Æрыгон курдиатджын режиссер Джелыты Хъазбег архайы зындгонд драматург Григорий Горины уацмысмæ гæсгæ музыкалон спектакль «Тиль» сæвæрыныл хуссарирыстойнаг театрдзаутæн. Проект реализацигонд цæуы РХИ-йы Культурæйы министрады заказ æмæ финансон æххуысы руаджы. Аивгъуыйгæ азты спектакль «Тиль» популярон актер Николай Караченцовимæ хъазтимæ мæскуыйаг театралон æхсæнады ссис культон. Хуссар Ирыстоны театры сæйраг ролы ахъаздзæн ирон студент æмæ фендзыстæм Зассейы фыртæн та цавæр æнтыст æрхæсдзæн ацы роль.

– Хъазбег, пьесæ «Тиль» дæ афтæ цæ­мæй бацымыдис кодта æмæ дæ бафæн­дыд уый ирон сценæйыл сæвæрын?

– Мæскуыйы Борис Щукины номыл театралон ахуыргæнæндоны нæ дипломон куыстæн равзæрстам зындгонд драматург Григорий Горины уацмыс æмæ сæвæрдтам спектакль «Тиль». Рауадис тынг хорз. Уый фæстæ дæс азы бæрц рацыдис æмæ мын тынг хъыг у, ацы спектакль иу хатт дæр Хуссар Ирыстоны сценæйыл æвæрд кæй не ‘рцыд æмæ йæ адæм кæй нæ федтой. Афтæмæй та махæн нæ ахуырæн æхцайы фæрæзтæ хицæн кодта Хуссар Ирыстон республикæйы бюджетæй. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг мæ зæрдыл дарын æмæ мæм ахсджиаг кæсы, хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджыты тæрхонмæ спектакль «Тиль»-ы рахæссын. Бузныг, мах тыххæй чи архайдта æмæ профессионалон ахуырад кæй фæрцы райстам, уыцы адæймæгтæн.

Абон мæнæн тынг зын у, æндæр æмæ æндæр аххосæгты тыххæй нæ курс æнæхъæнæй Хуссар Ирыстонмæ кæй не ‘рыздæхтис æмæ иумæ кæй не стæм. Ам ныртæккæ сты Мамиты Григори, Мæргъиты Ингæ æмæ Кокойты Нинæ. Мæхæдæг дæр    райдыдтон кусын Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры, уый размæ та-иу куыстон, куыд æрхонгæ режиссер, афтæ.

Цæмæн мæ бафæндыд «Тиль» сæвæрын? Уымæн æмæ ацы спектаклæн йæ темæ, йæ хъуыды тынг æввахс у ирон    адæймагмæ, Ирыстонмæ. Спектаклы темæ у актуалон. Спектаклы дзырд цæуы, чысыл горæт Дамейы хуымæтæг адæм куыд тох кæнынц сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæраппонд. Сæ цард сæ зæрдæмæ нæ цæуы æмæ йыл сдзырдтой. Фландрийы адæмы тох, сæ удыхъæд тынг æввахс лæууы Хуссар Ирыстоны адæммæ. Фæнды мæ, цæмæй адæм абарст саразой дард фæсарæнты рагисториимæ. Сæрибардзинады сæрыл тохы хъæр хъуамæ райхъуыса нæ артисттæй театры сценæйæ. Мах нæ разы хуымæтæджы фарстатæ не вæрæм. Спектакль вазыгджын у, фыццаджыдæр, техникон æгъдауæй. Хъуамæ дзы уа зарджытæ, кæфтытæ. Йæ жанрмæ гæсгæ уыдзæн музыкалон трагикомеди. Декорацитыл дзырд куы цæуа, уæд ам дæр нæ хъуыды у цымыдисон – сæйраг дзы уыдзæн нау. Уый баст у, Тиль сырд куы баййæфта æмæ дард балцы куы цыдис, уыимæ.

– Нæ  театры  артисттимæ   куыст дæ зæрдæмæ куыд цæуы?

– Æз бирæ театрты сæвæрдтон спектаклтæ – Дагъыстаны, Кæсæг-Балхъары, Мæскуыйы, Цæгат Ирыстоны дыгурон театры, ирон театры сæвæрдтон аргъау, афтæ театр «Саби»-йы дæр. Алыхуызон артисттимæ куыстон æмæ фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ куы ‘рцыдтæн, уæд сæвæрдтон Мольеры уацмысмæ гæсгæ спектакль «Дон Жуан». Уæд базонгæ дæн хуссарирыстойнаг артисттимæ, æмæ бамбæрстон æндæр артисттимæ абаргæйæ, къаддæр кæй никæмæй сты. Бирæтæй та курдиатæй сты тыхджындæр. Сæ фылдæр мын ахæм æмбæлттæ систы æмæ раст цыма æнæхъæн цард зонæм кæрæдзи. Ис нын тынг хъарм æмæ хæларадон ахастытæ, кæрæдзи тынг хорз æмбарæм æмæ уый хорзæрдæм æндавы нæ иумæйаг куыстыл дæр. Театры куысты уый у иууыл сæйрагдæр. Актерон труппæйæ тынг райгонд дæн, мæ зæрдæмæ цæуынц. Æрæджы нæм æрбаиу ис курдиатджын студентты ног фæлтæр æмæ сæхиуыл тынг кусынц. Хъусынц мæм, рахатыдтæн сын сæ тырнындзинад, кæй сæ фæнды сæ театралон аивады сусæгдзинæдтæ хуыздæр базонын, уый. Спектакль «Тиль»-ы студенттæй бирæтæ кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ æмæ сын уыдзæн куыд стыр æмæ вазыгджын куыст, афтæ. Уымæн æмæ спектаклы сæйраг ролты хъазынц зноны студенттæ Зассеты Вадим æмæ Тедеты Игорь. Семæ сгуыхт артисттæ кæй хъазы, уый ахъаз у сæ  профессионалон рæзтæн.

– Фылдæр æхцондзинад цæмæй райсыс, репетицитæ æви дæ куысты фæстиуæгæй?

– Хорз фарста у. Мæ репетици зæрдæйы фæндиаг куы ацæуы, уæд мæнæн ахæм куыст радты тых æмæ ныфс. Уымæ гæсгæ афтæ зæгъдзынæн æмæ мæнæн мæ репетици кæй у аргъуан. Вæййы афтæ æмæ артисттæ рынчынтæй æрбацæуынц æмæ репетици нывыл куы ацæуы, уæд сæ сæ рынчын айрох вæййы. Уый диссаг у! Премьерон спектаклы фæстæ, сценæмæкæсджытæ куы нымдзæгъд кæнынц, уæд уый вæййы куыд бæркад. Фæлæ мидæгæй вæййын афтид, уыцы хъæлдзæгдзинад куыддæр айсæфы. Актертæ цин фæкæнынц, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр мæ куыстыл фæцин кæнын, фæлæ мæ дæргъвæтин куыст, мæ фыдæбон æрымысын. Аивадон куыстæй куы фæхицæн вæййын, уæд мын зын вæййы.

Сфæлдыстадон куыст чи кæны, уый улæфын дæр фæхъæуы. Тынг уарзын кæсагдзуан æмæ арæх мæ сæрибар рæстæг ацæуын кæсаг ахсынмæ. Æрæджы та Къостайыхъæуы уыдтæн. Федтон Зонкъары ком, ме ‘мбæлттæ мæ акодтой хæхтæм дæр. Фæнды мæ Дзауы районы хæххон бынæтты дæр баулæфын, мæ куыст куы фæуон, уæд мын кæд бантысид уырдæм ацæуын дæр. Уарзын æхсæвæдтæ иунæгæй рацæуын æрдзы хъæбысмæ, цæмæй мæ хъуыдытимæ баулæфон. Уæд чысыл асыгъдæг вæййын æмæ мæ сæр хуыздæр райдайы кусын. Ирыстоны алæмæттаг æрдз мын тыхтæ радты. Æмæ мæ сразæнгард кæны сфæлдыстадон куыстмæ.

Хуссар Ирыстоны тынг рæсугъд бынæттæ ис æмæ хорз уаид, ам дæр туризм райтынг кæнынæн. Уадз æмæ йæ æппæт дуне зоной, Хуссар Ирыстоны куыд рæсугъд у, уый.

 – Спектакль «Тиль» фенгæйæ, сценæмæкæсæг йæхицæн цы хъуамæ райса?

– Алы адæймаг дæр цыдæр йæхи хъуыды райсдзæнис. Вæййы афтæ æмæ мах иу хъуыдыйыл фæкусæм, зæгъæм, сæрибардзинад æмæ иудзинады тыххæй. Фæлæ афтæ рауайы æмæ мын адæм та æндæр цыдæртæ фæдзурынц, зæгъгæ, ды уый тыххæй куыд хорз загътай. Мæнæн та мæ хъуыдыйы уыдæттæ нæ уыдысты, спектакль куы æвæрдтон, уæд. Иу адæймаг дзы иу цыдæр райста йæхицæн, иннæ – æндæр цыдæр. Алы адæймагæн дæр вæййы йæхи æнкъарæнтæ, алчидæр йæхирдыгонау уыны.

– Зæгъ-ма, Хъазбег, дæ ахаст куыд у критикæмæ?

– Тынг хорз, фæлæ нæм нæй критикæ (худы). Æнæуи нæм «критиктæ» бирæ ис, уый кæмфæндыдæр афтæ у. Кавказы театралон критиктæ нæй æмæ уый у тынг æвзæр уавæр. Фæлæ спектаклы тыххæй сæ хъуыдытæ чи ныффыссынц, ахæмтæ ис.

Театры критик у тынг хъæугæ адæймаг. Мæнæ режиссер куыд хаты царды дуг, уый та хъуамæ хата театрæн йæ хъуыдыдзинад, цы фæндагыл цæуы театр, йæ репертуарон пълан, цæмæ цæуы æмæ тырны æмæ афтæ дарддæр. Хатт вæййы афтæ æмæ националон театр рахизы уырыссаг театры фæндагмæ, уырыссаг культурæмæ. Мах йæ ныхмæ не стæм, уый хорз у, фæлæ дын хъуамæ исчи зæгъа, дæ фæндаг, зæгъгæ, æндæр у æмæ дæ уыцы фæндагыл хъæуы цæуын куысты мидæг. Критик фыццаджыдæр у, пайда йын чи æрхæсдзæн æмæ театрæн чи схос кæндзæн, уыцы театралон дохтыр, фæндагамонæг. Уый хъуамæ сфæлдыстадон коллективæн уа сæ рæбинаг цæджындз, зондамонæг æмæ æххуысгæнæг. Мæнæ Найфонты Давид театралон нывгæнæг декорацитыл куыд бакусы, цæмæй ирд æмæ сæ раны уой, уыдæттæ мын куыд бацамоны, критик дæр мын хъуамæ афтæ æххуыс уаид. Æз цæттæ дæн ахæм адæймагмæ байхъусынмæ, куысты мæхицæй зондджындæр, фæлтæрд æмæ цæттæдæр чи у. Уый мæнæн æмæ артисттæн дæр уаид пайда нæ иумæйаг куысты. Зæгъæм, нæ куыстæн ахъаз сты Плиты Гацыры фиппаинæгтæ. Уый ирон литературæйы профессор у æмæ йын йæ ныхасмæ зæрдиагæй байхъусын. Стæй ма иу хъуыддаг, Гацыр лæгæй-лæгмæ бирæ авторты зыдта æмæ сæ махæй хуыздæр зоны, цæуыл хъуыды кодтой, цы зæгъын сæ фæндыд. Æз сæ кæсгæ бакæнын, уый та семæ ныхас кодта, уымæ гæсгæ нын зынаргъ æмæ хъæугæ хистæр у.

 – Дæ царды кæимæ сæмбæлдтæ, уыдонæй дæ профессионалон архайдыл фылдæр чи бандæвта?

– Щукины номыл театралон ахуыргæнæндоны актерон факультеты нæ аивадон къухдариуæггæнæг, зындгонд педагог æмæ режиссер Анна Дубровская нæ иухатт æрæмбырд кодта æмæ радгай немæ индивидуалон беседæтæ уагъта. Мемæ аныхæстæгæнгæйæ мын загъта, зæгъгæ, дæм куыд бакастæн, афтæмæй дын рахатыдтæн дæ режиссерон курдиат æмæ дæ, зæгъгæ, не сфæндид режиссерон факультетмæ рахизын. Уæдмæ та æз 4 азы ахуыр кодтон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты актерон факультеты æмæ уайтагъд мæ ахуыргæнæджы фæндоныл сразы дæн. Уымæн æмæ режиссеры дæсныйадмæ дæр тынг цымыдис кодтон, æмбæрстон æй, мæ царды ногдзинад кæй уыдаид æмæ мын цымыдисдзинад кæй хастаид. Афтæ рауад æмæ ног ахуыры аз бацыдтæн режиссерон факультетмæ æмæ уым ахуыр кодтон. Ахуыргæнджытæ дын амонынц, фæлæ æз иу фæлварæны фæстæ бамбæрстон, куыд хъæуы æмæ цы хъæуы кæнын. Анна Дубровская нæм æрбацыд фæлварæнмæ  æмæ мын тынг бафаудта мæ фæлварæн. Уый ахæм домаг педагог у æмæ-иу архайдта, цæмæй кæддæриддæр йæ ахуыргæнинæгтæ уой хуыздæртæй. Мемæ ныхас кæны æмæ мæ фæрсы, зæгъгæ, ахæмæй цы хъуамæ саразай æмæ æз дисы бахауон. Мæ ахуыргæнæджы ацы фарста мын байгом кодта профессионалон сусæгдзинад, куыд хъуамæ кусон, уый æмæ абон æз мæ куысты бирæ ныфсджындæр дæн. Ныр æз спектакль куы февæрын, уæд æй æмбарын, æрмæстдæр артистты хъазтæй кæй ис дисы баппарын сценæмæкæсджыты. Абон бузныг дæн мæ ахуыргæнæг Анна Дубровскаяйæ, уый махæн уыдис куыд нæ мад æмæ йын стыр аргъ кæнын.

 – Хъазбег, спектаклмæ кæсгæйæ дæ бон у æмæ рæстæгмæ дæ режиссерон хъуыдыкæнынад ахицæн кæнай? Куыд сце-нæмæкæсæг, афтæ дын сæйраг цы у?

– Уыдис мын ахæм спектаклтæ, кæцытæм-иу æрбацыдтæн режиссеры сæрыхъуыдыимæ. Фæлæ-иу ахæм диссаджы куыст уыдис æмæ-иу сывæллон фестадтæн. Кæм-иу хъуыдис, уым-иу фæкуыдтон, кæнæ та-иу фæхудтæн. Ахæм æцæг зæрдæйæ рацæугæ куыстытæ куы фенын, уæд дзы мæхицæн урок райсын æмæ фæцин кæнын. Вæййы афтæ æмæ фенын мæгуырау спектаклтæ дæр æмæ уым та сæнкъард вæййын. Сфæлдыстадон куыст афтæ у æмæ хи сайын нæ хъæуы. Кæд дæ бон нæу спектакль æвæрын, уæд тыхмийæ ми нæй. Æхца кусын дæ кæд фæнды, уæд æй æндæр ран бакус. Стæй театры цæй æхца ис. Ам чи кусы, уый дзы зæрдæйæ кусы. Уымæ гæсгæ куыд сценæмæкæсæг, афтæ сæйрагыл нымайын сфæлдыстад. Кæсæг-Балхъары иу спектаклмæ бакастæн, се ‘взагæн сын ницы æмбæрстон, пьесæ та зыдтон æмæ стыр æхсызгонæй бакастæн спектаклмæ артистты диссаджы хъазты фæрцы. Куыд фæзæгъынц, аивадæн æвзаг нæй, æрмæстдæр эмоцитæ.

 – Дæ сæвæргæ спектаклтæй дæ зæрдæйæн иууыл æввахсдæр кæцы у?

– Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Сау нымæт». Ацы спектакль мæнæн у мæ фыццаг ахсджиаг къахдзæф режиссурæйы мидæг. «Сау нымæт» мæнæн мæ куысты у куыд трамплин, афтæ. Уыд мæ дипломон куыст Щукины номыл институты. Фыццаджыдæр ацы спектаклæй уæд æз студент уæвгæйæ Мæскуыйы байгом кодтон театралон сезон æмæ уый мæнæн уыдис тынг стыр къахдзæф. Куыд режиссер, афтæ мæм алырдыгæй дзурын райдыдтой. Фæдзырдтой мæм Дагъыстанæй æмæ мын институт бахæс кодтой, цæмæй уым сæвæрдтаин спектакль. Уый фæстæ та æндæр рæтты сæвæрдтон спектакльтæ. Фæлæ «Сау нымæт» рамбылдта дыууæ фестивалы. Уыдонæй номинаци «хуыздæр режиссурæ» райстон æз, афтæ ма спектакль рамбылдта нæлгоймаджы хуыздæр роль æмæ сылгоймæгты хуыздæр ролты номинациты.    Уыйбæрц театрты ‘хсæн мах фесты иууыл ахсджиагдæр номинацитæ! Хуыздæр режиссурæ куы рамбулай, уæд уый стыр æнтыст у. Уый фæстæ та йæ бынтон æндæр хъуыдытимæ сæвæрдтон Хуссар Ирыстоны æмæ рауад æнтыстджын, адæм мæ базыдтой. Раст зæгъгæйæ, мæхи зæрдæмæ дæр фæцыдис, артисттæн сæхицæн æмæ адæмæн дæр. Стæй ма мын ацы спектакль радта куысты фадат, радта мын æмбæстагдзинад. Ахæм зынаргъ лæвар мын бакодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй æмæ дæн сæрыстыр.

 – Куыд хъуыды кæныс, цæмæй дæ хорз режиссер кæнæ хорз артист рауайа, уый тыххæй профессионалон ахуырад у сæйраг æви æрдзон курдиат?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ хъуыддаджы иумæ куы уой, æмæ ма куыд адæймаг, афтæ дæр куы бæззай, уæд уымæй хуыздæр ницы ис. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, фыццаджы-фыццаг у дæ профессионалондзинад.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.