Абоны онг Хуссар Ирыстоны æфснайд æрцыд 400 гектары нæмыгон культурæты тыллæг, – фехъусын кодта РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады зайæгойкуыст æмæ механизацийы управленийы хистæр Мулдарты Игорь.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, тыллæгæфснайæн куыстытæ райдыдтой иу къуырийы размæ æмæ цæуынц фæтыхджындæргонд режимы.

«Куыстыты архайныц нæмыгон культурæтæ æфснайæн техникæйы аст иуæджы: Знауыры районы – 4 комбайны, иу комбайн – Цхинвалы районы æмæ æртæ комбайны та – Ленингоры районы», – банысан кодта Хъæууон хæдзарады министрады минæвар.

Комбайнертæ быдырты кусынц æрвылбон дæр, фæлæ уæддæр, Мулдарты Игоры ныхæстæм гæсгæ, тыллæгæфснайæн æмгъуыдтæ бафæстиат вæййынц нæмыгон культуртæ æфснайæн техникæйы хъуагдзинады аххосæй.

«Республикæйы хъæуы бафснайын 2500 гектары  нæмыгонтæ. Сæйраджыдæр уыдон сты  фæззыгæд мæнæу, уалдзыгæнд хъæбæрхор, уалдзыгæнд сысджы æмæ уалдзыгæнд мæнæу», – загъта Мулдарты Игорь.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ивгъуыд азимæ абаргæйæ фæззыгæнд мæнæу байтыд æрцыд 150 гектары фылдæр, фæлæ сæйраджы байтыдтыты фæзуат ивд нæ цæуы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.