Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсе æмæ Туркы Президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган уынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл телефоны ныхас кæнгæйæ. Ныхасы рæстæджы уыдон бафидар кодтой сæ цæттæдзинад Сирийы деэскалацийы зонæты эффективон куысты тыххæй Уæрæсе, Турк æмæ Ираны архайдтыты æнгом координацийы, афтæ ма Сочийы сирийаг национ диалогы конгрессы рæстæджы къухтыбафтгæ бадзырдты фæдыл. Уыдон ма уынаффæ кодтой Сирийы цæгат-ныгуылæн хайы уавæры темæйыл, уыцы нымæцы Африны районы туркаг хæстон операци хынцгæйæ. Банысанчындæуыд уæрæсейаг-туркаг æмгуыстады рæзты æвæрццаг динамикæ.

Бахъаст кæндзысты

тæрхондонмæ

Уæрæсейаг биатлонисткæтæ тæрхондонмæ хъаст бадæтдзысты Мæскуыйы антидопингон лабораторийы экс-сæргълæууæг Григорий Родченковыл, – уый тыххæй фехъусын кодта дыууæ хатты Олимпион чемпионкæ Ольга Зайцева. Уымæй дарддæр ма хъаст бадæтдзысты Ольга Вилухина æмæ Яна Романова. Уыдонæй алкæцы дæр домы компенсаци 10 милуан доллары.

Протесты акцитæ

АИШ-ы горæтты уагъд æрцыдысты протесты дзыллон акцитæ, Флоридæйы скъолатæй сæ иуы 17 адæймаджы трагиконæй куы фæмард сты, уый фæстæ. Америкæ-йаг скъоладзаутæ домынц, цæмæй сæ бахъахъхъæной.

Йæхи схуыдта уæлдай карздæр

АИШ-ы Президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы ахасты уадзы Обамайæ ноджы карздæр политикæ. Трампы хъуыдымæ гæсгæ, Обамайæн йæ бон уыд, фæлæ нæ бахызта Хъырымы Уæрæсеимæ баиу кæнынæй, афтæ ма бауагъта Сирийы уæрæсейаг æндæвдад фæтыхджындæр кæнын.

Бахауд æхстыты бын

Сирийы æнæзакъонон хæстон къордтæ Скæсæйнаг Гутайæ сатакæ кодтой Дамаскы цæрæн кварталтæ, уазæгдæттæ æмæ фидыдады фæдыл уæрæсейаг центры. Æхстыты фæстиуæгæн уды зиæнттæ ис цæрджыты ‘хсæн, хъыгдард баййæф-той хæдзæрттæ.

Фæфылдæр уыдзысты

социалон пенситæ

УФ-йы Фæллойы министрад фæндон бахаста 1-æм апрелæй социалон пенситæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Индексаци фадат ратдзæн 3,9 милуан пенсиисджытæн сæ пенсион ифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, уыдонæй 3,1 милуан адæймаджы сты социалон пенсиисджытæ.

Ралыгъдысты Туркæй Грецимæ

Грекъаг дзыллон информацийы фæрæзтæ хъусын кæнынц туркаг чиновникты дзыллон алыгъды тыххæй, кæцытæ рахъаст кодтой, хицауад сæ фæдыл кæй зилы, уый тыххæй. Туркаг 17 паддзахадон службæгæнæджы æмæ тæрхонгæнæджы рахызтысты грекъаг сакъадах Инуссесы. Донбылгæрæтты хъахъхъæнджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ,  фæсарæйнæгтæ уырдæм бацыдысты дымсгæ науыл. Лигъдæтты æрцæрын кодтой мигрантты регистрацийы центры. 17 адæймаджы се ‘ппæт дæр ракуырдтой ацы бæстæйы политикон æмбæхсæндон.

Делегаци бабæрæг кодта

Швейцарийы

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ фыццаг хатт 19 азы дæргъы бабæрæг кодтой Швейцарийы. Паддзахадон думæйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы æмæ Швейцарийы хъуыддагон æмæ бизнес-æмæхсæнады хъæуы ног форматы æмгуыстад кæнын. Уый суаид дыууæ бæстæйы экономикон ахастыты рæзты стимул, банысан кодта Володин, кæцы лæууы делегацийы сæргъ. Уыдон фембæлдысты швейцариаг парламентаритимæ. Володин æмæ Швейцарийы Конфедерацийы национ советы сæрдар Доминик де Бюман æруынаффæ кодтой закъондæттынадон фадыджы æмгуыстадыл.

Клуб «Валдай»

Дыууæ боны дæргъы Мæскуыйы уагъд цыд клуб «Валдай»-йы Æввахсхурскæсæн конференци. Конференцимæ æрцыдысты зындгонд политологтæ – 30 бæстæйæ 130 делегаты. Уыдон уынаффæ кодтой, Сирийаг Арабаг Республикæйы уавæр  куыд æрбæстон кæнын хъæуы, уый тыххæй. Конференцийы хайадисджытæ уынаффæ кодтой планетæйы иууыл конфликтондæр регионтæй сæ иуы тыххæй. Конференци хуынд «Россия на Ближнем Востоке: игра на всех полях». Уый у 7-æм конференци, кæцыйы уадзы Уæрæсе. Ацы конференци хицæн кодта уымæй, æмæ дзы хайад истой æрмæст интеллектуалтæ-политологтæ нæ, фæлæ ма уынаффæтæ чи исы, уыдон  – Иран æмæ Саудоваг Арави, Сири æмæ Турк, Израиль æмæ Палестинæйы минæвæрттæ. Æгæрыстæмæй, æппæт уыдоны иу ран æрбадын кæнын дæр хуымæтæджы хæс нæ уыд.

Уынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны уавæрыл

Уæрæсе æмæ Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджытæ Сергей Лавров æмæ Мохаммад Джавад Зариф Мæскуыйы сæ фембæлды рæстæджы банысан кодтой æввахсхурскæсæйнаг регионы проблемæты фæдыл бæстæты позицийы æнгæсдзинад. «Абоны æндыгъддзинады рæстæджы æнæмæнгхъæуæг у процессты фæдыл кæрæдзийæн хъуыдытæ зæгъыны фадаттæ бахъахъхъæнын, – загъта С. Лавров.

Рауагъта хисæрмагонд

криптовалютæ

Венесуэлæ рауагъта йæхи сæрмагонд криптовалютæ «петро». Иу «петро» лæууы 60 доллары. Венесуэлæ план кæны 38,4 милуан иуæджы криптовалютæ среализаци кæнын. Венесуэлæйы алы цæрæгæн дæр йæ бон у токен балхæнын 60 долларæй. Хисæрмагонд криптовалютæ, кæцы фæахъаз уыдзæн бæстæйы экономикæ сфидар кæнынæн, рауагъд æрцыд бæстæйы официалон хицауады уынаффæмæ гæсгæ, – фехъусын кодта Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро.

 

«Хæсты тыххæй» закъон

Украинæйы президент Петр Порошенко йæ къух æрфыста афтæхуыйнæг Донбассы реинтеграцийы тыххæй закъоныл, кæнæ ма йæ куыд хонынц «хæсты тыххæй» закъоныл, кæцы Уæлдæр Рада райста 18-æм январы. Символикон уый у, æмæ закъоныл йæ къух кæй æрфыста æфсæддон кабинеты рабадты, кæцы уæлдай хатт нысан кæны ног закъондæттынадон акты нысаниуæг. «Ацы закъон бæрæг тыхджындæр кæны Украинæйы гарзджын тыхтæ æмæ æндæр тыхон дæлхæйттæй спайда кæныны барадон базæ нæ паддзахады бахъахъхъæныны тыххæй», – фехъусын кодта Порошенко.

 

Мысынц трагикон цауты

Украинæйы мысынц Майданы цыппар азы размæйы æрцæугæ трагикон цауты. Кæд цыппар азы рацыд, уæддæр аххосджынтæ æфхæрд нæ баййафтой. Украинæйы абоны хицауад аххосджын кæны экс-президент Януковичы. Фæлæ æвдисæнтæ – гуырдзиаг снайпертæ цæттæ сты тæрхондонæн зонæнтæ радтынмæ, зæгъгæ, сæ Киевмæ арвыста Михаил Саакашвили, æмæ сын æхсыны тыххæй бардзырд та радтой Уæлдæр Радайы депутаттæ Сергей Пашинский æмæ Владимир Парасюк.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.