Ацы аз уагъд æрцæудзæн Хæдбар футболон ассоциациты конфедерацийы (CONIFA) дунеон чемпионат. Турнир уагъд цæудзæн Цæгат Македонийы 30 майæ 7-æм июнмæ. Ацы бонты CONIFA йæ официалон сайтыл фехъусын кодта, зæгъгæ, чемпионатмæ уагъд  æрцыдысты 16 командæйы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ дунеон чемпионаты Европæйæ кæй архайдзысты æрмæстдæр 5 командæйы.Уыдон ‘хсæн ис 2019 азы Европæйы чемпион Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ. Хæлттæппæрсты фæстиуæгæн уый бахаудта къорд «D»-мæ. Ацы къордмæ ма бахаудтой Цæгат Аме-рикæйы уæвæг Каскадия. Википедияйы бæрæггæ-нæнтæм гæсгæ ацы бæстæйы цæры 15 милуан адæймаджы. Къорды æртыккаг командæ уыдзæн Азийы минæвар Японы иугонд корейæгты æмбырдгонд. Японы корейаг диаспорайы нымæц у 700 мин адæймаджы. Къорды 4-æм командæ та у африкæйаг континентæй Дарфур Юнайтед. Дарфур ис Суданы хурныгуылæн фарс æмæ дзы цæры 7 милуанæй фылдæр адæймаджы. Ацы командæимæ Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд хъазыд 2014 азы дунеон чемпионаты, кæцы уагъд цыд Швециаг Эстерсунды. Уæд хуссарирыстойнаг футболисттæ фæуæлахиз сты 19:0 хыгъдæй. Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, Дарфур уыдзæн хуыздæр цæттæ.

Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ, хъыгагæн, чемпионаты хайад кæй нæ райсдзæн æфсымæрон бæстæ Абхазы командæ. CONIFA-йы вице-президент Дмитрий Пагава куыд фехъусын кодта, афтæмæй турниры хайадисæг командæты нымæцмæ Абхазы командæ нæ бахауд ныллæг рейтинг ын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Зæгъгæ, кæд командæ фæстаг ерысты фыццаг кæнæ дыккаг бынат нæ бацахста, уæд хъуамæ йæхи активонæй æвдиса азы дæргъы æмæ уадза, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр квалификацион хъæзтытæ.

CONIFA арæзт æрцыд 2013 азы. Йæ сæйраг хæс у, цæмæй ФИФА-мæ цы бæстæты футболон федерацитæ нæ хауынц, уыдонæн уавæр уа дунейы æмвæзадыл хъазынæн. Йе сконды ис 58 уæнджы, кæцыты æдæппæтæй цæры 409 милуан адæймаджы.

Хуссар Ирыстоны командæ CONIFA-йы эгидæйы бын турниры фыццаг хатт хайад райста 2014 азы. Уæд Швецийы горæт Эстерсунды уагъд æрцыд дунеон чемпионт. 2017 азы та Цæгат Кипры хайад райста Европæйы чемпонаты. Дыууæ азы фæстæ та фæуæлахзиз Хæххон-Къарабахы уагъд æрцæуæг Европæйы чемпионаты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.