Хуссар Ирыстоны Æфсæддон æмæ хæстон архайдтыты ветеранты совет ауагъта хыгъдон æмбырд. Байгом æй кодта ветеранты советы уæнг Æрсойты Геннади. Боны фæтк сфидар кæныны фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд советы сæрдар Тедеты Валерийæн. Уый цыбыртæй æрдзырдта æхсæз мæймæ сæ бакæнгæ куыстыты тыххæй æмæ залы уæвæг ветерантæн арфæйы ныхæстæ загъта  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн.

Æмбырды хыгъдон доклад сарæзта Æфсæддон æмæ хæстон архайдтыты ветеранты советы сæрдары хæдивæг Гæбæраты Феликс.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ алыгъуызон фарстыты фæдыл совет æхсæз мæймæ ауагъта 12 рабадты, уыцы нымæцы Ног азы, 23-æм февраль, 8-æм март, 9-æм майы бæрæгбонты цытæн. Уыимæ ма совет кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырдтæ сарæзта Уæрæсейы хæрзиуæгон фонд «Рука помощи»-имæ. Уымæй дарддæр Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæ æмæ дæлхæйттæн чи æххуыс кæны, уыцы волонтертæ æмæ активисттимæ иумæ хайад райстой Цæгат Кавказы Федералон зылды Хъазахъхъæгты Федералон службæйы мадзæлтты.

Советы уæнгтæ нæ республикæйы скъолаты уагътой хъомыладон æмæ хъæбатырдзинады уроктæ. Практикон æххуыс кодтой, Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæн. Советы уæнгтæй цалдæрæн лæвæрд æрцыдис балцæгтæ, сæ гуырæн бонты цытæн лæвæрттæ æмæ арфæйы гæххæттытæ. Хуссар Ирыстоны Æфсæддон æмæ хæстон архайдтыты совет æххуыс исы паддзахады ‘рдыгæй. Ветеранты советæн ма хорз ахастытæ æмæ бастдзинæдтæ ис Хуссар Ирыстоны Æхгæд акционерон æхсæнад «Мегафон – Южная Осетия» æмæ «Ирон-сæн»-ы генералон директортæ Евгени Серебряков æмæ Цаппаты Алексейимæ.

Советы уæнгтæ Тасойты Инал, Хæныкъаты Васо, Цоциты Алан, Дудайты Иртох, Гæбæраты Азæ æмæ æндæртæн лæвæрд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр хорзæхтæ.

Цхинвалы районы сфæлдыстадон къордтæ «Барс» æмæ «Фарн» та сæххæст кодтой цалдæр ирон, уырыссаг æмæ абхазаг зарæджы  æмæ кафты.

ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.