Мæ зынаргъ адæм!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн депутатты иу къорд цы проблемæтæ сарæзтой, уыдон æмæ уыдоны фæстиуæгæн сæвзæргæ проблемæтæ хынцгæйæ сидын ахæм архайдмæ.

14 депутаты фидарæй афтæ кæй зæгъынц, зæгъгæ, республикæйы проблемæтæ нæй,  æппæт бафыстытæ, пенситæ æмæ куыстмыздтæ адæмы фæрныгадыл нæ бандавдзысты æмæ цæттæ стæм адæмæн баххуыс кæнынмæ, уымæн мах не ‘ппæт дæр æвдисæн стæм, куыд цæуынц фадгуытæм æмæ куыд дзырдтой фæзуаты ныфсæвæрдтимæ.

Æз, куыд хæрзаудæн фонд «Иумæ»-йы сæрдар, афтæ сидын уыцы адæммæ, кæцытæ бахатыдысты мæ фондмæ æххуысы тыххæй, афтæ ма мæ куырдтой,  сæ куырдиæттæ сын Президент Бибылты Анатолимæ фæхæццæ кæнын дæр, цæмæй сын баххуыс кæна финансон фæрæзтæй, раива сын сæ хæдзæртты агъуыстытæ, се ‘нæниздзинады тыххæй æххуыс, сахъат сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй, афтæ алыгъуызон низтæй рынчын чи у, уыцы кардзыд адæмæн баххуыс кæныны тыххæй дæр, иугæр Паддзахад Аланийæн йæ «кислород æрæхгæдтой» æмæ цалдæр мин адæймаджы Санахъоты Дауыт æмæ иннæ 13 депутаты фæрцы баззадысты æнæхъусдард æмæ æххуысхъуагæй, уæд уæ дарддæр æрвитдзы-нæн Парламентмæ.

Мæ зынаргъ адæм, сымахæн сæрибарæй уæ бон у бахатат Парламентмæ æмæ сæ æрдомат æххуыс, иугæр уый сæхи къухæй арæзт æрцыдис, уæд.

Æмæ иугæр уыдон уырнын кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн, кæй сын баххуыс кæндзысты, уый тыххæй, уæд бакæсæм, цал адæймагæн баххуыс кæндзысты, цал адæймаджы арвитдзысты хос кæнынмæ, цал хæдзары сараздзысты программæмæ гæсгæ, Бибылты Анатоли куыд кодта æмæ кæны, афтæ.

Мæ зынаргъ адæм!

Хатут Парламентмæ, сымахæн бар ис, цæмæй домат æххуыс, кæй равзæрстат, уыцы адæмæн сæхицæй.

Уыдоны мах равзæрстам, цæмæй кусой æмæ æххуыс кæной æнæхъæн республикæйæн æмæ нын бар ис, цæмæй сæ домæм.

Битарты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.