Хи æнæниздзинадмæ уæлæнгай цæстæй кæсæн нæй. Уый тыххæй æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй нæ алфæмблай уа сыгъдæг. Куыд зонæм, афтæмæй канд махмæ нæ, фæлæ æгас дунейы дæр катайдзинад æвзæрын кæны экологийы фарст.

Цæмæй адæймаг йæхицæн дæр æмæ æрдзæн дæр зиан ма хæсса, уый тыххæй утилизацигонд хъуамæ цæуой, экологтæ катайдзинад цы броны хуызты тыххæй æвдисынц, уыдон.

Фæстаг рæстæджы Уæрæсейы горæтты фæзынд сæрмагонд асыччытæ, цыран æмбырд цæуынц мобилон телефонты æмæ æндæр хуыз зæронд батарейкæтæ. Афтæ ма чи басыгъд æмæ йæ куыст чи нал кæны, ахæм электроцырæгътæ æмæ тæвдбарæнтæ. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон сты зианхæссæг. Иу батарейкæ уæззау згъæрæй чъизи кæны 20 квадратон метры зæххы фæзуат  кæнæ та 400 кубикон метры дон. Зæронд батарейкæтæй цы тæссаг згъæр цæуы уæлдæфмæ, уый адæмæн дæр æмæ цæрæгойты дунейæн дæр у зианхæссæг. Кæд броны бирæ хуызтæ зæххы утилизацигондæй ницы тæссагдзинад хæссынц, уæддæр уæлдæр ранымад згъæртæ та зæххы бын дæр вæййынц тæссаг. Уый фæдыл не ‘хсæнадмæ фаг информаци кæй нæй, уый тыххæй арæх фенæн вæййы зæронд батарейкæтæн хæдзары, уынджы æппæрстой, хатт дзы сывæллæттæ хъазгæ дæр фæкæнынц. Уыдонæн сæрмагонд брондæттæ саразын кæй хъæуы, уый æмбаргæйæ, нæ горæты сырæзт хистæркъласонтæй совет. Йæ сæргълæууæг у Джиоты Константин – гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинаг. Ахуыр-гæнинæгтæ ауадзын хъавынц акци «Сдай батарейку –  спаси планету!», зæгъгæ.

Джиоты Константин куыд зæгъы, афтæмæй уыдон ацы инициативæ райстой нæ цæгаттаг æфсымæртæй. «Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны стырдæр магазинты фæзынд сæрмагонд асыччытæ, цæмæй уырдæм цæрджытæ хæссой, йæ куыст чи нал кæны, ахæм батарейкæтæ, лампоч-кæтæ, электроцырæгътæ æмæ тæвдбарæнтæ. Афтæмæй зæронд батарейкæтæ æппæрст нал цæуынц иннæ брæттимæ. Асыччытæ сты æхгæд, цæмæй сæ тæссаг буарад æддæмæ ма æнхъæвза. Цы батарейкæтæ сæ æрæмбырд вæййы, уыдоны æмбырд кæнынц иу ранмæ æмæ сæрмагонд контейнеры æрвыст æрцæуынц Челябинскмæ хауæццæгты заводмæ. Ам уыдоныл ногæй баку-сынц æмæ сæ пайда цæуы дыккаг хатт. Афтæмæй дуне ивæрзын кæнынц экологион катастрофæйæ. «Мах бахатыдыстæм иннæ скъолаты хистæр-къласонты советтæм, цæмæй ахæм куыст бакæнæм нæ республикæйы æмæ æндæр рæтты дæр.

Алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд нæ инициативæ. Не скъолаты бахизæнты мах сæвæрдтам æхгæд урнæтæ – 5 литруат пластикон мигæнæнтæй. Азыл-дыстæм канд хистæр нæ, фæлæ кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтыл дæр. Бамбарын сын кодтам, иу чысыл батарейкæ дæр цас зиан хæссы адæймаг æмæ æрдзæн. Ныр ацы сæрмагонд урнæтæм хæссын райдыдтой зæронд батарейкæтæ суанг райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр.

Адæм цас тагъддæр фæцайдагъ уой уыцы хъуыддагыл, уыйбæрц сæхицæн уыдзæн хуыздæр. Мах хъавæм тагъд уыцы акци ауадзын горæты æндæр уагдæтты дæр», – зæгъы Джиоты Константин.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.