Нæ горæты бирӕ ӕмбӕстӕгтӕ тротуартыл ныккалдтой змис, æндæр арӕзтадон ӕрмӕджытӕ, бауромынц дзы сӕ автомашинӕтӕ. Бирӕ рӕтты тротуартыл азгӕйтты лӕууынц хӕлд автомашинӕтӕ ӕмӕ сӕ нӕдӕр аразгӕ кӕнынц сӕ хицӕуттӕ, нӕдӕр сӕ ӕппаргӕ кӕнынц. Афтӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзарынц бӕлццӕттӕ ӕмӕ ма тынг фыдуынд кӕнынц горӕты уынгтӕ дӕр. Разындис дзы дзӕвгар ахӕм бынӕттӕ,  тротуарыл сывӕллоны коляскæимӕ кæм нæ ахиздзынӕ – хъуамӕ кӕнӕ фӕндаджы иннӕ фарсмӕ ахизай, кӕнӕ та машинæвæндагыл ацæуай.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Цхинвалы милицийы фадыгон инспенктортӕ сбӕлвырд кодтой фӕткхалджыты ӕмӕ сын сӕ къухтӕ ӕрфыссын кодтой, 10 боны ӕмгъуыдмӕ кӕй аиуварс кӕндзысты фӕткхалӕн факттӕ. Кӕд ӕмӕ уыцы ӕмгъуыдмӕ фӕткхалӕг не сраст кӕна йӕ рӕдыд, уӕд ын йæ хъуыддаг æвзардзæн тӕрхондон.

Бынӕттон цӕрджытӕ ма фадыгон инспекторты фенгӕйӕ радзурынц сӕ тыхстдзинады фӕдыл дӕр. Зӕгъӕм, иу уынджы цӕрджытӕ рахъаст кодтой сӕ сыхаджы хӕцаг куыдзӕй, кӕцыйы уӕгъдибарӕй рауадзынц уынгмӕ ӕмӕ ныридӕгӕн фӕхӕцыд цалдӕр адӕймагыл. Уынджы та ӕппынӕдзух фӕхъазынц сывӕллӕттӕ ӕмӕ сын тӕрсынц. Фадыгон инспектортӕ дзырд радтой, уый фæдыл мадзæлттæ райсынæй.

Ахӕм рейдон мадзӕлттӕ уадзынц районты дӕр. Ведомствойы сӕргълӕууӕг бахӕсджын кодта районты ӕмӕ горӕты управлениты хистӕрты, цӕмӕй ӕппынӕдзух сӕ хъус дарой экологон ӕдасдзинадмӕ ӕмӕ фӕткхалджыты карзӕй ӕфхӕрой.

Бабӕрӕг ма кодтой, ӕхсӕнгарз регистраци кӕуыл ис, уыцы ӕмбӕстӕгты дӕр.

«Фадыгон инспекторты хӕстӕй иу у – не ‘мбӕстӕгтӕй регистрацигонд ӕхсӕнгарз кӕмӕ ис, уыдоны бӕрӕг кӕнын. Мах сӕм ӕртӕ мӕйы иу хатт бацӕуӕм, фенӕм сын сӕ хӕцӕнгарз, сӕ лицензи, сӕ нӕмгуытӕ, се ‘фсӕн скъапп, кӕцыйы ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой ӕвӕрд хӕцӕнгарз дӕр ӕмӕ нӕмгуытӕ дӕр. Кӕд дзы исчи ӕхсӕнадон фӕтк арӕх халы, арæх нуазы карз нозт, наркотикон буарадтӕй пайда кӕны, кӕнӕ та психикон низӕй фӕрынчын, уӕд ахӕм ӕмбӕстагмӕ ӕхсӕнгарз дарын тӕссаг у. Уайтагъд бацӕттӕ кӕнӕм ӕмбӕлон гӕххӕттытӕ ӕмӕ йын байсӕм йе ‘хсӕнгарз ӕмӕ йӕ лицензи. Æхсӕнгарзы хицау куы амӕлы æмæ ӕввахс хиуӕттӕй куы никӕйы бон вӕййы уыцы ӕхсӕнгарз йӕхиуыл срегистраци кӕнын, уӕд ӕй рахӕссӕм милицийы управленимӕ», – зӕгъы фадыгон инспекторты хайады сӕргълӕууӕг Остъаты Олег.

Ӕхсӕнгарзы хицӕуттӕм сӕйраг домӕнтӕ сты –  хъуамæ æхсæнгарз æфснайд уа ӕфсӕн сейф кӕнӕ скъаппы, кӕцы ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕхгӕд уа дӕгъӕлӕй ӕмӕ уыцы дӕгъӕл хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр йӕ хицаумӕ. Ӕхсӕнгарз хъуамӕ ӕвӕрд уа, йӕ хицау кӕм цӕры ӕмӕ кӕм у регистраци, ӕрмӕстдӕр уым. Ахӕм мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй фыдбылыз ма ӕрцӕуа, кӕнӕ та ӕхсӕнгарз мачи адава ӕмӕ фыдгӕнӕджы къухтӕм ма бахауа.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.