Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæлгæтты Президент Бибылты Анатоли фембæлд Уæрæсейы Федерацийы  Хуссар Ирыстоны минæварады кусджытимæ.

Ныхасы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта,  Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон боны фæткы параметртæ, республикæйы дæр æмæ æнæхъæн регионы дæр куыд сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант, афтæ Уæрæсейы роль бахахх кæнгæйæ, Уæрæсейы  Федерациимæ баввахс уæвыны Хуссар Ирыстоны æнæфæивгæ курс банысан кæнгæйæ.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн æмæ Минæварады дипломаттæн се ‘нтыстджын куысты тыххæй, фæндвидарæй банысан кодта республикæйы дипломатон миссийы дарддæры æнтыстытæ æмæ сын ныфс бавæрдта республикæйы къухдариуæгады æрдыгæй æппæтварсон æххуысæй.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.