Хуссар Ирыстоны райдыдтой йæ бонтæ

Джеры дзуар ис Хуссар Ирыстоны, Джеры комы, бæрзонд нæухох тъæпæныл. Йæ бынат у диссаджы рæ­сугъд, аргъæутты бæстæ. Ацы бæрзондæй куы афæлгæсай уæд йæ алыварс зыны сыфтæрджын хъæдтæ, нæухох къуылдымтæ. Ӕр­дзы рæсугъддзинад уынгæйæ адæ­й­маг аныгъуылы йæхи хъуыды­ты, раст цыма аргъæутты бæс­тæм ба­ха­удта, афтæ йæм фæкæсы. Кæ­цыр­дæмфæнды разил де ̀ргом, цæст кæронмæ нæма ахæццæ вæй­йы уыцы цымыдисаг бынæттыл æмæ та цæсты кæронæй ин­нæр­дыгæй фарс æрцахсы ноджы рæ­сугъддæр, цымыдисагдæр æрдзы фæлыст.
Ахæм диссаджы æрдзы хъæбысы арæзт æрцыд агъуыст аргъуаны хуызы, амад у дурæй. Йæ хуылфмæ ба­цæ­угæйæ, куывддон адæм ску­вынц æртæ чъири æмæ бæ­гæ­ны­йæ, мыдадзын цырæгътæ ссу­дзынц. Джеры дзуары кувæн бонтæ ра­йдайынц Майрæмы мæйы фæс­таг хуыцаубонæй æмæ аххæссынц æнæхъæн мæй. Йе рвитæн бон та вæй­йы ичъынаты.
Ирыстоны Джеры дзуар нымад у æргом æххуысгæнæгыл, фæлæ ма хистæртæ афтæ дзырдтой, дз­уар æххуыс куыд кæны, адæ­йма­джы сыгъдæг зæрдæйы уаг­мæ гæс­гæ, афтæ æргом æф­хæр­гæ дæр кæны æнæуаг миты тых­хæй.
Хъыгагæн, абон нæ дзуæрттæм цæ­уын æмæ кувыны æгъдæуттæ фæ­цудыдтой. Хатгай ацы сыгъдæг бы­нæтты фенæн вæййы нозтджын, æнæуаг дзыхæй дзурæг адæймæг­ты. Кæддæр та нæ фыдæлтæ кувы­нæн зыдтой бæрц æмæ æгъдау æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын. Ирыстоны кувæндæттæ афтæ кад­джын уыдысты, ахæм сыгъдæг бы­нæттыл сæ нымадтой æмæ сæ бы­н­ты хъæрныхас ничи кодта, æгæрыстæ­мæй ма-иу сæ къахыдзаума дæр раластой, нæлгоймæгтæн нæ фæт­чы­дис худтимæ цæуын. Диссагæн дзу­ринаг та-иу уыдысты сæ хъазт, сæ кафт. Уыцы рæсугъд традицитæ айрох сты.
Джеры дзуары кувæн бонтæ вæй­йынц бæркадджын фæззæджы. Ахæм бонты Ирыстоны адæм чыр­тæ-чыртæй фæцæуынц йæ бынмæ сæхи фæдзæхсынмæ. Алы адæй­маджы дæр, алы бинонты дæр фæ­фæнды цæмæй йæ бынмæ ссæуын, фæфæнды йæ сыгъдæг зæрдæйæ йæхи æмæ йæ бинонты бафæ­дзæхсынц. Ахæм сыгъдæг бынæт­тæм фæцæуынц сыгъдæг зæрдæ­имæ æмæ сын уæд дзуар æххуыс дæр афтæ бакæны. Сыгъдæг зæр­дæйæ куы нæ æууæндай зæдтыл дæр, уæд дзуары лæджы куывдтæ Хуыцау æмæ зæдтæ исгæ дæр нæ кæ­­нынц, фæлæ сæ сæ фыдæх йæ­хи­мæ сайы.
Кувгæ кæнынц мидæгæй агъуысты, фæлæ мидæмæ бацæуыны раз­мæ агъуысты алыварс алчи­дæр хъу­а­мæ æртæ хатты æрзила, йæ иу фарс цы дзæнгæрæг ауыгъд ис, уый хъу­амæ бацæгъда, йæхимидæг та хъуамæ дзуарæй цы курыс æмæ цæ­мæн ссыдтæ, уыдæттæ ракува. Хуы­цау æмæ йе ̀сконд зæдтæм хуыз­дæр хъуысынц сыгъдæг зæрдæ æмæ хъуыдытимæ кувæг лæджы куыв­дтæ. Ам æнæбафиппайгæ нæй, кувæг адæймаг сыгъдæгдзинад хъуамæ уарза, уæлдайдæр кувæ­н­доны. Уыцы бынæттæ сыгъ­дæг дарын нын нæ фыдæлтæй баззад – кувæндонмæ-иу бæгъæм­ва­дæй цыдысты. Ацы зæдты бадæн бынат Хуыцау сфæлдыста æмæ йе ‘рвыст зæды дзы кæддæр æрбадын код­та, цæмæй дзы кæрæдзийы уарзгæйæ, сыгъдæг зæрдæйæ Хуы­цау æмæ зæдтæм кувæм.
***
Джеры дзуары уаз бынат зынд­гонд у йæ къæдзæхæй. Уым-иу раз­дæр ауагътой зондæй-иу чи фæцудыдта, ахæмты. Рынчыны-иу бæн­дæн­тæй бабастой æмæ, кувæн­донмæ хæстæг цы сæрсæ­фæн ис, уырдæм-иу æй ауагътой, дæ хæ­й­рæ­джы ном зæгъ, науæд дæ ап­пар­дзысты ардыгæй, зæгъгæ. Рынчын-иу цы нæмттæ загъта, уыдон-иу гæххæттыл ныффыстой æмæ-иу сæ басыгътой. Куыд дзурынц, аф­тæ­мæй-иу уыцы рынчынтæй бирæ­тæ сдзæбæх сты.
Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ нæ хæстон лæппуты тыххæй сæр­магон­дæй сæ бинонтæ лæгъстæмæ цæуынц Джеры дзуармæ, цæмæй сæ хъæбултæ хæстон архайдтыты хызт уой фыдбылызтæй æмæ сæм æнæ­низ æмæ сæрæгасæй æрыз­дæ­хой.
Ирыстоны адæм, зынаргъ газет­кæс­­­джытæ, Джеры дзуарæй фæ­дзæх­ст ут кæддæриддæр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.