Хисæрмагонд фæндаг равзарыны тыххæй Хуссар Ирыстоны адæмы бахъуыд бирæ фыдæвзарæнты сæрты рахизын. 1990 азы 20 сентябрь бацыд нæ историмæ, куыд ног дуджы райдиан, афтæ. РХИ-йы Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæй сæ иу  нæ республикæйы арæзтады къабазы зынгæ кусæг æмæ хæстон архайдтыты активон хайадисæг Кокойты Валери  нын дзуапп радта нæ цалдæр фарстайæн.

– Валери, цахæмæй бахъуыды кодтай ивгъуыд æнусы знæт, æнæнцой азты?

– Ныр 28-æм хатт банысан кæндзыстæм нæ республикæйы национ бæрæгбон. Æнæ ‘рымысгæ нæй нæ цинтæ æмæ хъыгтæн. Абон но-джы фидардæр æмæ сæрыстырдæрæй у мæ бон зæгъын, раст кæй бакодтам уыцы азты, раст фæндаг кæй равзæрстам. Ацы бæрæгбон махæн, сæйраджыдæр, нысан кæны гуырдзиаг æфсондз не ‘рагъæй аппарын, нацийы размæцыды фæндагыл æрлæууын. Нæ хæдбар паддзахад хъахъхъæнгæйæ, бирæ туг ныккалд, ныккалд, нæ хуыздæрты – нæ фæсивæды туг. Уый мæ тынг риссын кæны, фæлæ сæрыстыр дæн, дзæгъæлы кæй нæ фæцис сæ тугкалд. Раст стæм нæ истори æмæ нæ намысы раз.

Аивгъуыйгæ азты сæрты фæстæмæ куы акæсæм, уæд фендзыстæм, мах хæст кæй нæ хъуыд. Мах æрмæстдæр тырныдтам нæ ирон фарн сбæрзонд кæнынмæ. Бæллыдыстæм дыууæ Ирыстоны баиу кæнынмæ, цæмæй нæ цин æмæ нæ хъыг дæр уа иу.

Рацарæзт куы райдыдта, уæд цадæггай Советон хицауад дæр хæлд. Йе сконды цы республикæтæ уыд, уыдон хицæн паддзахадтæ аразын райдыдтой. Уыцы нымæцы Гуырдзыстон дæр. Уæлбикъоныл нымайын райдыдтой гуырдзиаг адæмы, гуырдзиаг æвзаджы. Хуссар Ирыстоны адæм сагъæсы бын фесты. Æз цы арæзтадон организацийы куыстон, уымæн йæ хистæртæ Тбилисы бадтысты. Сæ ахастæй хатыдтæн, сæ зæрдæйыуаг кæй фæивтой. Хъуамæ, хъуыддагон гæххæттытæ æмæ арæзтадон проекттæ гуырдзиаг æвзагыл арæзт цæуой æмæ уыцы хъуыды кæй зæрдæмæ нæ цæуа, уый, ныууадзæт йæ куыст, зæгъгæ. Нæ адæм дæр цадæггай сæ тыхстдзинад æвдыстой куыстуæтты æмæ уагдæтты, горæты сæйраг уынгты æмæ хъæуты цы æмбырдтæ уагътой, уым.

Æмбырдты цы æнæразыдзинады уынаф-фæтæ истой, уыдон æрвыстой Советон Цæдисы уæды президент Михаил Горбачевмæ. Фæлæ чысыл  Ирыстоны адæмы хъæр, мæт æмæ сагъæс ничи хъуыста. Советон Цæдис, буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, уыцы Цæдис цадæггай пырх æрцыд. Карды бын оххытæй нæу æмæ мах дæр сфæнд кодтам архайын, цæмæй  ирон æвзаг ма фесæфа, ма амæла. Хъуамæ арæзт æрцæуа республикæ – уый фидарæй аскъуыддзаг кодтам, фæлæ нæхи ‘хсæн фæзынд ахæмтæ дæр, кæцытæ дзырдтой, чысыл кæй стæм æмæ нæ бон кæй ницы бауыдзæнис. Сæйраджыдæр, афтæ хъуыдыгæнджытæ уы-дысты партократтæ, бæрнон бынæтты кусæг разамонджытæ. Сæ удтыл мацы æрцæуа, сæ дзæбæх цард ма фæцуда, сæ  къухтæй ма фæиппæрд уа, уый тасæй.

Райдианы нæм политикон цæттæдзинад нæ уыд. Иу барадон гæххæтт-иу райстам, стæй-иу ивд æрцыд йæ мидис. Фæстагмæ сахуыр стæм. Райстам хæдбардзинады акт дæр, ауагътам æвзæрстытæ, референдум. Æппæт уыцы хъуыд-дæгты иу чысыл политикон, юридикон æмæ барадон рæдыд дæр куы æруагътаиккам, уæд нæм абон æндæр, ноджы карздæр цæстæй кæсид Гуырдзыстон. Фæлæ сын уыцы фадат нæ радтам. Уымæн æмæ нæ разæй цыдысты ахæмтæ, куыд Хъуылымбегты Тъорез, Цоциты Алан, Гасситы Знауыр, Къæбысты Ацæмæз, Коцты Гри, Хуыгаты Резо, Коцты Славик æмæ бирæ æндæртæ.

– Дæхи дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бахъуыд аразæджы дæсныйад хъахъхъæнæджы дæсныйадæй фæивын.

– 1989-90 азты гуырдзиаг гарзджын баиугæндтæ сæ сæйраг тых сарæзтой Цхинвалы районы арæнгæрон хъæутæм. Цъыбырттысыгъд бакодтой Хелцуа, Ксуис æмæ Уанаты хъæуы ирон хæдзæрттæ, атардтой сын сæ фос. Тас уыд иннæ æввахс хъæутæ – мæ райгуырæн хъæу Дменис, стæй Къохат, Сарабукъ, Стырком, иннæтæн дæр. Амы цæрæг адæммæ тыхтæ кæм уыд хи бахъахъхъæнынæн, фæлæ уæддæр сæхи уæндонæй кæй æвдыстой, уый мæ зæрдæмæ цыд æмæ сæм æрбаиу дæн. Республикæйы уавæр уæлдай тынгдæр скарз 25 апрелы фæстæ. Уæд Цхинвалæй сусæгæй ацыдысты Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады мидæг-гагон æфсæдтæ. Уыцы уавæрæй спайда кодтой знæгтæ. Чысыл Леуахийы коммæ ацæуæнтæ нал уыд, Ереды Гуырдзыстонæн цы тыхон структурæтæ уыд, уыдоны тасæй. Рæууатмæ æрцыдысты ацы хъæуы цæрджытæ. Зар æмæ Църуйы хъæдты уыргæфтыд фесты ацы комы цæрæг лæппутæ, сæ мæрдты дæр ууылты астæумæ мит æмæ лæхъир цъыфты куы ластой. Тынг зын уыд уыцы азты ацы хъæуы цæрджы-тæн. Æрмæстдæр лæппуты ‘хсæн цы иудзинад уыд, уый фæрцы ист не ‘рцыдысты ацы хъæутæ. Сабыр царды фæндтæ чи нывæста, сæ фидæны царды хъуыдытыл чи уыд, уыцы фæсивæды бахъуыд, цы зæххыл райгуырдысты, уый æдхæ-цæнгæрзтæ хъахъхъæныны сæр. Ам мын æнæрымысгæ нæй Дыгъуызты Гарикы. Тасдзинад цы уыд, уый зонгæ дæр нæ кодта. Чизоны хъысмæтæй ацы æвзонг лæппумæ цахæм фидæн æнхъæлмæ каст. Чизоны суыдаид, Ирыстон абон сæрыстыр кæмæй уаид, ахæм адæймаг, йе  ‘взонг цард ын куынæ аскъуыдтаиккой, уæд. Æмæ нæм цас ис Дыгъуызты Гарикы хуызæттæ… Дуне йæ дæлбар бакæнынмæ хъавæг Америкæ йæ сæрхъызой кæмæн у, уыцы Гуырдзыстонæй нæ хæдбардзинад байсæг, хъæбатыр лæппуты нымайын куы райдайæм, уæд бирæ, тынг бирæ рауайдзысты.

– Дæ фæндиæгтæ куы зæгъис нæ адæмæн бæрæгбоны размæ.

– Ирыстон у ирон адæмы фыдæлты зæхх æмæ дзы хъуамæ цæрын æмæ кусыны фадат уа алы иронæн дæр. Ирыстоны йæ зын рæстæджы чи нæ ныууагъта, йæ сæр чи нæ бафснайдта, фыццаг ныхасы бар хъуамæ уа уыдонæн. Ам мæ сæрæй ныллæг кувын канд хæцæг лæппутæн нæ, фæлæ ма хъæутæй чи нæ фæлыгъд, уыцы адæмæн дæр, скъолаты куыст нымæг кæнын чи нæ бауагъта, уыцы ахуыргæнджытæн, цæфтæн фыццаг æххуыс чи кодта, уыцы дохтыртæ æмæ медицинон хотæн…

Нырма нæ бирæ хъæуы саразын. Кæд 28 азы размæ фæдисы хъæр кодтам, гуырдзы нын не ‘взаг исынц, зæгъгæ, уæд ныр дæр уадиссаг хорз уавæры нæй. Уæд чи хъæр кодта, уыдонæй ныр дæр дыууæ хъуыдыйаты йæ мадæлон æвзагыл зæгъын чидæртæ нæ хæссынц сæ сæрмæ.

Кад кæнæм нæхицæн, не ‘взагæн, нæ республикæйæн! Арфæгонд уæнт нæ адæм иууылдæр!

 

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.