Хуссар Ирыстонæн 23 ноябрь У Æхсардзинад, иудзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны символ

Æхсардзинад æмæ адæмты иудзинады бæрæгбоны нысаниуæджы тыххæй сæ хъуыдытæ дзурынц горæты цæрджытæй цалдæр.

Тедеты Фатимæ, хæдзарон æфсин:

– Æхсардзинад æмæ адæмты иудзинады бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис нæ республикæйы историйы, уымæн æмæ уыцы бон бындур æвæрд æрцыд нæ паддзахадон хæдбардзинадæн. Бындур та йын æрæвæрдтой, гуырдзиæгты колоннæйы раз фыццаг цы цалдæр лæппуйы æрлæууыдысты, уыдон. Уыцы лæппутæ цал уыдысты, уый тыххæй дæр алыгъуызон ныхæстæ цæуы, фæлæ цалфæнды ма уыдаиккой, уæддæр нæ фæтарстысты, кæд сæм хæцæнгарзы охыл къæцæл дæр нæ уыд, уæддæр æппæт гæрзифтонг гуырдзиаг фашистты ныхмæ æрлæууыдысты æмæ уымæй равдыстой ирон лæджы æхсар æмæ фидар удыхъæд. Лæдзгуытæ æмæ æфсæйнаг хъилтæ дæр, фæстæдæр чи æрбалыгъд, уыдонмæ уыд.

Харебаты Фаризæт, амалиуæггæнæг:

– 1989 азы 23 ноябры бон у Республикæ Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр бонтæй сæ иу. Уыцы бон у хуссайраг ирæтты ныхмæ Гуырдзыстоны радон геноциды райдиан æмæ нæ адæмы иудзинады бон. Уыцы бон нæ горæты цæрджытæ стырæй, чысылæй иууылдæр афæдис кодтой горæты æрба-хизæнмæ, гуырдзиаг æнæформалтыл «аккагæй сæмбæлыны» тыххæй.  Уымæй равдыстой иудзинад, фидар удыхъæд. Уыцы бонæй бæрæг уыд, ирон адæм æнцон басæттæн кæй не сты, фыдызнаджы ныхмæ удуæлдай тохы сæхи кæй нæ бааууон кæндзысты.

Тадтаты Ритæ, БТК-4 кусæг:

– Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы бирæ нысаниуæгджын цаутæ æрцыдысты, фæлæ дзы иууыл нысаниуæгджындæр, мæнмæ гæсгæ 1989 азы 23 ноябры цаутæ сты, уымæн æмæ уæды хуызæн æнгом æмæ æмзонд никуы уыдысты нæ адæм, уыцы бон ирдæй разынд, нæ тых иудзинады кæй ис.

Уыцы бон «сабырадон» митинг  уадзджыты ныхмæ сæ риуы ‘мбæрц цы лæппутæ æрлæууыдысты, уыдоны хъæбатырдзинадæн аргъ скæнæн нæй. Уыдон сæ цард дæр раттаиккой, фæлæ сæ горæтмæ нæ бауагътаиккой.  Уыцы лæппутæ куынæ уыдаиккой, уæд фашисттæ горæтмæ æрбаирвæзтаиккой. Уырны мæ,  асырдтаиккой сæ нæ хъайтар лæппутæ, фæлæ уæд тынг бирæ удызиæнттæ æрцыдаид нæ адæмыл. Нæ адæмы ахæм хъæбатырдзинæдтыл дзурын, фыссын хъæуы арæхдæр, бахæссын сæ хъæуы ахуыргæнæн чингуытæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной, уыцы хъæбатыртæ куыд тынг уарзынц сæ Райгуырæн бæстæ, æмæ сын аргъ кæной.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.