15-æм февралы 31 азы сæххæст Афганистаны территорийæ Советон Æфсады фæстаг салдат куы рацыд, уыцы боныл. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр фыдæбæттæ æмæ фыдбылызтæй хызт никуы уыдысты æмæ дард Афганистаны зæххыл дæр ирон лæппутæ бавзæрстой тынг бирæ хъизæмæрттæ, бирæтæ дзы ацы æцæгæлон бæстæйы ссардтой сæ мæлæт дæр.

Советон æфсæдты Афганистаны территоримæ бакондæй фæстæмæ сæ хъизæмæрттæ райдыдтой ирон лæппутæ æмæ уыдонимæ сæ ныййарджытæн дæр. Хуссар Ирыстоны чысылнымæц цæрджытæй афгайнаг хæсты хайад райстой 200 лæппуйы бæрц.

Дард æцæгæлон Афганистаны зæххыл бирæ уæззаудзинæдтæ бавзæрста нæ горæты Мæскуыйаг микрорайоны цæрæг Плиты Валери (Хъазбег) дæр. Райгуырд 1965 азы Цхинвалы районы Чирцъинайы хъæуы. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты скъола-интернаты. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цхинвалы профессионалон техникон ахуыргæнæндоны. Ацы ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ, йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Дард балцы йæ фæндараст кодтой йæ ныййарæг мад Гæбæраты Варя, йæ хо æмæ йæ дыууæ æфсымæры, фæлæ уæд уарзæгой мад кæцæй зыдта, йæ хъæбулы цæхæрмæ кæй æрвиты, уый. (Цыппар сывæллоны мад схъомыл кодта иунæгæй, йæ цардæмбал  Местор цæрынхъуагæй кæй фæзиан, уымæ гæсгæ). Йемæ ма Цхинвалæй æфсадмæ ацыд Лохты Мурат дæр. Дыууæ дæр бахаудтой Казахстаны æфсæддон хаймæ æмæ службæ кодтой иу полкы. Валери уыд БТР-ы шофыр. Казахстаны иу азы бæрц баслужбæ кæнгæйæ, хъысмæты фæндонмæ гæсгæ Лохты Мурикимæ бахаудтой Афганистаны зæххмæ.

Казахстаны æфсæддонты къамисы рацæуын кодтой, иу мæй сын уагътой æфсæддон ахуыртæ. Мæскуыйæ сын æркодтой ног æфсæддон техникæ æмæ сæ уыдоныл ахуыр кодтой. Афтæмæй сырæзт 4-æм  гвардион мотоæхсæг батальон 500 адæймаджы скондæй. Æфсæддон ахуыртæ куы фесты, уæд сæ сæвæрдтой эшелоныл æмæ сæ арвыстой Туркменистаны æфсæддон зылдмæ. Уым дæр сын иу мæйы дæргъы полигоны уагътой ахуыртæ æмæ та сæ  уый фæстæ сæвæрдтой эшелоныл æмæ сæ баластой æфсæнвæндаг кæйонг цыд, уыцы арæнмæ. Гæрзифтонгæй сæ æхсæвы  бакодтой Афганистанмæ Кушкайы арæныл. Куы æрбабонис, уæд фыццаг хатт æввахсмæ федтой афгайнаг адæмы. Уæдмæ Кандагарæй сæ размæ æрцыд дæлбулкъон Николенко йæ дæлбар кусджытимæ. Рæнхълæуд сæ скæнын кодтой æмæ сын ауагътой инструктаж. Уырдыгæй æртæ суткæйы дæргъы батальон фæцыд Кандагары провинцимæ.  Валерийыл цыд 19 азы.

«Кандагары уал фыццаг æрбынат кодтам йæ хуссар фарсæрдыгæй æмæ нæ цæмæй уырдыгæй æдасæй æфсæддон хаймæ бакодтаиккой, уый тыххæй нæ хъахъхъæдтой куыд уæлдæфæй, афтæ зæххыл дæр. Æфсæддон хайы нæ размæ уым цы 3-аг мотоæхсæг батальон уыд, уый æндæр ранмæ акодтой æмæ мах батальон та сæ бынаты равæрдтой. Ам дæр нын æфсæддон ахуыртæ уагътой иу мæйы бæрц æмæ нæ уый фæстæ æрвитын райдыдтой хæстон операцитæм. Бирæ хатт-иу цалдæргай мæйты дæр баззадыстæм Афганистаны хæхты. Уыдтæн БТР-70 шофыр-механик. Командæ кæнынад-иу нын радта хæслæвæрд, зæгъгæ, уым сты душмантæ æмæ сæ кæнæ амынæты ракæнут кæнæ та сæ скуынæг кæнут. Мах кæм уыдыстæм, уыцы бынатæй  Пакистаны ‘хсæн уыд æрмæстдæр 35 километры. Пакистаны уыдысты душманты хæстон лагертæ, уым сæ ахуыр кодтой хæцын æмæ уырдыгæй хызтысты Афганистаны территоримæ».

Плиты Валери Афганистаны кæй службæ кодта, уый  не схъæр кодта йæ мад Варяйæн. Зынджы цæхæры кæй уыд, уый загъта йæ хистæр æфсымæр Викторæн. Бафæдзæхста йæ, цæмæй сæ мадæн мацы зæгъа, уый тыххæй. Фæлæ мадмæ йæ хъæбулæй фыстæджытæ куынæуал хæццæ кодтой, уæд йæ зæрдæ æнцойад нал ардта æмæ та-иу æрцыд Цхинвалы æфсæддон къамисариаты уæды хистæр Мæхъиты Гураммæ. Уый дæр-иу ын алы æмæ алы æфсæнттæ акодта.

 «Иу хатт нæ командæкæнынад арвыста хæхтæм 4-мæйон хæстон операци сæххæст кæнынмæ. Уыцы хæхты душмантæн уыд лæгæттæ, цыран уыдысты сæ хæцæнгæрзтæ, хæлцадон продукттæ æмæ сын сæ хъуамæ байстаиккам. Цалынмæ хохмæ нæ рацыдыстæм, уæдмæ уал развæдсгæрсты верттæхæгыл рацыдысты инæлар æмæ ма цалдæр адæймаджы, фæлæ сæ душмантæ æрæппæрстой æмæ иууылдæр фæмард сты. Уый фæстæ нæ арвыстой уыцы хæхтæм дæр. Фæндагыл иуæй минæтæ æвæрд уыдысты, иннæмæй та уыд нарæг æмæ дзы нæ техникæ цыд зынтæй. Иу къуыримæ йыл нæ ахызтыстæм, фæндаджы хъуыд минæтæй асыгъдæг кæнын. Ацы фæндагыл æрцыд æнамонд цау дæр, былæй ахаудтой машинæ æмæ БМП æмæ сæ уæлæ чи уыдысты,  уыдон иууылдæр фæмард сты. Душмантæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, сæм мах бацæудзыстæм ныхырдыгæй æмæ сæхи æрцæттæ кодтой, фæлæ сæм бацыдыстæм чъылдымæрды-гæй. Бацайдагъ сты карз тохтæ. Кæд стыр зындзинæдты бахаудтам, уæддæр ацы цыппармæйон операци сæххæст кодтам æнтыстджынæй æмæ территори асыгъдæг кодтам душмантæй».

1986 азы Плиты Валери Афганистанæй æрцыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ йын йæ мад  стыр куывд скодта. Уый кусын райдыдта нæ горæты 2667-æм автоколоннæйы. Фæлæ 1989 азы райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд. Гуырдзы фыццаг хатт горæтмæ куы æрбацыдысты, уæд Валери лæууыд лæппуты фарсмæ. Арæзтой баррикадæтæ горæты уынгты. Мæскуыйы уынджы цæхгæрмæ йæ ЗИЛ сæвæрдта Плиты лæппу дæр. Уæд машинæйы уæлæ уыдысты завод «Эмальпровод»-ы продукци, хъуамæ сæ аластаид Украинæмæ. 1991 азы хæцæг лæппутæн дыууæ хатты хæцæнгарз æрласта Дзæуджыхъæуæй. Постыты цы лæппутæ лæууыд, уыдон ын цыдæриддæр хæс кодтой, уыдон æххæст кодта. Хъæутæм ласта ссад æмæ æндæр продукттæ, фæстæмæ та ласта адæмы. Зары фæндагыл дзулфыцæн комбинатмæ ласта ссад æмæ афтæ дарддæр.

1992 азы Чирцъинайы гуырдзиæгты нæмыг сæмбæлд Валерийы галиу къухыл æмæ йын ныскъуыдтæ кодта йæ тугдадзинты. Посты лæппутæ йæ аластой Дзауы рынчындонмæ, уырдыгæй та ацыд æмæ йæхицæн дæргъвæтин рæстæджы хос кодта Æрыдоны рынчындоны. Куы фæсæрæн ис, уæд та йæ машинæйыл æххæст кодта алыгъуызон куыстытæ. Фæлæ йын фæстæдæр Цхинвалы  куыст кæй нал уыд, уымæ гæсгæ, кусын райдыдта Зæрæмæджы ГЭС-ы арæзтады. 2008 азы августы хæст куы райдыдта, уæд цард æххуырст хæдзары Хъайтарты уынджы. Хæдзары уыдысты йæ цардæмбал йæ дыууæ сывæллонимæ æмæ йæ усы хо йæ сывæллонимæ, кæцы цæры Тюмены æмæ сæм æрцыд уазæгуаты. Гуырдзы куы æрбацыдысты горæтмæ, уæд байдзаг сты сæ хæдзары кæрты æмæ ма  сывæллæттæн  цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Бæргæ йæм уыд гранаттæ, фæлæ сæ куы фехстаид, уæд тас  уыд йæ сывæллæтты йын куы бахъыгдардтаиккой, уымæй. Йæхи цардыл æппындæр нæ хъуыды кодта.

Абон Плиты Валери кусы «Дорэкспострой»-ы, нæ горæты уынгтыл æвæрынц асфальт. РХИ-йы Хицауады ‘рдыгæй æнæхъусдардæй нæ баззадысты Валерийы лæггæдтæ. Хорзæхджын æрцыд «На страже мира РЮО» æмæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10-азы сæххæсты сæраппонд» майдантæй. Афтæ ма хорзæхджын у РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æмæ Инвалидты фонды Кады грамотæ-тæй. Уый кæд уæззау фæндæгтыл рацыд, уæддæр баззад уæздан æмæ хиуылхæцгæ адæймагæй.

Валери йæ цардæмбал  Бесаты Ларисæимæ сты амондджын ныййарджытæ. Сæ дыууæ хъæбулы дæр сты бæстонгонд, ис сын æртæ хъæбулы хъæбулы æмæ сæ хурæй æфсæст уæд.

Плиты Валери мæм бахатыд, цæмæй йæ номæй арфæйы ныхæстæ зæгъон Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Муратæн афгайнæгтæм йæ хъусдард æмæ аудындзинады тыххæй. Афтæ ма арфæ кæны æппæт афгайнæгтæн сæ бæрæгбоны сæраппонд.

                      ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.