Ленингоры районы фæндагон-транспортон цауы фæстæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæй Хуссар Ирыстоны республикон-соматикон рынчындонмæ чи бахаудысты, уыдоны иууылдæр аластой Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталмæ. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта соматикон рынчындоны сæйраг дохтыр Кокойты Маирбег. «Фæстаг фæцæфуæвæджы аластой æхсæвы фыццаг сахатыл, – йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта Кокойы фырт. – Цæгатирыстойнаг коллегæтимæ нын ис бастдзинад, махæн ахсджиаг у уыдоны уавæр зонын». Кокойты Маирбег ма куыд загъта, афтæмæй аварийы фæстæ рынчындонмæ бахаудысты 23 æфсæддон службæгæнæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.