20-æм ноябры, горæт Дзæуджыхъæуы фембæлд уыдис Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Анна Кузнецова æмæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæйæн. Хайад ма дзы райстой сæ цæгаттаг коллегæ Кокайты Артур, Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускаты Таймураз æмæ Ахуырады министр Азимова Ирина, афтæ ма социалон фадыджы бæрнон кусджытæ дæр. Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд æмгуысткæнынады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыныл. Ацы фембæлд кæд æмæ цæй тыххæй уагъд æрцыд, уый тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта нæ республикæйы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ.

– Уæрæсейы Федерацийы æппæт регионты скъолаты программæтæм фæнд кæнынц бахæссын «бинонты цард зоныны» фæдыл ахуырадон курс. Анна Кузнецовайæн йе ‘рцыды сæр дæр Дзæуджыхъæумæ уыдис раст уый тыххæй, цæмæй махимæ æрдзырдтаид ацы хъуыддаджы фæдыл. Ацы программæйы инициатор дæр у нæ уæрæсейаг коллегæ. Уый та, фыццаджыдæр, ахъаз уыдзæнис ахуырдзау фæсивæды æхсæн бинонты институт æмæ традицион æргъадтæ сфидар кæныны хъуыддагæн.

Уæрæсейаг омбудсмен Анна Кузнецовайы бахæсмæ гæсгæ æз дæр баконд æрцыдтæн уыцы кусæгон къордмæ, цæмæй хуыздæр базонгæ уыдаиккам фарстимæ. Ныртæккæ арæх сты къайад фехалыны цаутæ. Уымæй фехæлы бинонты цардуаг æмæ æвæрццагæй бандавы сывæллæтты хъомыладыл дæр. Уавæр хорз æмбаргæйæ, Уæрæсейы Федераци æппæт дæр аразы, цæмæй сæрмагонд программæтты æндæвдады руаджы фидардæр кæна бинонты институт. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз хъуыддаг у. Ирæтты менталитет бахынцгæйæ, Цæгат Ирыстон – Алани дæр хорзыл банымадта Анна Кузнецовайы ног программæ.

Фæстаг рæстæджыты нæ республикæйы куыст цæуы, цæмæй нæ ахуыргæнæн уагдæтты ахуырадон программæмæ хаст æрцæуой ирон культурæ, æгъдæуттæ æмæ традицитæ сахуыр кæныны курс. Уыдон не скъолаты куы райдайой ахуыр кæнын бæстонæй, уæд уый хорзæрдæм бандавдзæнис нæ сывæллæтты ахуыр-хъомыладон хъуыддагыл. Уымæн æмæ нæ ирон æгъдæутты ирдæй зыны  бинонты царды нысаниуæг æмæ йæ бынат æхсæнады. Махмæ тынг хорз æгъдæуттæ ис, кæстæры ахаст хистæртæм куыд хъуамæ уа, ныййарджытæн куыд кад кæнын хъæуы æмæ афтæ дарддæр. Иудзырдæй, мах хъæуы раздæхын нæ ирон æгъдæуттæм æмæ, мæнæ, цы ног программæйыл дзырдтам, уыцы программæйы дæр æххæст цæудзæнис», – загъта Козаты чызг.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сын Анна Кузнецова баныфсæвæрдта, йе ʻххуысы къух сæм кæй фæдаргъ кæндзæн æмæ сын кæй æххуыс кæндзæн сæ иумиагон хъуыддаджы, уымæй. «Нæ республикæйы цæрæг адæмæн сæ 90 проценты Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уый тыххæй æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй къухтæ æрфыстæуа æмгуысткæнынады фæдыл Сразыдзинадыл. Уыцы бадзырды фæлгæтты махæн уыдзæнис фадат, цæмæй реализаци цæуой конкретон проекттæ нæ республикæйы сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фадыджы», – банысан кодта Козаты Гульнарæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сразыдзинадыл къухтæ æрфысдзысты ног, 2018-æм азы.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.