Дзæуджыхъæуы алфæмблай цы сæрибар фæзуæттæ ис, уыдоны рæхджы райдайдзæн ног микрорайонты арæзтад. Уыдон сты Дзæуджыхъæуæй Джызæлы æмæ Æрхонкæйы ʻрдæм цы афтид территоритæ ис, уыдон. Ацы бынæттæ зæрæстонæй лæууынц бирæ азты дæргъы, горæты фæзуат та адæмæн нал фаг кæны. Уымæ гæсгæ, республикæйы разамынд рахастой уынаффæ, горæты арæнтыл ахæцыны тыххæй.

Цæмæй арæзтады планыл бакусой, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фæсарæйнаг зындгонд арæзтадон компаниты специалистты, горæты райрæзты фарстатыл аныхас кæнынмæ, фæхуыдта республикæмæ.

Специалистты раз хæс æвæрд уыд горæты тыгъдад сбæрæг кæнын, цæрæнуæтты арæзтады фæдыл хи фæндæттæ бахæссынмæ.

— Дзæуджыхъæуы дарддæры рæзтыл архайгæйæ, нæ сæйраг хæс у адæмы удæнцойдзинадæн фадæттæ саразын. Цыбыр рæсæгмæ, ног районтæ хъуамæ суой горæттаг тыгъдады иумæйаг хай, — загъта Милдзыхы-фырт.

Уазджытæ æмæ фысымтæн горæты рæзты фарстатыл рауад бæстон ныхас. Базонгæ сты фидæны арæзтадимæ æмæ сæ фиппаинæгтæ загътой специалисттæ.

Æртæ боны дæргъы, Дзæуджыхъæуы уæвгæйæ, фæсарæйнаг аразджытæ фембæлдысты горæты сæйраг архитекторимæ æмæ æрныхас кодтой фидæны арæзтадыл.

Ныртæккæ уал арæзтадон куыстытæ райдыдтой Джызæлæй горæты ʻхсæн.

СОЦИАЛОН КЪАБАЗЫ АХАДЫНДЗИНАД

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» Паддзахадон Думæмæ кæй бавдыста, уыцы проект банымадта хорзыл.

Куыд зонæм, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе» бахаста социалон æмæ фæсивæдон политикæйы, æхсæнадон организацитæн æххуысы, стæй хъæуты рæзты æмæ инфраструктурæйы æфсисад фæфылдæр кæныны фæндон. Партийы рахæсгæ проект бар кæмæ дары, уыдонæй иу у сахъат адæймæгтæн цæрæнуæттæ радих кæныны программæ.

Уымæй уæлдай, «Иугонд Уæрæсе» бахаста хъæуты комплексон рæзты программæ уæлæмхас фæрæзтæй сифтонг кæныны фæндон. Хъæуты спортивон инфраструктурæ саразыны фарстайæн дæр ис стыр ахадындзинад. Ацы фарста алыг кæнынæн «Иугонд Уæрæсе» æмæ республикæйы Хицауад скусын кæндзысты бирæкъабазджын спортивон фæзты арæзтады ног программæ. Уырдæм хаудзысты тренировкæгæнæн зал, футбол æмæ волейболæй хъазæн фæзтæ.

Партийы пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй бюджеты проектыл ныхас кæныны рæстæг, сæйраг æргом аздахын æмбæлы адæмы цардыл комкоммæ ахадæг къабæзтæм. Уыдон сты адæмæн социалон æххуысы, ахуырады, рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ инфраструктурæйы рæзты фарстатæ.

Æмткæй райсгæйæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонæй 2022-2024 азты социалон уагæй ахадгæ къабæзтыл, паддзахадон хæрдзты бæрц 107 миллиард сомы фæфылдæр уыдзæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.