Милицийы æнахъомты фæдыл инспектортæ прокуратурæйы кусджытимæ иумæ фембæлдысты астæуккаг скъола «Эрудит»-ы хистæркъласонтимæ. Горæт Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали ахуырдзаутæн бæс-тонæй радзырдта фæткхалæн цауты æмæ фыдракæндты тыххæй, цал азæй фæстæмæ райдайынц æфхæрын закъоны фæлгæтты, цахæм фæстиуджытæ сын вæййы. Уымæй уæлдай ма сын бамбарын кодта æхсæнадон царды ныхмæ æууæлтæ, куыд æндавынц æрыгон адæймагыл æнæуаг митæ æмæ галиу æмбæлттæ.

«Алчидæр йæ рæдыдæн дзуапп дæтты йæхæдæг æмæ цалынмæ исты аразай, уæдмæ йыл хъуамæ ахъуыды кæнай. Кæд де ’мбал цыдæр раст нæ аразы, уæд ын æй хъуамæ зæгъай. Уымæй йæ ды бахиздзынæ фыдбылызæй æмæ дæ сомбон фæбузныг уыдзæнис, дæхицæй та сæрыстырæй баззайдзынæ. Стæй ма хъуамæ хъуыды кæнат уæ ныййарджытыл дæр, уе скъолайыл. Сымахыл худинаджы ном куы сбада, уæд уыцы номæй „хайджын“ уыдзысты уæ ныййарджытæ æмæ уæ ахуыргæнджытæ дæр. Æппынæдзух тырнут хорздзинад аразынмæ», — загъта Гатайты Лали.

Ахæм профилактикон мадзæлттæ ахъаз сты æвзæрдзинад къаддæр кæнынæн, æххæст ма кæнынц хъомыладон функци дæр.

Джиоты Алыксандр