30-æм марты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлдис нæ горæты соматикон рынчындоны коллективимæ. Фембæлды ма хайад райстой нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Григорий Кулиджанов æмæ Тыбылты Леониды æууæнчы адæймаг Санахъоты Дауыт. Рынчындоны конференц-залмæ æрбацыдысты рынчындоны медперсонал.

Фембæлд бацæуæн ныхасæй байгом кодта Григорий Кулиджанов. Уый æрдзырдта медицинæйы къабазы фондз азы дæргъы цы ивындзинæдтæ æрцыдис, уыдон тыххæй. Ацы къабазы кусæджы астæуккаг мызд абон у 14 807 сомы, фондз азы размæ та уыдис 5 626 сомы. Фондз азы дæргъы нæ кусджыты мызд фæфылдæр ис æртæ хатты, уый та дзурæг у, бонæй бонмæ нæ куысты уавæртæ кæй кæнынц хуыздæр  загъта Æнæниздзинад æмæ социалон рæз-ты министр. Уый ма йæ раныхасы æрдзырдта фæстаг азты медицинæйы къабазы бирæ объекттæ арæзт кæй цæуы. Æрмæстдæр рынчындоны территорийыл цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон сты иу миллиард æмæ æрдæджы аргъæй фылдæр.

Æрæмбырдуæвджыты раз ма раныхас кодта æмæ Президенты бынатмæ кандидат Тыбылты Леониды тыххæй йæ хъуыдытæ загъта йæ æууæнчы адæймаг Санахъоты Дауыт. Уый æрдзырдта, саразын ын цы бантыстис, уыдæттыл, нæ адæмы кæрæдзимæ кæй æрбангом кодта æмæ абоны онг дæр кæй архайы уыцы хъуыддагыл, йæ фарсмæ цы адæм æрбалæууыдысты, уыдон сæ куыстыл, куыд фæтых сты, уыдæттыл.

Йæ раныхасы ма банысан кодта, Уæрæсе нæ республикæйæн цас æххуыс кæны, нæ горæт йæ хуыз куыд фæивта, адæм спорты хуызтæм сæ хъус куыд аздæхтой. Уый та нысан кæны нæ цард хуыздæрырдæм кæй ивы.

Нæ республикæйы Президенты куысты ма хорзыл банымадта, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадимæ йын хъарм ахастытæ кæй ис, æмæ кæрæдзийыл кæй æууæндынц. Финансон системæ дæр æрбæстон кодта, зæгъгæ, нæм арæзт æрцыдис республикон къазначейство, финансты министрады куыст дæр йæ къахыл слæууын кодта, афтæ ма ноджы бирæ æндæр размæцыды хъуыддæгтыл æрдзырдта Президенты бынатмæ кандидат Тыбылты Леониды æууæнчы адæймаг Санахъоты Дауыт.

РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид та нæ рынчындоны медицинон персоналы раз загъта ахæм хъуыдытæ:

– Æз абон уæ разы ныхас кæнын, фыццаджыдæр, куыд архайæг Президент æмæ куыд ног æмгъуыдмæ Президенты бынатмæ кандидат афтæ. Дыккаг та мæ фæнды æрныхас кæнын, фондз азы размæ адæймаг президенты бынатмæ æвзæрст куы æрцыдтæн, уæд цы хæстæ æрæвæрд-там мæ командæимæ, уыдоныл куыд фæтых стæм, ууыл.

Ацы фарстæн дзуапп радтын æнæмæнг хъæуы. Æз ацы фарстæн ратдзынæн ахæм дзуапп, – нæ программæйыл бирæбæрцæй мах фæтых стæм фондз азы дæргъы. Нæ разы цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон иууылдæр сæххæст кодтам, уый раст хъуыды нæ уыдзæнис. Уымæн æмæ йæ уæхæдæг уынут аразинаг ма нын цы баззадис. Фæлæ уал арæзт цы æрцыдис, уый дæр мæ разæнгард кæны дыккаг æмгъуыдмæ бацæуынæн.

Фондз азы дæргъы æз цы бирæнымæц адæмимæ æмбæлдтæн, мæ куысты цы фæндæгтыл рацыдтæн, уый руаджы райстон фæлтæрд-дзинад. Æмæ ма нын аразинаг цы баззадис, уый дæр мын хорз зындгонд у.

Нæ куысты нын саразын цы бантыстис, уымæ гæсгæ ныл Уæрæсейы Хицауад дæр се ‘ууæнк бафтыдтой. Уый тыххæй мæ бон зæгъын у уый, æмæ Уæрæсейы Нымайæн палатæ нæ цал хатты бабæрæг кодта, уал хатты-иу йæ куысты фæстиуджыты банысан кодта, цы ‘хцайы фæрæзтæ сын æрцæуы хицæнгонд, уыдон, зæгъгæ, нысанмæздæхтæй хардз æрцæуынц.

2008 азæй 2012 азы райдайæнмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн рахицæнгонд æрцыдысты 17 миллиард сомы. 2012  азы дыккаг æмбисæй 2017 азмæ та рахицæнгонд æрцыдысты 14 миллиард сомæй фылдæр. Æппæт ацы æхцайы фæрæзтæ хардз æрцыдысты æндидзынад æмæ арæзтадыл.

Æз уал цæвиттонæн æрхæсдзынæн нæ медицинон объекттæй сæ иу – сывæллæтты реабилитацион центр. Уый æнгæс объект Уæрæсейы бирæ субъектты нырма нæдæр ис. Ныр та нæ хæс у уый æмæ йæ æппæт ифтонггæрзтæ æмæ специалисттæй сифтонг кæнæм æмæ нæ сывæллæттæн бынаты æмбæлон медицинон æххуыс кæнæм.

Абоны онг уал нын бантыстис 434 объекты саразын, фæлæ куыд уынæм, афтæмæй нырма сæдæгай    объекттæ та аразинаг сты. Бирæ объекттæ æнæ сметæйон гæххæттытæм гæсгæ арæзт кæй цыдысты, æмæ æрдæг арæзтæй кæй баззадысты, уый тыххæй сыл баконд æрцыд 70 уголовон хъуыддаджы бæрц.

Фехъусæн вæййы ахæм æппæрццаг хъуыды дæр, зæгъгæ, нæ республикæйы цард иу ран лæууы, фæлæ мæнмæ уый раст нæ кæсы. Уымæн æмæ нын нæ куыстæн хорз аргъ скæнынц Уæрæсейы ‘рдыгæй нæм сæ хъус чи дары, уыцы адæймæгтæ, куыд, зæгъæм, Лев Кузнецов, Александр Хлопонин, Владислав Сурков æмæ Рашид Нургалиев.

Ныр та мæ фæнды æвзæрстыты тыххæй зæгъын. Кæд æвзæрстыты агъоммæ сæрмагонд программæтыл бакусæм, уæддæр уыдонæй иууыл сæйрагдæр у Инвестпрограммæ. Махæн ацы программæйы фæлгæтты нæ республикæйы бирæнымæц объекттæ бантыст саразын. Ныр дæр та радон Инвестпрограммæйыл куыст цæуы. Бирæтæ нын нæ куыст сфаудтой, зæгъгæ, уал фыццаг рады цæрæн хæдзæрттæ хъæуы аразын. Уыцы уайдзæф дæр раст у, фæлæ паддзахады рæзтæн фыццаг рады æнæмæнгхъæуæг вæййынц социалон нысаниуæгджын объекттæ.

Афтæ ма Тыбылты Леонид æрдзырдта нæ республикæмæ хауæг æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Фембæлды рæстæджы йын йæ æрбацыды тыххæй  бузныджы ныхæстæ загъта рынчындоны сæйраг дохтыр Кокойты Маирбег. Уый фæстæ бахатыдис нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонидмæ, цæмæй сын рынчындоны территорийыл тренажерон зал саразынæн баххуыс кæна, бахатыдис ма йæм ноджы æндæр фарстаты тыххæй дæр.

Кæронбæттæны ма нæ республикæйы Президентмæ рынчындоны медицинон персонал лæвæрдтой фарстатæ æмæ сын райстой æмбæлон дзуаппытæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.