Кæронмæ бахæццæ РХИ-йы Президенты призтæ рамбулыны сæраппонд турнир футболæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уыцы боны цытæн. Хъæзтытæ райдыдтой 1-æм июнæй æмæ уæдæй фæстæмæ æрвылкъуырийы кæрон дæр уагъд цыдысты фембæлдтытæ. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ финалмæ ахызтысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ æмæ командæ «Борз». Финалон хъазтмæ æрбацыд паддзахады Сæргълæууæг  Гаглойты Алан.

Фембæлды фыццаг æмбисы хыгъд байгом кодтой ОМОН-ы хъазджытæ. Фæлæ хъазты дыккаг хай «Борз»-ы футболисттæн бантыст нырма хыгъд сæмхуызон кæнын æмæ уымæй 10 минуты фæстæдæр та дыккаг пурти бакъуырын. Кæй зæгъын æйы хъæуы, ОМОН-ы футболисттæ стыр тыхтæй абырстой размæ. Уыдис сын цалдæр хорз гæнæны пурти бакъуырынæн, фæлæ-иу куы пуртимæ хорз нæ фæцарæхстысты, куы та-иу «Борз»-ы къулдуаргæс ахъазыд тынг хорз. Афтæмæй хъазт дæр фæцис æмæ турниры сæйраг кубокы хицау ссис командæ «Борз». Уыдон сæйраг призæй æмæ æхцайы премийæ схорзæхджын кодта Президент Гаглойты Алан. Паддзахады сæргълæууæг ма æхцайы премитæ радта дыккаг бынат бацахсæг ОМОН-ы командæйæн.

Уыцы бон ма хъуамæ уыдаит æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд хъазт. Фæлæ командæтæ «Массив» æмæ «Дыргвис» сфæнд кодтой æртыккаг бынат адих кæнын. Уымæ гæсгæ æхцайы премитæ æмæ майдантæй хорзæхджын æрцыдысты дыууæ командæйы хъазджытæ дæр.

«Ерысты чидæриддæр хайад иста, уыдонæн арфæ кæнын. Ам сты кæстæр кары минæвæрттæ æмæ сын хъуамæ цæвиттон æвдисæм æмæ сæ спортыл цайдагъ кæнæм. Уæд нæ наци уыдзæн æнæниздæр», – банысан кодта Президент Гаглойты Алан.

Турниры уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы ма хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Гасситы Сослан, спорты фæдыл президенты æххуысгæнæг Зассеты Алан æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир Гæбæраты Алим.

Бæрæг ма æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Хуыздæр къулдуаргæс ссис Икъоты Иван (Борз), хуыздæр хъахъхъæнæгыл нымад æрцыд Дзигойты Вадим (Борз), хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæджы приз лæвæрд æрцыд Къадзты Михаилæн (ОМОН), хуыздæр размæбырсæджы приз райста Козаты Роналдо (Борз), хуыздæр бомбардир ссис Гуыбаты Хетæг (Дыргвис) æмæ хуыздæр ассистент та Гæбæраты Сергей (Массив).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.