Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорæн уыд пресс-конференци, цыран уый фехъусын кодта, дæс мæйы дæргъы республикæйы  цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдонæй цал раргом чындæуыд æмæ журналистты цы фарстатæ цымыдис кодтой, уыдоны тыххæй.

Наниты Игоры ныхæстæм гæсгæ, дæс мæйы дæргъы республикæйы æрцыд 139 фыдракæнды, уыдонæй раргом æрцыд 110. Фаронимæ абаргæйæ фыдракæндты нымæц у къаддæр. Зæгъæм, фарон ацы æмгъуыдмæ регистраци æрцыд 173 фыдракæнды, уыдонæй раргом 128. Уæдæ зæгъæн ис, фыдракæндты æмвæзад кæй фæкъаддæр.

Фæкъаддæр сты лæгмарды, давыны, тыхæй исыны, адæймаджы давыны, искæй фæрæзтæ расайыны, фыднад фæкæныны цаутæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, фароны ацы рæстæгимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты фæндагон-транспортон æмæ фæндагыл цæуыны фæткойтæ халыны цаутæ дæр.

«Ацы аз 10 мæйы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыд 118 фæндагон-транспортон цауы, уыдонæй 85 уыдысты чысыл аваритæ, кæцыты рæстæджы автомашинæтæ баййæфтой механикон æфхæрд, фæцæфтæ сты 42 адæймаджы. Хъыгагæн, æрæджы дæр фæндагон-транс-портон цауы  рæстæджы æрцыд уды зиан», – фехъусын кодта Наниты Игорь. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фарон дæс мæймæ регистраци æрцыд 145 фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæстиуæгæн фæмард 13 адæймаджы.

Министры ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æдасдзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн мидхъуыд-дæгты органты æрдыгæй ист цæуынц мадзæлттæ. Республикæйы фæндæгтыл æдасдзинад у приоритетон æмæ йыл æдзухæй хъæуы кусын. Уый фæстиуæгæн автоинспектортæ æмæ милицийы сæрмагонд дæлхæйттæ æдзухæй уадзынц рейдон мадзæлттæ.

Министр дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз республикæйы уагъдцæуæг 141 мадзалы рæстæджы  министрады кусджыты иу хай хъахъхъæдтой барвæтк.

Наниты Игорь банысан кодта Мидхъуыддæгты министрады Наркотикон буарадты æнæ закъонон æрзылды фæдыл управленийы куыст дæр.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты минис-трады Наркотикон буарадты æнæзакъонон æрзылды фæдыл управлени 2019 азы  дæс мæйы æмгъуыдмæ сбæрæг кодта наркотиктæ уæй кæнынимæ баст 20 фыдракæнды, уыдонæй раргом 17. Фарон дæр ацы хуыз фыдракæндæй регистраци æрцыд 20 фыдракæнды,  кæцытæй раргом 18», – банысан кодта Наниты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Управленийы кусджытæ уагътой профилактикон мадзæлттæ, кæцытæ здæхт уыдысты, наркотикон буарад кæм ис, ахæм кæрдæг скуынæг кæнынмæ. Республикæйы районты  куынæг æрцыд гæны  2000 къутæры.

«Нæ хæс у, наркотикон буарадтæ чи парахат кæны, уыдоны бæрндзинадмæ æркæнын. Мах ууыл кусæм. Нæ разы ис конкретон хæслæвæрдтæ æмæ плæнттæ. Министрад наркотиктæ æмæ алькоголы тыххæй скъоладзаутимæ профилактикон мадзæлттæ кæй уагъта, уый фæстиуæгæн сын Ахуырады министрад загъта бузныджы ныхæстæ», – банысан кодта министр.

Тох цæуы «снюс» æмæ «насвай»-ы республикæмæ чи ласы, чи сæ æлхæны æмæ сæ парахат кæны, уыдоны ныхмæ дæр. Уый тыххæй административон бæрндзинадмæ æркондæуыд 12 адæймаджы, æртæ адæймагыл та бакондæуыд уголовон хъуыддæгтæ.

Министр ма фехъусын кодта, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй чи фæмард, уыдон бинонтæн цы  æххуыс бакондæуыд, уый тыххæй дæр.

«2012 азæй фæстæмæ  барадхъахъхъæнæг органты кусджытæй сæ бæрны уæвæг хæстæ æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыдонæй  43 бинонтæн бафыстæуыд æхцайы компенсаци 600 сомæй иу милуаны онг, цы хæстæ æххæст кодтой æмæ сын цы чин уыд, уый бахынцгæйæ», – банысан кодта Наниты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы компенсацитæ лæвæрд æрцыдысты уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуысткæнынады  руаджы æмæ республикæйы къухдариуæгады æххуысæй.

Министр радзырдта Информацион-координацион центры тыххæй дæр. Куыд банысан кодта, афтæмæй Информацион-координацион центр цытджын æгъдауæй бакондæуыд 2018 азы, ацы аз та райдыдта дыккаг этапы арæзтад, кæцыйы фæлгæтты арæзт æрцæудзæн, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадæй командировкæйы чи æрцæуы, уыдонæн цæрæн комплекс.

«Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы барадхъахъхъæнæг органтæ иумиагæй цы Информацион-координацион центр сарæзтой, ахæм механизмы сырæзт у фыццаг цау, кæцыйæн нæй аналог постсоветон тыгъдады. Æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны территорийыл æххæст хъомысæй архайы ахæм центр. Йæ куысты фæстиуджытæ сты æвæрццаг.  Уым экспертизæтæ аразынц æппæт хуызтæй дæр. Ведомствойы кусынц бæрзондквалификациджын специалисттæ Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадтæй», – банысан кодта Наниты Игорь.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй центр бирæ кусы, республикæйæн æддæмæ чи алыгъд æмæ чи æмбæхсы, уыцы фыдгæнджыты агурын æмæ сын сæ фыдракæндтæ сбæрæг кæныныл. Центры архайд хорзæрдæм æндавы барадхъахъхъæнæг органты эффективон куыстыл.

Æрæджы, депутатты иу къорд Наниты Игорæн æнæууæнкдзинады вотум рахæссынмæ кæй хъавыдысты, уый тыххæй та министр банысан кодта, зæгъгæ, йын бирæ куыст кæй ис, уый тыххæй йын рæстæг нæй, Парламенты цы цæуы, уымæ хъус дарынæн.

«Депутаттæ йæ хуыздæр зонынц, цы аразой, цахæм закъæттæ исой. Мæ хæс нæу сæ архайдæн, сæ объективондзинадæн сын аргъ кæнын. Æз мæ куыст кæнын, куыд æмбæлы, афтæ», – бахахх кодта министр.

Программæ «Æдас горæт»-ы тыххæй та министр банысан кодта, зæгъгæ, уыцы программæ стыр у. Уымæ хауынц видеокамерæтæ, светофортæ, уæлæмхас светофортимæ сидæн пульттæ бакæнын, фистæгæйцæуджытæн фæндагон нысæнттæ.

«Цæмæй æнæхъæн республикæ сифтонг кæнай уыцы ифтонггæрзтæй, уый тыххæй хъæуы 300 милуанæй фылдæр финанстæ. Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадимæ сразыдзинады фæлгæтты мах фылдæрæй-фылдæр кæнæм программæйы реализацийы гуырахст. Нæ уæрæсейаг кол-легæты æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы æххуысæй программæ кæронмæ бакæндзыстæм», – банысан кодта Наниты Игорь.

УФ æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты ‘хсæн сразыдзинады фæлгæтты ауагъдæуыд министрады структурæйы штатон оптимизаци. Нанийы фырт куыд баны-сан кодта, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æнæ фæрисгæ нæ ацæуынц, фæлæ æппæт тыхтæй дæр бацархайдæуыд, цæмæй министрады иунæг кусæгæн дæр йæ бартæ дæлдзиныг ма æрцæуой. Оптимизацигонд æрцыдысты æнæведомствойон хъахъхъæнынады батальонтæ. Сæ иу хай баконд æрцыд Мидхъуыддæгты министрады вакантон бынæттæм, иннæтæ та куыстæй ифтонг æрцыдысты ПУК «Ирбис»-ы, цыран исынц цалдæр хатты фылдæр мызд. Пенсийы кары чи уыд, уыдон та райсынц хорз пенси. Пенсийы ацæугæйæ сын бафидынц пособи 100 минæй 200 минмæ, цы бынаты кусы, цы чин ын ис æмæ йæ куысты стажмæ гæсгæ. Уымæй дарддæр ма сын алы паддзахадон хорзæхты тыххæй дæр  фыстæуы 15-20 мин сомы», – бамбарын кодта Наниты Игорь.

Уæрæсеимæ сразыдзинады фæлгæтты ведомство æрæ-джы райста 81 службæйон машинæйы, кæцытæ дихгонд æрцыдысты Мидхъуыддæгты министрады æппæт управлениты хайадты спецдæлхæйттыл.

Наниты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ног автотранспорт кæй райстой æмæ материалон-техникон уавæр кæй фæхуыздæр, уый хорзæрдæм бандæвта министрады куыстыл.

Журналистты цымыдис кодта, ацы аз йæ дæлбар ведомст-войы куыстæн Наниты Игорь цы нысан нывæрдзæн, уый.

«Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн сæ куыст ва-зыгджын у. Статистикæ куыд уынын кæны, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ, ныллæгдæр кæны фыдракæндты тенденци. Фæлæ нырма мæ ведомствойы куыстæн «рæстæмбис» нысанæй фылдæр нывæрын мæ бон нæу. Уый у хицауады органты Парламенты æмæ æхсæнады прерогативæ», – банысан кодта министр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.