Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæрмагонд скондæн, ведомствойы сырæзтыл 18 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Бæрæгбоны хæдразмæ паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта Æддагон развæдсгæрсты службæйы. «Зæрдæ-бынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы æдасдзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы. Æддагон развæдсгæрсты службæ у серьезон организаци, кæцыйы нысан у æддагон æдасдзинад ифтонг кæнын, развæдсгарæн архайд уадзын. Развæдсгæрсты кусджытæн тынг бирæ ахсджиаг æмæ хъæуæг информаци базонын бафтыд сæ къухы. Уæ архайды æндæр здæхтытæ дæр дзурæг сты кусджыты бæрзонд профессионализмыл», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы Æддагон развæдсгæрсты службæйæн сæ куыстмæ ноджыдæр бафтдзæн, уымæн æмæ æнæхæларадон паддзахадты ‘рдыгæй хи хæццæ кæныны цаутæ алы хатт дæр сырæзынц ахæм политикон процессты рæстæджы, куыд æвзæрстытæ, афтæ.

«Æввахс перспективæйы сымахæн уыдзæн бæрæг фылдæр куыст. Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг политикон процесстæм цымыдис кæнынц не знæгтæ дæр. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæг æндæвдад уыдзæн уыцы мадзæлтты ахасты, кæцытæ уагъд цæу-дзысты ам. Уыдон сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентон æвзæрстытæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый загъта, зæгъгæ, «ныридæгæн абон æмбæлон структурæты ауадзгæ анализтæм гæсгæ  республикæ æмæ йæ къухдариуæгады адресыл æппæт негативы 30 проценты цæуынц Гуырдзыстонæй». «Уыдон ирон сегменты хайад кæй исынц, уый дызæрдыггаг нæу. Хъыгагæн, иуæй-иу æмбæстæгты уырнынц уыцы æнæбындур публикацитæ. Æддагон развæдсгæрсты службæйы хæстæй иу у уыцы политикон процесстыл æндæвдад фæкъаддæр кæнын, кæцытæ гæнæн ис цæуой Гуырдзыстон æмæ æндæр æнæхæларадон паддзахадты ‘рдыгæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатолийы Æддагон развæдсгæрсты службæйы кусджытæн бафæндыд æнтыстытæ, профессионалон æмæ карьерон рæзт, бинонты фæрныгад. Æддагон развæдсгæрсты хуыздæр кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.