НЫХАС УКРАИНÆ ÆМÆ СИРИЙЫ ЦАУТЫ ФÆДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Германы канцлер Ангела Меркель æмæ Францы президент Эммануэль Макронимæ. Ныхасы рæстæджы Путин банысан кодта ИНО-йы Æдасдзинады советы рабадты иуæй-иу бæстæтæ, уыцы нымæцы Франц æмæ Герман дæр æвзаджы тыххæй Украинæйы ног закъоны фæдыл æруынаффæ кæныны ныхмæ кæй рацыдысты, уый тыххæй. Афтæ ма Путин загъта, зæгъгæ, æнæмæнгæйдæр хъæуы Минскы бадзырдтæ æххæст кæнын. Лæмбынæг æруынаффæ кодтой Сирийы цæуæг цауты, афтæ Идлибы тыххæй дæр, цыран радикалтæ халынц æхстытæ æруромыны режим. Уæрæсе æмæ Турк иумæ сæ хъус дарынц идлибаг деэскалацийы зонæйы фидыдад куыд хъахъхъæд цæуы, уымæ æмæ исынц мадзæлттæ террористон тæссагдзинæдты ныхмæ тох кæныны тыххæй.

ТЕРРОРИСТТÆ  ÆМХÆЛАРАДОН БÆСТÆТЫ АРÆНТЫ ЦУР

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы сæргълæууæг Александр Бортников куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ террористон къордты 5 мин хайадисæджы бæрц сты Афганистаны цæгаты Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты арæнты цур. Террористты фылдæр хай конд у Æмхæларады бæстæты æмбæстæгтæй, кæцытæ хайад истой Сирийы хæстон архайдтыты. Уыдон лигъдæтты æмæ кусæгон мигрантты руаджы æрбацæуынц Æмхæларады бæстæтæм. Бортников æрсидт Æмхæларады арæнтæ сфидардæр кæнынмæ.

УРÆД ÆРЦЫД

Мæскуыйы урæд æрцыд ИГИЛ-ы террористтæн финанстæ æрвитынæй зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыцы адæймаг. Уый цыппар азæй фылдæр æхцайы фæрæзтæ хынцыдта дунеон террористон организаци «Пысылмон паддзахад»-æн, афтæ ма пысылмон фонд «Мухаджирун»-ы бындурвæрæг Исраил Ахмеднабиевæн. Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2015 азы январæй 2019 азы майы мæйæ уый, бангон картæтæй спайда кæнгæйæ, террористтæн ахынцыдта 50 милуан сомы.

БАХАСТА ФÆНДОН

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро фæндон бахаста æмгъуыдæй раздæр бæстæйы Национ ассамблеямæ (парламент) æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй. «Цæй æмæ ауадзæм Национ ассамблеямæ æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ, цæмæй фенæм адæм кæй тыххæй схъæлæс кæндзысты æмæ чи фæуæлахиз уыдзæн, уый», – загъта Мадуро. Венесуэлæйы закъонмæ гæсгæ республикæйы иупалатон парламентмæ æвзæрстытæ уагъд хъуамæ æрцæуой 2021 азы.

               БАКОДТОЙ УГОЛОВОН ХЪУЫДДАГ

Украинæйы фæдæвзарæн паддзахадон бюро уголовон хъуыддаг бакодта бæстæйы раздæры президент Петр Порошенкойы ныхмæ паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны тыххæй. Фæдæвзарыны бындур ссис Украинæйы уый размæйы президент Виктор Януковичы администрацийы сæргълæууæджы раздæры хæдивæг Андрей Портновы куырдиат. Дзырд цæуы ивгъуыд аз ноябры мæйы Украинæйы æфсæддон-денджызон тыхты наутæ Керчы донкъубалыл ацæуынмæ куы бафæлæвæрдтой æмæ сæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ куы æрцахстой, уыцы цаутыл. Портнов аххосджын кæны Порошенкойы, зæгъгæ, паддзахады сæргълæууæг уæвгæйæ, Керчы донкъубалмæ барæй арвыста денджызонты кæд æмæ йæ зыдта уыдон кæнæ амынæты бахаудзысты кæнæ та фæмард уыдзысты, уæддæр. Афтæмæй уый паддзахадыл рацыд гадзрахатæй.

КАРЗ УЛЬТИМАТУМ

Иугонд Штаттæ карз ультиматум сæвæрдтой Туркæн уæрæсейаг С-400 кæй æлхæны, уый тыххæй. Æмæ йын ахъуыды кæнынæн радтой дыууæ къуырийы. Уыцы рæстæгмæ Турк хъуамæ фехала йæ бадзырд Уæрæсеимæ зенитон ракетон комплекстæ С-400 балхæныны тыххæй, кæцытæ, зæгъ, æмбæлон не сты НАТО-йы стандарттæн. Комплекстæн сæ аргъ у дыууæ миллиард æмæ æрдæг доллары.

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Владимиры областы уæрæсейаг тыхон структурæты кусджытæ фæсыкк кодтой теракт саразын, кæцыйы хъуамæ бирæ адæм кæм змæлы, ахæм бынаты сарæзтаиккой дыууæ боевикы. Владимиры областы уыцы дыууæ боевикы куынæг æрцыдысты.

Информацион агентадты хъусынгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.