Фæззæгæй фæстæмæ нæ республикæйы цы æндыгъд æхсæнадон-политикон уавæр ис, уый æндавы куыд республикæйы политикон, афтæ цæрджыты социалон уавæрыл дæр. Кæд ныры онг не ‘мбæстæгтæй бирæтæм раст каст Парламенты депутатты иу къорды бойкот, уæд ныр уыцы фарсхæцджыты нымæц уалдзыгон митау тайы.

Рухсаг уæд Дзабиты Инал, йæ амæлæтæй уый фæриссын кодта, не ‘мбæстæгтæй йæ чи зыдта æмæ нæ зыдта, уыдонæй алкæйы зæрдæтæ дæр. Горæты цæрджытæн сæ фылдæр ба­лæууыдысты зианджын бинонты фарсмæ, Театралон фæзуаты æнæсанкцион митингтæ куы уагътой, уæд. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ æхсæвæй бонæй семæ дих кодтой маст дæр æмæ зындзинæдтæ дæр.

Уавæрæй спайда кæныны фадат фæхатгæйæ, депутатты иу къорд, цыма, сæ зæрдæтæм «тынгдæр айстой» Дзабиты бинонты трагеди, уыйау сфæнд кодтой уавæр «рараст» кæнын, æмæ аскъуыддзаг кодтой, цалынмæ республикæйы Генпрокурор отставкæйы ацæуа, уæдмæ Парламенты куыст æруромын. Æмæ ныр цалдæр мæйы нæ республикæйы дыккаг хицауиуæгады куыст «нындзыг», сесситæ уагъд нæ цæуынц, райсинаг закъæттæ ист кæй не ‘рцыдысты, уый æвзæрæрдæм бандæвта цæрджыты иу хайы цардуагыл – кæцыдæр организациты кусджытæ нæ райстой сæ мыздтæ.

Республикæйы Пенсион фонды хистæр Тасойты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, «бынæттон пенси чи исы, уыдоны нымæц у 5037 адæймаджы. Парламент бюджет кæй нæ исы, уый фæстиуæгæн уыдон сæ пенситæ нæ райстой. Уый тыххæй æрвылбон дæр къордгæйттæй цæуынц æмæ домынц се ‘хцайы фæрæзтæ. Фонды сæргълæууæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй пенситæ паддзахадон фондæй фыст кæй цæуынц, уый тыххæй нæ хауынц хъахъхъæдгонд статьямæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уавæр нæ цæуы Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады зæрдæмæ дæр æмæ æрæджы уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрæрвыстой авторитетон делегаци УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачевы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты УФ Паддзахадон Думæйы дыууæ палатæйы минæвæрттæ. Кæд се ‘рцыды мидис уыд дыууæ бæстæйы æхсæнпарламентон къамисы куыст сног кæнын, уæддæр балцы сæйраг нысан уыд республикæйы æхсæнадон-политикон кризис бынаты бабæрæг кæнын æмæ оппозицион депутаттæн Уæрæсейы позици бамбарын кæнын. Уæрæсейаг сенатортæ сæ позици тыхæй нæ хъардтой, фæлæ йæ æргомæй загътой, ома, цæмæй хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæн цæлхдуртæ æвæрд ма цæуа, уый тыххæй æххæстхъомысæй хъуамæ скуса РХИ-йы Парламент, ист цæуой закъæттæ æмæ закъæттæм æмбæлон барасткæнинæгтæ.

Фæлæ та ам дæр фæзынд ахæмтæ, кæцыты нæ бафæндыд уæрæсейаг позици бамбарын æмæ оппозиционертæй сæ иу «Эхо Кавказа»-йæн фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг делегацийы æрдыгæй ницы амындтытæ кæнæ рекомендацитæ уыд кризис аиуварс кæныны æмæ Парламенты куыст сног кæныны тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ та уæрæсейаг парламентаритæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн загътой, зæгъгæ, «Парламенты куыст æруромын раст нæу, афтæ гæнæн нæй, Уæрæсейы афтæ нæ кæнынц, партнертæн цæлхдуртæ не ‘вæрынц». Уæдæ ма æндæр цы зæгъой, æнæмæнг гукк ныккæной? Абон нæ республикæйы цы кризис сæвзæрд, уымæй уыцы Уæрæсейæн, кæцы 2008 азы августы скуынæгæй бахъахъхъæдта нæ адæмы, æппæт дунейы ныхмæ рацыд æмæ банымадта нæ паддзахадон хæдбардзинад, кæцыйы фæрцы абон цæрæм сабырæй, йæ разы йын æвæрæм цæлхдуртæ, æппарæм æй йæ ныхмæлæууæг дунейы цæсты.

Ацы хатт дæр та нæ диссаг айхъуыст дунетæм. Нæ хуссайраг сыхæгты фæндиаг нæхи кæнæм, æниу сæ фæндиаг нæ, фæлæ сын сæ куыроймæ дон уадзæм. Нæхи аххосæй нæ паддзахиуæгады авторитет знæгты къæхты бынмæ æппарæм. Нæ цардбæллон хæстон хъæбултæ сæ цард цы хæдбардзинадæн снывонд кодтой, уый былæй аппарынæввонгмæ æркодтам. Худæгæй ныл амæлынц «нæ хорзмæбæлджытæ», куы фехъусынц, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сесси та нæ уыд, депутаттæ йæм кæй не ‘рбацыдысты, уый аххосæй.

Алцæмæн дæр фæтк, æгъдау æмæ æмгъуыд ис. Æддагоны цæстæй ма æрбакæсæм нæхимæ, кæддæра нæ архайдæн цы аргъ скæниккам?! Фаг у протесттæ æмæ бойкоттæ кæнынæн, ныууадзæм нæ хисæрмагонд амбицитæ æмæ æрæвналæм нæ бæрны уæвæг хæстæ æххæст кæнынмæ. Афтæ куы саразæм, рæстагонтæ дæр æмæ патриоттæ дæр уæд уыдзыстæм.

***

Фаг у! Ахæм нысанимæ знон Парламенты æмбырдгæнæн залмæ æрæмбырд сты нæ республикæйы æмбæстæгтæ. Ардæм се ‘нæразыдзинад равдисыны тыххæй цы адæм æрбацыд, уыдонæн сæ фылдæр хайы бахъуыд фæстæмæ аздæхыны сæр, Парламенты æмбырдтæуадзæн залы сын бынæттæ кæй не сфаг, уымæ гæсгæ.

Æрæмбырдуæвæг адæмы раз раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ æмæ лæмбынæг бамбарын кодта адæмæн, депутатты иу къорд куыстмæ куынæ рахизой, бюджет, пенсион фонды закъон æмæ æндæр закъæттæм баххæсткæнинæгтæ куынæ райсой, уæд нæм тагъд рæстæджы кæй æнхъæлмæ кæсы æппæт финансон системæйы æндзыгдзинад, хуымæтæгдæр ныхæстæй: адæмæн нал уыдзæн сæ пенситæ æмæ мыздтæ райсыны фадат. Ахæм уыд сæ раныхæсты хъуыды Пенсион фонды минæварæн дæр æмæ иннæ бæрнон бынæтты кусджытæн дæр. Æхсæнады номæй раныхасгæнджытæ – Абайты Владимир, Чехойты Уасил æмæ æндæртæн та сæ раныхæсты иумæйаг позици уыд: фаг уын у, бойкотгæнджытæ, ныууадзут нæ нæ мæгуырыл, ма нын халут нæ паддзахады бындур. Кæй фæнды кусын, уый фæрнæй кусæд, кæй нæ фæнды, уый йæ хæдзары сбадæд æмæ кусын кæй фæнды, уыдоны ма хъыгдарæд, нæ цард нын ма æнад кæнæд, не знæгты цæсты нæ мауал æфтауæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.