ФЕМБÆЛДÆН НÆ УЫД ФÆСТИУДЖЫТÆ

Ханойы дыууæбонон фембæлд уыд АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ынæн. Уыдонæн 28 февралы æмгъуыдæй раздæр фесты сæ баныхæстæ, кусæгон сихор аивгæйæ æмæ цахæмфæнды сразыдзинæдтыл къухтæ не ‘рфысгæйæ. «Бирæ хатт хуыздæр вæййы ацæуын», – фехъусын кодта хатдзæгон пресс-конференцийы Трамп. Уый журналисттимæ ныхас кæнгæйæ, загъта, зæгъгæ, баныхæстæ нæ фæсыкк сты, æгæрыстæмæй æмгъуыдæй раздæр кæй фесты, уымæ нæ кæсгæйæ дæр. Трамп банысан кодта, зæгъгæ, йын Ким Чен Ын ныфс бавæрдта æхсæнконтиненталон баллистикон ракетæтæ кæй нал фæлвардзæн, уымæй.  Трамп йæхи баурæдта Ким Чен Ыны фæаххосджын кæнынæй, уый хыгъд æй схуыдта «æнахуыр адæймаг æнахуыр характеримæ» æмæ уыимæ йæ ахастытæ та – «хъарм ахастытæ». Банысанчындæуыд, зæгъгæ, Цæгат Кореяйы домæнтæ уыдысты æнæрайсинаг, уыдон домдтой æппæт санкцитæ аивыны ныхмæ æрмæстдæр иу ядерон полигон сæхгæнын.

НÆ РАЙСТОЙ РЕЗОЛЮЦИТЫ

ИНО-йы Æдасдзинады совет Венесуэлæйы уавæры фæдыл нæ райста резолюцитæй сæ иуы дæр. Иугонд Штаттæ фæндон бахастой Венесуэлæйы ног президентон æвзæрстытæ ауа-дзын дунеон хъусдарджыты хайадистæй æмæ уый размæйы æвзæрстытæ та æнæлегитимоныл банымайыны тыххæй. Уæрæсейаг фарс та бахаста фæндон бæстæйы хæдбардзинад æмæ суверенондзинад бахъахъхъæныны тыххæй æмæ æрсидт бæстæтæм Каракасæн æрмæстдæр хицауады разыйæ æххуыс кæныны тыххæй. Иугонд Штатты резолюцийы ныхмæ ветойæ спайда кодтой Уæрæсе æмæ Китай. Уæрæейы резолюцийы ныхмæ та рацыдысты Иугонд Штаттæ æмæ йе ‘мцæдисонтæ.

РАЙДЫДТА ИМПИЧМЕНТЫ ПРОЦЕДУРÆ

Украинæйы президенты бынатмæ кандидат, парти «Батькившина»-йы лидер Юлия Тимошенко Уæлдæр Радайы трибунæйæ фехъусын кодта, бæстæйы архайгæ президент Петр Порошенкойæн импичменты процедурæ кæй райдыдта, уый тыххæй. Тимошенко зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уый размæ журналисттæ ауагътой сæрмагонд фæдагуырд æмæ сбæрæг кодтой хъахъхъæнынадон сæудæджерады бирæ миллиардтæ кæй адавта, сæрмагондæй украинæйаг æфсадæн уæрæсейаг фæсауæрцон хæйттæ бæрзонддæр æргътæм контрабандонæй кæй балхæдта, уый тыххæй. Тимошенкойы ныхæстæм гæсгæ, президент ахæм архайдтытæй «баххуыс кодта знагæн» æмæ æркодта национ æфсады скуынæг кæныны уавæрмæ.

ФЕМБÆЛД КРЕМЛЫ

УФ-йы президент Владимир Путин Кремлы фембæлд Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяхуимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны регионы уавæрыл æмæ иумиагæй æдасдзинады фарстытыл. Ныхас ма кодтой дыууæ бæстæйы экономикон æмгуыстады фарстытыл. Фембæлды рæстæджы Нетаньяху Уæрæсейы лидеры фæхуыдта Иерусалиммæ Ленинграды блокадæйы амæттæгты цырт байгом кæныны церемонимæ.

РАЙСТОЙ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Федерацийы Совет райста хъусынгæнинаг Венесуэлæйы алыварс уавæры тыххæй, цыран æрсидтысты ИНО, æндæр дунеон организацитæ æмæ фæсарæйнаг парламенттæм, цæмæй æвзæрыл банымайой, Венесуэлæйы хъуыддæгты æддагон паддзахадтæ сæхи кæй хæццæ кæнынц, уымæн æмæ рахæцой Венесуэлæйы уавæр политикон æгъдауæй аскъуыддзаг кæныны æвварс. Документы дзырдæуы, зæгъгæ, «бирæ азты дæргъы иуæй-иу фæсарæйнаг паддзахадтæ ацы бæстæмæ ахасты пайда кæнынц политикон æмæ экономикон æндæвдады амæлттæй, Венесуэлæйы закъонон хицауады йæ бынатæй раппарыны нысанæн, социалон проблемæтæ бакæнгæ санкцитæй карздæр кæнгæйæ».

МИНИСТРТЫ ФЕМБÆЛД

Китайы чысыл горæт Учжэны æртæварсон фембæлд уыд Уæрæсе, Инди æмæ Китайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Сергей Лавров, Сушма Сварадж æмæ Ван И-йæн. «Бадзырдтам, цæмæй нæ лидертæн срекомендаци кæнæм радон æнæформалон саммит ауадзыны тыххæй бирæварсон мадзæлттæй сæ иуы рæстæджы», – загъта Лавров. Афтæ ма уыдон æруынаффæ кодтой алыгъуызон актуалон фарстытыл æмæ индиаг-пакистайнаг ахастытæ кæй фæкарздæр сты, ууыл.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТОЙ АИШ-Ы

Уæрæсе æмæ Сири фæаххосджын кодтой Иугонд Штатты «Рукбан»-æй лигъдæтты рацæуынæн ныхдуртæ æвæрынæй. Сириаг зонæ Эт-Танфы лагерь «Рубкан»-ы лигъдæтты америкæйæгтæ сайынц, зæгъгæ, лагерæй куы рацæуат, уæд уæм сириаг хицауад цы территори контроль кæны, уым æнхъæлмæ кæсы гæвзыкк цард, афтæ, зæгъ, уæ тыхæй кæндзысты æфсадмæ. Афтæмæй та æрфарст куыд фенын кодта, уымæ гæсгæ цæрджыты 95 проценты фæнды ацæуын лагерæй.

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД АЛЕКСАНДР НЕВСКИЙЫ ОРДЕНÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путины барамындмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон курсы реализацимæ йе стыр хайбавæрды æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын паддзахадон службæйы тыххæй Александр Невскийы орденæй хорзæхджын æрцыд ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы къамисы сæрдары хæдивæг Дзасохты Александр.

 

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Пакистаны урæд æрцыдысты, цы индиаг хæдтæхæджы æрæппæрстой, уый дыууæ пилоты. Уыдонæй иу фæцæф æмæ йæ баластой рынчындонмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Пакистаны гарзджын тыхты минæвар, инæлар-майор Асиф Гафур пресс-конференцийы рæстæджы. «Æрæппæрстам Индийы æфсæддон уæлдæфон тыхты дыууæ хæдтæхæджы, уыдонæй иу æрхауд нæ территорийыл, иннæ та –  сæхи территорийыл», – фехъусын кодта уый. Уыимæ Индийы хицауад нырма нæ ралæууыд официалон реакциимæ пакистайнаг æфсады хъусынгæнинаджы фæдыл.

ÆНАМОНД ЦАУ

Каиры центры æфсæнвæндаджы вагзалы срæмыгъд æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмард сты 24 адæймаджы, хъыгдард та баййæфтой 50 адæймаджы. Бæлццæттæ æмæ вагзалы кусджытæ эвакуаци æрцыдысты. Поездты змæлд рæстæгмæ урæд æрцыд.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.