Ацы бинонтæ иууылдæр фæллойыл хæст сты, уым уынынц сæ амонд æмæ йыл сæхи никуы атигъ кодтой. Уыдон сты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы иу хæдзары бинонтæ, æмуд æмæ куыстуарзаг адæймæгтæ. Бинонты хистæр Хъабанты Хъазбег хъæуы схъомыл, зоны йын йæ фыдæбон йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ, нæ дзы фæллайы, уымæн æмæ зоны, хæрзиуæгон фæллойы кæддæриддæр кæй ис амонд æмæ бæркад дæр. Ахæм уагыл схъомыл кодта йе ‘мкъаимæ йæ кæстæрты дæр æмæ йын уыдон дæр цыфæнды куысты дæр рог кæнынц йæ къух.

Иу райсом  балæууыдтæн йæ хæдзары кæрты, хъуыды кодтон, ма йæ батыхсын кæнон, æгæр раджы йæм кæй фæзындтæн, уый тыххæй. Фæлæ афтæ нæ рауад, куыддæр мæ ауыдта, афтæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ мæ размæ рацыд. Аныхæстæ кодтам, йæ хæдзарады куысты фæстиуджытæ куыд сты, цахæм  æнтыстытæ æфты йæ къухты, уыдæтты тыххæй. Уыцы зонæнтæ та чысыл, мыййаг, не сты, уымæн æмæ хæдзарад у бирæкъабазон, кæны куыд фосдарды, афтæ зæххы куыст дæр. Зæгъæн ис райгондæй, алы къабазы дæр бинонты зæрдæ кæй рухс кæны сæ æвæллайгæ фæллойæ. Йæ фысты рæгъау дардыл у, æдæппæт сты 200. Цæмæй уыдон зæрдæйы фæндиаг уой, зымæджы цот кæныны рæстæджы уæрыччытæ уой æнæниз æмæ хæрзхаст, уый бирæбæрцæй баст у фосдарæджы иузæрдион куыстыл. Сæрдыгон бонты хъуамæ хизой зад æмæ дзаджджын сæрвæты, зымæджы рæстæджы та сæ бынат хъуамæ уа хъарм æмæ райдзаст, ифтонг уой фаг холлæгтæй. Уыимæ сын æппынæдзух кæсын фæхъæуы се ‘нæниздзинадмæ дæр. Афтæ куы уа, уæд рæздзæн фосы нымæц æмæ сæ продуктивондзинад дæр. Уыцы хæстæ хорз дары йæ зæрдыл Хъабаны фырт æмæ сæ æххæст кæны йæ фырт Сосланимæ, уый та алы бон дæр фæцæуы фыййау. Ацы аз уал уæрыччытæ фæлхасгæнджытæн ауæй кодта 100, ис ма йæм ноджы иу ахæм. Уыдонæй ноджы ауæй кæндзæн мадæл уæрыччыты, иннæты та фæстæдæрмæ уадзы. Хæдзарад кæны стурвосдарды куыст дæр, уыдон иууылдæр сты хъуццытæ. Хæрзхаст фос алы аз дæр раттынц цот, афтæ уыд ацы аз дæр æмæ æнæниз родтæй фæлхагæнджытæм фæхæццæ 6 роды, иннæ та ныууагъта дарынæн.

Бирæ хъару æмæ тых домы хуыдарды куыст, рæстæгыл хъуамæ уа сыгъдæг сæ бынат, фæлæ æппæты тынгдæр  хæринагæй ма хъуамæ уа цух.  Уыцы зындзинæдтæ æмæ æнæаргъæвгæ хæстæ та куыннæ æмбарынц хæдзарады уæнгтæ, фæлæ фæстæ нæ лæууынц уыцы куыстытæ афоныл æххæст кæнынмæ дæр. Ныртæккæ сæм ис 7 дзæргъы æмæ уал  абоны онг сæ хъыбылты нымæц хæццæ кæны 43, сæ нымæцмæ ма ацы æввахс бонты ноджыдæр бафтдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, иу адæймагæн уый бæрц æнтыст нæ уаид, æппæт куыстытыл не ‘ххæссид, Хъазбегæн йæ кæстæртæ куыннæ æххуыс кæниккой, уæд. Фыстæн фыййау вæййы Сослан, Батрадз æфсирон культурæты куыстыл фæцайдагъ, афтæ Ибрагим та æндæр æмæ æндæр куыстытыл хæст у. Хæдзарон мæргътæм зилын фылдæр сылгоймаджы куыст кæй у, уый æмбары Хъазбеджы чызг Миленæ. Ныртæккæ йæм кæрчытæ ис 300 æмæ сæм зилы  зæрдиагæй. Хæдзарады хистæр йæ къух нæ исы зæххы куыстыл дæр, байтауы алыгъуызон культурæтæ, цæхæрадоны халсæрттæ æмæ зæрдæйы фæндиаг вæййы сæ тыллæгæрзад дæр. Цæвиттон, ацы аз дæр хъæздыг тыллæг æрзайын кæндзæн пъамидор æмæ джитърийы хуымтæй.

Хæдзарады уæнгтæ архайынц сæ фосæн хъарм æмæ æфсæст зымæгиуат сифтонг кæныныл дæр. Холладжы тыхтæттæ уал бафснайдтой 350, фæлæ уыдон фаг нæ уыдзысты æмæ дарддæр дæр бацархайдзысты фаг холлаг æрцæттæ кæныныл дæр. Æркæрдинаг сын сты фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры хуымтæ фæйнæ 15 гектары фæзуатыл. Уыдон куы бабæстон кæной, уæд райсдзысты хойраг æмæ йын йæ хъæмп та бафснайдзысты холлагæн.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.