(У. Шекспиры райгуырдыл сæххæст 460 азы)

Бирæвæрсыг у гениалон драматург Уильям Шекспиры сфæлдыстад. Уый йæ алыгъуызон драмæты равдыста йæ дуджы цард, дзыллæты тырнындзинад сæрибармæ, адæймаджы бартыл тохмæ.
Уильям Шекспир йе сфæлдыстадон куыст райдыдта сонеттæ æмæ æмдзæвгæтæ фыссынæй. Афтæ кодтой дунейы зындгонд фысджытæ се`ппæт дæр.
Шекспир цы рæстæджы цард, уымæй кæд æнустæ рацыд, уæддæр дунейы нæма ис Шекспиры æмрæнхъ кæй æрæвæрæм, ахæм драматург. Уымæн йæ драматикон уацмыстæ æвæрд кæм нæ цæуынц, ахæм бæстæ зын ссарæн у.
Махмæ, Ирыстоны дæр, ын ратæлмац кодтой цалдæр трагеди æмæ комедийы. Æмæ æнтысгæйæ æвæрд цыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны театрты сценæтыл.
1940-41 азы театралон сезоны Шекспиры трагеди “Отелло” фыццаг хатт æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сценæйыл. Сæвæрдта йæ В.Фотиев æмæ Отеллойы ролы ирон сценæйыл фыццаг хатт ахъазыд ССР Цæдисы адæмон артист Тæбæхсауты Бало. Уый нымад цæуы, Отеллойы роль дунейы иууыл хуыздæр чи сæххæст кодта, уыцы артисттæй сæ иуыл. Балойы Отеллойы ролы иттæг хорз æххæстгæнæгæй зыдтой канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Шекспиры æмбæстаг Лесли Крэдленду фыста: ”Иу хатт изæрæй, 1953 азы декабры, æз бадтæн Лондонæй цалдæр мин милы æддæдæр, адæмæй къухбакæнæн кæм нæ уыд, ахæм залы. Уым æз кастæн Шекспиры “Отелло”-мæ. Уым дзырдтой, æз æппындæр кæй не `мбæрстон, ахæм æвзагыл. Хорз уыдысты кос­тюмтæ дæр æмæ декорацитæ дæр, фæлæ йæ хъазæг та иууыл диссаг уыд. Уый дзырдта, Цæгат Ирыстоны драмон театры сценæйыл “Отелло” куы æвдыстой, æмæ дзы Тæбæхсауты Бало куы хъазыд, уæд.
1941-42 азы театралон сезоны Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры Ленинграды А. Островскийы номыл театралон институт кастфæуæг фæсивæд кусын куы райдыдтой, уæд семæ æрластой цыппар спектаклы. Уыдон æхсæн уыд Шекспиры “Отелло” дæр. Отеллойы ролы хъазыд Жажиты Андрей, Ягойы ролы та хъазыд ГССР сгуыхт артист Гæззаты Степан, Дездемонæйы ролы – Магкоты Н. Уыцы азтæй фæстæмæ ирон театр йæ хъус дарын райдыдта Шекспиры трагедитæ æмæ комедитæ сценæйыл æвæрынмæ. Фæлæ йæ уацмыстæ ирон сценæйыл иууыл фылдæр сæвæрдта Цæгат Ирыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл драмон театр. Зæгъæм, 1947-48 азты театралон сезоны Дзæуджыхъæуы сæвæрдтой Шекспиры трагеди “Король Лир”. Уым дæр Лиры ролы хъазыд Бало. Трагеди сæвæрдта Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Е.Маркова.
1960 азы Мæскуыйы Моссоветы номыл театры Тæбæхсауты Бало Отеллойы ролы йæ хъазтæй мæскуыйæгты бафтыдта дисы. Ирон театры сценæйвл ма æвæрд æрцыд 1955-56 азты театралон сезоны Шекспиры комеди “12-æм æхсæв та дæ цыфæнды, уый”. Æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны. Фæстæдæр ма уым æвæрд æрцыд “Макбет”. Уым дæр Макбеты ролы ахъазыд Тæбæхсауты Бало.
1961 азы Мæскуыйы МХАТ-ы студи Хуссар Ирыстонæй каст фæцис æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты къорд. Фæстæмæ Цхинвалмæ куы æрыздæхтысты, уæд æртæ азы фæстæ, 1964 азы, Къостайы номыл паддзахадон драмон театры, уыдон хайадистæй сæвæрдтой Шекспиры трагеди “Гамлет”. Трагеди сæвæрдта режиссер В.С.Фотиев. Гамлеты ролы ахъазыд æрыгон æвзыгъд актер Абайты Маирбег. Спектакль адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд.
Уильям Шекспир йæ бæстæйы арæнтæй ра­джы ахызт. Йæ гениалон уацмыстæ йын æвæрынц æмæ сæ дарддæр дæр æвæрдзысты дунейы хуыздæр театрты сценæйыл. Ирон æвзагмæ тæлмац æрцыдысты йæ сонеттæ дæр. Куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны сценæйыл дæр бирæ хæттыты æвæрд æрцыдысты Шекспиры æндæр драмон уацмыстæ дæр хицæн æмæ хицæн рæстæджыты. Ис афтæ зæгъæн, æмæ ирон сценæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæй иууыл фылдæр сæвæрдта Шекспиры драмæтæ. Хъазыдысты сæ Ирыстоны иууыл зынгæ дæр актертæ.
Уильям Шекспиры драмон уацмыстæ ирон æвзагмæ иууыл фылдæр ратæлмац кодта адæмон поэт Плиты Грис.
Шекспир ирон адæмы зæрдæты рагæй æрбынат кодта æмæ сæм фæндаг ардзæнис дарддæр дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.