Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазбегы.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг буз-ныг загъта министрæн йе ‘рцыды тыххæй, æмæ банысан кодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны экономикон ахастыты кæй хъæуы уæрæхдæр кæнын æмæ æмгуыстады ног къæпхæнмæ кæй хъуамæ рахизой, уый.

«Де ‘рцыд республикæмæ æмæ РХИ-йы экономикон рæзты министримæ фембæлд дзурæг сты ууыл æмæ æнгом ахастытæ срæвдз кæныны иумæйаг инте-естæ кæй ис. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ бирæ уынаффæ кодтам Экономикон ахастыты райрæзын кæныны фарстатыл, æмæ уый фæдыл хъæуæг къахдзæфтæ арæзт цæуынц. Уырны мæ æмæ мах хорз фæстиуджытæ райсдзыстæм. Æз бузныг дæн Битарты Вячеславæй, афтæ ма РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускаты Таймуразæй, ахæм хъусдард кæй дарынц нæ ахастыты рæзын кæныны фарстмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Томайты Хъазбег бузныг загъта Президентæн æмæ йæхи фарсы ‘рдыгæй банысан кодта, æнгом ахастытæ кæй ис РХИ-йы Президент æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы ‘хсæн. Уыимæ иумæ, уый банысан кодта, кæй ис цухдзинæдтæ РХИ æмæ РЦИ-Аланийы æххæстгæнынадон хицауиуæгады органты куысты.

«Мах фæнды, цæмæй ахæм цухдзинæдтæ ма уа нæ куысты æмæ æххæсткæнынадон органты ‘хсæн æмгуыстад фылдæр уа, цæмæй нæ республикæты экономикон райрæзтæн радтой ног импульс», – загъта Томайы фырт.

Уый ма банысан кодта, РХИ-йы экономикон рæзты министрадимæ иумæ кæй сарæзтой план, цыран нысан æрцыдысты иумæйаг куысты фæлгæттæ.

«Мах сарæзтам бæрæг архайдтыты суагъæйы проект, кæцытæ хъуамæ æххæст æрцæуой не ‘ххæсткæнынадон иуæгады хицауады органты. Мах фæнды чысыл æмæ фæдфæдылон къахдзæфты политкæйæ афтæ саразын, цæмæй куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны алы адæймаг дæр хата ацы æмгуыстады фæстиуджытæ», – загъта Томайы фырт.

Йæ рады Бибылты Анатоли æвæрццаг аргъ скодта, цы куыст цæуы, уымæн.

«Ныфс мæ ис, мах æппæт дæр кæй сараздзыстæм, цæмæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æххæсткæнынадон хицауиуæгады минæвæрттæ æнгом куыст кæной алыхуызон здæхтыты. Махæн уый бар нæй, æмæ уыдон ма рæзын кæнæм», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.