын нывгæнæг йе знаджы афтæ ныууагътаид, уый йæхицæн нæ барста æмæ-иу ыл куы амбæлд, уæд та иу ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта, йæ къухтæ бирæты ныййарджыты тугæй амæхст кæй сты, уый. Уæд, цалдæр боны фæстæ Æхсары фыды марæг зæрдæниз райста æмæ амардис. Уыцы рæстæджы нывгæнæг ныффыста Къубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы мотивтæм гæсгæ пьесæ, кæцыйы равдыста йæ цард.

Гасситы Æхсар ирон аивадон культурæйы традициты рæзтыл архайгæйæ, йæ зæгъинæгтæ загъта Ирыстоны уæззау царды фæндæгты тыххæй. Йæ уацмысты цыдæриддæр хорзæй сарæзта, уым зынынц йæ ирд курдиат, йæ арф хъуыдыкæнынад æмæ зонындзинæдтæ, йæ хъæздыг уды фарн æмæ йæ алыварс цыдæриддæр цыдис, уыдонмæ йæ ахаст.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.