РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы йæ сæргъ Битарты Вячеслав, афтæмæй, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны бæрæгбонмæ.

Президент раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 26 август у æппæт ирон адæмы бæрæгбон.

«Абон мах цы бæрæгбон нысан кæнæм, уый у иумиаг бæрæгбон нæ цæгатирыстойнаг æфсымæртимæ, кæцытæ æппæт дæргъвæтин азты дæргъы активон хайад истой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл тохты», – загъта уый.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъдæуыд Уæрæейы Федерацийы адресыл.

«Фæнды мæ уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын Уæрæсейы Федерацийæн, Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ адæмæн, ирон адæмы скуынæг кæнынæй кæй бахызтой, уый тыххæй. Мах зонæм ахæм цæвиттонтæ, ацæргæ адæймæгтæ-иу сæ хæдзæрттæ куы ауæй кодтой æмæ-иу сæ райсгæ фæрæзтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрæрвыстой», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, 9 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы райсгæ уынаффæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй республикæйæн уыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн.

«Абоны бон Уæрæсейы Федерацийы руаджы республикæ рæзы, æмæ цæрджыты цардуагон æмвæзад та фæхуыздæр», – банысан кодта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Хуссар Ирыстонæн бафæндыд дарддæры рæзт æмæ дидинæфтыд.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.