Хъæуы ивгъуыд цардæй…

Алæмæттаг у Дзауы районы æрдз æгасæйдæр. Фæлæ Ерманы хъæумæ сæфтгæйæ дæ уæлдай тынгдæр дисы бафтаудзæн йæ рæсугъддзинад, кæсыныл æм фæуыдзынæ. Æнцонæй нæ бафтдзынæ ацы хъæумæ. Бæрзонд, тынг бæрзонд ран æрбынат кодта. Фæлæ, цалынмæ уырдæм не схæццæ уай, уæдмæ уал хъуамæ Ручъы хъæуы кæрон цæугæдоны сæрты ахизай æмæ хæрдмæ дæ фæндаг адарай. Афтæмæй Згъуыбир æмæ Едысы хъæуты иувæрсты сивгъуыйдзынæ рагъмæ æмæ дæм уæд разындзæн хъæу. Куыд ма загътам, хъæу нæ, фæлæ дзæнæт. Хъæу афтæ бæрзонд ран уæвы æмæ дæм фыццаг афтæ фæкæсдзæн, цыма дзы ахизæнтæ никуыдæм уал ис, рæсугъд хæхтæ йæ сæ хъæбысы æрбакодтой, фæлæ уый афтæ нæу. Уæллаг Ерманæй ахизæн ис Хъелы цадмæ, Млетмæ, Ганисмæ æмæ Хъуды комы æндæр хъæутæм дæр.

Ивгъуыд заманы Ерманы цардис тынг бирæ цæрджы-тæ æмæ куыд æндæр хъæуты, афтæ уыдонæн дæр зæххытæ нæ фаг кодтой.

Æртæ хъæуыл дих кодта: Дæллаг, Уæллаг æмæ Астæуккаг Ерман. Уыцы рæстæджы ам иунæг ахæм цæрынæн бæзгæ бынат дæр нæ уыд, цардуарзаг лæджы хъæлæба кæцæй нæ хъуыстис. Абон зын зæгъæн у, адæймаг дзы фыццаг хатт йæ къах цæрыны охыл кæд æрæвæрдта, уый. Фæлæ тынг рагон хъæу кæй у, уымæн æвдисæн – йæ  рагон мæсгуытæ.

Дæллаг Ерманы цардысты Тыбылтæ æмæ Саулохтæ. Астæуккаг Ерманы – Туатæ, Фæрниатæ æмæ Хъоротæ. Уæллаг Ерманы та – Хъоротæ æмæ Кодзыртæ. Хъæуы кæд æндæр æмæ æндæр мыггæгтæ цардысты, уæддæр кæрæдзийæ аргъуц кодтой, се`хсæн уыд æфсармдзинад. Кæрæдзийы æнцой дæр тынг лæууыдысты. Ракодтой-иу зиутæ æмæ рæстæгыл кодтой сæ хуымгæнды, сæ хосгæрсты куыстытæ.

РАГОН ЛЕГЕНДÆ ДЗУРЫ…

Уæд иу ахæмы Уæллаг Ерманы Хъоротæм фæуазæг Гаглойтæй æвзонг лæппу. Йæ фысымтæ йыл баузæлыдысты, сбуц æй кодтой. Æвæццæгæн ын даргæ дæр  акодтой æмæ фæзæрдæджын, æмæ афтæ зæгъы, зæгъгæ, мæ бæхæн дон куы бадарин. Ирон адæммæ та рагæй фæстæмæ дæр ахæм æгъдау уыдис, æмæ-иу уазæгæн йæ бæхмæ дæр фысымтæ базылдысты, холлаг ын хæрын кодтой, дон-иу ын бадардтой. Фæлæ иугæр уазæгæн йæхи бафæндыд йæ бæхæн дон бадарын, уæд йæ ныхасыл дыууæ нал загътой æмæ йæ бæхы суадонмæ ныккодта. Уыцы рæстæджы Кодзырты чындз хъæрæмисыл дон æрбацæйхаста. Гаглойты лæппу йæм уæлдай ныхæстæ скодта. Чындз мæстæйдзагæй йæ ведратæ æрæвæрдта æмæ хабар йæ лæг æмæ йæ тиуæн радзырдта. Хъуыддаг уымæ æрцыд æмæ тох рауад се`хсæн æмæ йæ амардтой. Гаглойтæ сæ маст исыны фæндагыл ныллæууыдысты. Иу ахæм бацыдысты Кодзыртæм æмæ сæ ныццагътой. Æнæуый дæр чысыл мыггаг уыдысты. Цæргæ та кодтой Уæллаг Ерманы фыццаг мæсыгы цур. Иу сывæллон лæппу ма дзы баззад æмæ йæ йæ мад хордзены авæрдта, афтæмæй йæхи хохы `рдæм аппæрста. Гаглойты лæппутæй йæ сæ иу фæстейæ басырдта, зæгъгæ, уый та цы хæссыс дæ хордзены æмæ йын уый тæрсгæ-ризгæйæ афтæ бакодта: “Мæнæ мæ гæдыйы лæппыны”. Ницыуал сдзырдта Гаглойы фырт æмæ ус атындзыдта йæ фæндагыл дарддæр. Сылгоймаг ахызтис Хъуды коммæ æмæ æрбынат кодта Ганисы, йæ сывæллоны мыггаг нал баууæндыд рахъæр кæнын, мыййаг æй уым дæр куы ссарой æмæ куы амарой. Æмæ йæ гæдыйы но-мæй рахуыдтой Гæдиатæй. Афтæмæй равзæрд ацы мыггаг.

Абон Уæллаг Ерманы хъæуы кæрон цы стыр дур ис, уый хонынц Кодзырты дур. Ахæм стыр дур уырдæм кæцæй æрхауд, уый бæлвырдæй ничи зоны. Фæлæ Кодзырты уыцы дуры цур кæй ныццагътой, уый тыххæй йæ рахуыдтой Кодзырты дур.

Ахæм стыр дуртæ тынг бирæ рæтты фенæн ис Ерманы. Куыд зæгъынц, афтæмæй Уæллаг Ерманы сæрмæ цы стыр хох ис, уый хæдфæстæ та уыд Сырх хох, афтæ йæ хуыдтой ермайнæгтæ фыдæлтæй фæстæмæ дæр. Уым, дам, кæддæр вулкан стыдта æмæ йæ разæй стыр дурты зæй ахæсгæйæ ныххæццæ сты Згъуыбиры хъæуы гыццыл хиды онг.

ДУГИВÆНТÆ

Советон дуг куы æрбалæууыд æмæ колхозтæ куы арæзтой, уæддæр ма дзы бирæ цæрджытæ уыд. Ууыл дзурæг у, Дæллаг, Астæуккаг æмæ Уæллаг Ерманы дæр хицæн колхозтæ кæй уыд, уый дæр. Ныр Дæллаг Ерманы иунæг цæрæг хæдзар дæр нал ис. Æрæджыйау ма йæ цæрынæн равзæрста Хъабанты Нодар – Къостайы хъæуæй æрбацæуæг. Астæуккаг Ерманы ма ис æртæ цæрæг хæдзары. Уæллаг Ерман дæр раджы федзæрæг. Ам цæрджытæ кæй уыд, уымæн ма æвдисæн сты сæ хæдзæртты бындуртæ.

Уæллаг Ерманы фылдæр цардысты Хъоротæ. Уыдон æмткæй сыстадысты æмæ фæлыгъдысты. Баззад ма дзы иу хæдзар Джелытæй. Асæй къаннæг лæг уыдис, фæлæ тынг хорз амадта дурын систæ. Куы амард, уæд хъæу бынтондæр раафтид. Ныр ма хъæуы йæ царды кой кæны Хуыбиаты Зауыр. Уый бынæттон нæу, æрæджыйау æрбацыд ардæм æмæ йыл хъæууаты ном сбадын нæ уагъта. Фæлæ, хъыгагæн, уый дæр æрæджы фæзиан.

Ерман бæрзонд бынаты кæй ис, уымæ гæсгæ дзы мит бирæ уарыд æмæ-иу æддæмæ ракæсæнтæ нал уыд. Фæлæ-иу  ахæм рæстæджы дæр нæ фæтыхстысты. Ацы хъæуы раздæры цæрæг Фæрниаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй-иу фæндæгтæ нал уыд æмæ-иу фæхицæн сты æддагон дунейæ. Æмæ-иу уæд хъæубæстæ иумæ гæрстой фæндæгтæ хъæуæй-хъæумæ. Уый фæстæ та-иу æрфæд кодтой суанг Рукъмæ. Уæд техникæ кæм уыд, фæлæ архайдтой лæгдыхæй. Архайдтой, цæмæй сæм фæндæгтæ дæр уа æмæ сæ царды уавæртæ дæр хуыздæр уыдаиккой. Ныры дуджы куыд æнхъæлмæ кæсынц искæй къухмæ, уæд афтæ нæ уыд, æппæт дæр уыд сæхицæй кæнгæ, сæхицæй аразгæ.

Ерманы иу чысыл зæххы гæппæл дæр æгуыстæй не ссардтаис, хъæзныг у йæ зæхх, зайы дзы алыгъуызон халсартæ. Бирæ дардтой фос æмæ-иу горæты цæрджытæн уæй кодтой царв, цыхт, картоф æмæ æндæр продукттæ.

Медицинæ куынæма фæзынд, уæддæр нæ тыхстысты ермайнæгтæ. Хъороты Агор, дам, хос кодта алыгъуызон кæрдæджытæй. Фæцардис 156 азы. Уыдис дзы хъæубæстæн æгъдау чи лæвæрдта, уый та уыдис Туаты Пидо. Уыд дзырддзæугæ, æгъдауыл хæст æмæ йæ ныхасы сæрты ахизæн нæ уыд. Архайдта, цæмæй адджынæй цардаиккой хъæубæстæ. Уый та фæцардис 128 азы. Æгъдауджын, куыстуарзагæй хъомыл кодтой ермайнæгтæ сæ кæстæрты дæр. Æгъдауыл лæггад кодтой сæ хъыджы æмæ сæ цины фынгтыл дæр. Нозт кæнын уыцы рæстæджы худинаг уыд канд æвзонг фæсивæдæн нæ, фæлæ хистæр кары адæмæн дæр. Бæргæ æнгом æмæ хæларæй цардысты æртæ хъæуы цæрджытæ дæр, фæлæ ацы хъæу дæр бацис дугивæнты амæттаг. Куыд æндæр хæххон хъæуты, афтæ уырдыгæй дæр ивылын райдыдтой йæ цæрджытæ. Лыгъдысты хуыздæр цардагур æндæр æмæ æндæр рæттæм.

ЦАВÆР ДЗУÆРТТÆМ КУЫВТОЙ ЕРМАЙНÆГТÆ

Кувæг адæм уыдысты Ерманы хъæуы цæрджытæ. Куывтой 7 дзуармæ: Цыргъы дзуар, Уацилла, Мадымайрæм, Аларды, Таранджелоз, Хуыцауы кувæндон æмæ Атынæгмæ. Алы дзуарæн дæр дзы ис йæхи æгъдау. Зæгъæм, Цыргъы дзуары бынмæ Фæрниаты чындзытæн ссæуыны бар нæ уыдис. Уæд, дам, иу ахæмы Фæрниаты чындзытæй сæ иуы бафæндыдис йæ бынмæ ссæуын æмæ йын скувын. Æфсин æй нæ уагъта, нæй гæнæн, зæгъгæ. Фæлæ хивæнд чындз нæ байхъуыста, зæгъгæ, æз æвзæрæй ницы аразын, табу кæнынмæ йын цæуын. Дзуармæ ссыдис, фæкуывта, фæлæгъстæ йын кодта æмæ а-ныр хæдзармæ рацæуа, афтæ чындз йæ къæхтыл нал слæууыд. Адæм дисы ныххаудтой, цы йыл æрцыд, зæгъгæ. Уæд бæлæсты къалиутæ ралыг кодтой, ласæн сарæзтой æмæ йæ афтæмæй æрхæццæ кодтой фæзуатмæ. Уырдыгæй йæ хæдзармæ та галуæрдоныл æрбаластой. Уæд чындз йæ азым бамбæрста, йæ бинонтæ кувинæгтæ скодтой æмæ дзы хатыртæ фæкуырдтой æмæ йæ къахыл слæууыдис. Цыргъы дзуар ис иууыл бæрзонддæр ран.

Ерманы алы дзуарæн дæр уыдис йæхи кувæг лæг. Дзуары лæгтæй сæ иу у Фæрниаты Таймураз. Уый куыд зæгъы, афтæмæй Дзуары лæг уыдис йæ фыды фыд, стæй йæхи фыд, ныр уыцы рад æрхаудта йæхимæ. Ныр та Дзуæрттæн тынг табу кæны Таймуразæн йæхи фырт дæр.

ЗОНАДОН КУЫСТ КÆНЫНÆН РАВЗÆРСТОЙ ЕРМАНЫ ХЪÆУ

Æнусты дæргъы Ирыстонмæ цы бирæ ахуыргæндтæ цыдис æмæ йын стыр хæрзты чи бацыдис, уыдонæй уыдысты цардæмбæлттæ, стыр ахуыргæндтæ – ботаниктæ Буштæ. Уыдон Кавказмæ сорганизаци кодтой æмæ хайад райстой 18 экспедицийы. Куыд ахуыргонд ботаниктæ, афтæ иууыл тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд Хуссар Ирыстон йæ зайæгойты дунеимæ. Уыдон уырдæм фыццаг хатт æрцыдысты 1911 азы, фæлæ дзы цы бирæ алыгъуызон зайæгойтæ зайы, уыдон иртасын райдыдтой 1928 азы. Дыууæ мæйы дæргъы уыдон зонгæ кодтой Ныгуылæн Хуссар Ирыстоны флорæимæ. Сæ хæс уыдис, цæмæй уыгæрдæнты гъæдæн сахуыр кодтаиккой зианхæссæг кæрдæджытæ парахат кæныны аххосаг æмæ хосгæнæн кæрдæджытæ сбæрæг кæнын. Ацы ахуыргæндтæ Хуссар Ирыстоны афтæ бауарзтой æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй æппæт сæ зонындзинæдтæ схæлар кæной ацы диссаджы рæсугъд зæххæн

30-æм азты ахуыргæндтæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны флорæ комплексон æгъдауæй сахуыр кæныны тыххæй æрмæст экспедицитæ фаг не сты. Æнæмæнг хъуыдис стационарон æгъдауæй иртасæн куыстытæ кæнын æмæ уыцы нысанæн равзæрстой бæрзонд хæххон хъæу Ерманы. Æмæ уый æнæхъуаджы нæ уыд. Ам иу кæнынц цыппар комы, кæцытæй алкæмæндæр ис йæхи микрофлорæ. Уырдæм æввахс у Хъелы цад дæр. Афтæмæй 1936 азы кусын райдыдта Ерманы хæххон уыгæрдæнон стационар. Ам æвæрд æрцыдысты метеоприбортæ боныгъæдмæ хъусдарыны тыххæй. Зонадон куыст кæныны тыххæй сын лæвæрд æрцыд зæххы фадыг. 1937 азы стационары куыстой 12 адæймаджы. Азæй – азмæ йæ архайд кодта уæрæхæй уæрæхдæр. Райдыдтой нæмыгонтæ культивизаци кæныны куыстытæ дæр. Фæлæ æнæнхъæлæджы 72-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Николай Буш. Стационары территорийыл ын сæвæрдтой цырт. Уый нæ адæмæн ныууагъта хъæздыг зонадон бынтæ. Сарæзта Ирыстоны ботаникон картæтæ.

Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азты, куысты сæйраг хæс йæхимæ райста Елизаветæ Буш. Æрмæст 1942 азы йæ гербари фæфылдæр 621 ног зайæгойæ. Хæсты фæстæ стационары куыст зынгæ фæактивондæр. Æрвылаз дæр уырдæм цыдысты зонадон кусджытæ, аспиранттæ æмæ студенттæ ССР Цæдисы æндæр æмæ æндæр горæттæй. Ам раконд æрцыд картофы 13 сорты. Æрзайын ма дзы кодтой къабуска, булкъ, хъæдындз, цæхæра æмæ æндæр хуыз халсартæ. Хъыгагæн, Елизаветæ дæр куы амард, уæд стационар бынтондæр рохуаты баззад. Æмæ абон кæд стационар нал кусы, уæддæр Николай æмæ Елизаветæйы нæмттæ фыст æрцыдысты Ирыстоны историйы, нæ адæмы зæрдæйы.

ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ ÆЙ ХОНЫ ЙÆХИМÆ

Ацы хъæуæй æндæр æмæ æндæр рæстæджыты чи фæлыгъди, уыдонæй бирæты фæнды сæ фыдæлты уæзæгмæ фæстæмæ æрыздæхын, гъе та йæ сæрдыгон бонтæ уым арвитын. Фыдæлты уæзæг йæхимæ кæй хоны, уыдонæй сæ иу у Фæрниаты Таймураз. Йæ фыд Тугъаны ном хорз зындгонд уыдис уыцы кæмтты йе `гъдау, йæ куыстуарзондзинадæй. Бирæ фæкуыста Буштæм. Таймураз кæд Ерманы райгуырд, уæддæр хъомыл æмæ ахуыр нæ горæты кодта, фæлæ йæм ныр йæхимæ сиды йæ фыдæлты артдзæст.

“Куыстон мидхъуыддæгты органты. Ныр дæн пенсийы æмæ горæты дзæлгъæды бадыны бæсты сфæнд кодтон мæ фыды артдзæст æрхъарм кæнын. Мæ зæрды ис, цæмæй мæ хуымзæххытæ бакусон. Рæхсын æппæт хъæууон куыстытæм дæр. Мæ ныййарджытæ тынг бирæ фос дардтой æмæ сын сæрдыгон улæфт бонты æххуыс кодтон хоскæрдынæн. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, амы картоф-иу тугыл аскъуыд, афтæ хорз-иу æрзад. Мæ цæстытыл ма ныр дæр уайы, мæ мад-иу цы къабуска ныссагъта, уыдоныл-иу къух зынæй æрбаххæссыд.

Уайтагъд нæ вæййы алцы дæр, фæлæ æппæт дæр цадæггай йæ гаччы сбаддзæн. Дæхи фæллой куы æрбайсай фæззыгон, уæд ма уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа.

Хорз уаид бæргæ, сæ хъæутæй чи фæлыгъдысты, уыдон дæр афтæ куы ныссагъæс кæниккой æмæ куы æрцагуриккой сæ фыды уæзæг.

        БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.