Нафийы  номыл  премийы  уæлахиздзаутæ

 

Нæ литературæйы зиууæттæй, прозæйы дæр æмæ поэзийы дæр, ис ахæмтæ æмæ сын се сфæлдыстад никæимæ фæивддзаг кæндзынæ. Текст æнæ авторæй куы бакæсай, уæддæр æй базондзынæ кæй фыст у, уый. Уый курдиатыл дзурæг у. Мæ ныхас у курдиатджын поэт Абайты Эдуарды чиныг “Цæххы тæпп”-ыл. Ацы чиныджы тыххæй поэт æрæджы сси Джусойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреат.

Ирыстоны бирæ курдиатджын поэттæ уыд æмæ ис, фæлæ уыдоны æхсæн йæ хæдхуыздзинадæй хицæн кæны Абайты Эдуарды поэзи.  Хицæн та тынгдæр кæны йæ ныхасы гъæдæй. Эдуард æдзух пайда кæны архаизмтæй. Чи ферох, арæх кæмæй  нал пайда кæнæм, уыцы ныхæстæй самайы йæ хæдбындур поэтикон уацмыстæ. Йæ поэзи дæр æндæртæй цæхгæр уымæй хицæн кæны. Абайы-фыртмæ нырыккон цардыл фыст ис хæрз чысыл æмдзæвгæтæ. Уымæн æмæ уый цæры æмæ фæлдисы ивгъуыдæй. Уый у йæ зарджыты, йæ поэзийы сæр. Йæ сабидуджы, йе ‘рыгон бонты цы федта, цы фехъуыста, йæ бинонтæй, хистæртæй цы фарн рахаста, уый хæссы чиныгкæсæджы размæ. Поэтæн адджын у йæ фыдызæхх.

Мыггаг дæн æз ацы сыгъдæг зæххы хуымæй

Æмæ йæм фæстæмæ дæр фездæхын уымæн…

” Æууæндын”

Поэты йæ сæнттæ йæ рагбонтæм уыйбæрц ахæссынц, æмæ сæ йæ уд æрцæры. Адæймаг февзæры уæды дуджы, “суæртты сыгъдæг”, “бурачъи бур фæззæг”, “хур – сойыфыхау” кæм ис, “хуырхæг æмæ хуырхы пъæра” “сылымизгæ фæлмæн цыхт” кæм хæрынц, “хъæл æмæ лæдзæг”, “къори æмæ селайæ” кæм хъазынц…  Байхъусæм ма йын йæ сабибонты мысинæгтæм:

Камарийы хуызæн – фæндаджы тæлм

Хъазын цæликъайæ, гаккырисæй…

Тар æмхор дзуллагау – фæндаджы рыг

Гом къæхты саггæмтæй пихлой кæны.

 

Уахъæз мæ цъититы ронгæй хынцы

Баканчыритæ дæн, бакъæбæлдзыг.

Райхæлди нартхоры ныхасдзæкъул

Цыма дзыхыкъæбæл бадтус чызг у.

“Камарийы хуызæн”

Æмдзæвгæ фыст у хъæздыг ирон æвзагыл, адæймаджы ахæссы йæ сабибонтæм, кæд дзы иуæй-иу ныхæстæ кæмæндæрты зын бамбарæн сты, уæддæр. Уымæн æмæ сæ абоны царды арæх нал пайда кæнæм. Поэтæн йæ курдиаты тых дæр уый мидæг ис. Эдуарды поэзи уый тыххæй быцæутæ дæр бирæ хæттыты расайдта, æнæбындур, цы нæ зоны, ахæм  ныхæстæ ссары, зæгъгæ, фæлæ уый афтæ нæу.

Эдуарды поэзийы стыр бынат ахсы бинонты, ныййарджыты темæ. Поэт мысы йæ рухсыбадинаг  мады:

Сызгæ ныр дæндагсастæй, дæ пирæн.

Пирæнгом дæр нал федта къуымбилæн.

О, мæ бон, æнустæм мын цъынд бадæ,

Зымæгмæ мын нал скодтай цъындатæ!

Де ‘нгуырстуан дын гæды иу бон къуымæй

Ратылдта , фæхуынкъ уæфстæ хуыйынæй

Рахаудта цыдæр къуымæй дæ уæдæртт

‘Нæдæндаджы дзыхæй, цыма – къæбæр.

“Мысын æз”

Эдуард у уарзæгой цардæмбал æмæ фыд:

Мæ худгæ фæлмæн хур,

Мæ рухс хуры тын!

Мæ зæрдиаг, мæ хъæбул,

Кæсыс ма мæм фын…

Бирæ фыст ис Абайы фыртмæ æрдзыл дæр. Уыдоны дæр итувæрдау зыны йæ хæдбындур курдиат:

Найы хуры чызг йæхи…

Рухс дондзæстыты

ризæгау кæны инджынау,

къæвдайы æртæхтæ сæ,

цъингуыртау кæнынц цъыллинджытæ…

“Найы хуры чызг”…

Æнæзæгъгæ нæй Эдуардæн йæ иу æмдзæвгæйы тыххæй, уый кæд йæ чиныг “Цæх-хы тæпп”-мæ нæ хауы, уæддæр. Хъулгъайы фыдгæнджытæ Ирыстонмæ куы æрбабырстой æмæ ирон амынæтты Чермены хъæуы клубы куы бакодтой, уæд се ‘хсæн уыд ногираг Хуыгаты лæппу дæр. Хъулгъа сыл автоматæй куы ралæууыдысты, уæд уый йæ риуæй бамбæрзта йæ фарсмæ цы æрыгон лæппу уыд, уый, æз дæуæй фылдæр ацардтæн æмæ ды аирвæзай, зæгъгæ, кæд йæхиуыл дæр бирæ нæ цыд, уæддæр. Лæппу аирвæзт. Хуыгайы фырты йæ хотæ нæ уагътой хæсты цæхæрмæ, иунæг нын дæ, зæгъгæ, фæлæ уый нæ бакоммæ каст æмæ сын зæгъы:

Иунæджытæ, дам, Ирыстоны бирæ ис

Фæлæ Ирыстон дæр махæн у иу.

Мæ зæрдыл лæууы, уыцы æмдзæвгæ чи каст, уыдон сæ кæуын куыд нæ урæдтой.

Абайты Эдуарды æмдзæвгæтæ кæсгæйæ адæймаг æрцæуы ахæм хъуыдымæ: ахæм æнахуыр диссаджы ныхæстæ кæрæдзийыл æмпъузгæйæ поэт йæхицæн литературæйы историйы ахæм цыртдзæвæн куыд самадта! Æмæ дзы цынæ фехъусдзынæ: “цуангæнæн чъерах”, “гуырруйау”, “тъæбæртдзæст тасы”, “дзæгæрæг – цъынд”, “хъæуы бæлæлæй”, “къæвдайы къуыпсытæ”, “цъиудуц æхсæв”, “дзеудзæлæй æмæ цъыззы”, “дзодзийы ист дур”, “æнæтæлæн цæстытау”,  “гуырмусæй”, “тæлмæндзæг”, “æлдыгъстон”, “алгъац”, “тъæпкъах сабитæ”, “сæдгæрсыф” æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн. Æз Эдуарды поэзи йæ хъæздыг архаизмтимæ абарин Хъайтыхъты  Азæмæт æмæ Малиты Хасаны прозæимæ.

Поэт, æцæг ирон лæг куыд вæййы, афтæ бæркæдты сæр æвæры цæхх æмæ кæрдзын. Йæ чиныг “Цæххы тæпп” дæр æнæхъуаджы не схуыдта. Арæх у йе ‘мдзæвгæты дæр:

Цæххæй цæхх нæу цæхджындæр,

Цæххыл нæ хъæуы цæхх…

Кæнæ:

Мæ хъиутæ хæрынæй куы стæрсон,

Мæ хынцæн – цæхх æмæ кæрдзын…

“Æхсæмбал цæхæрмæ тæдзæгау”

Абайы-фырт цы диссаджы чингуытæ рауагъта: “Цæххы тæпп”, “Донгуырæн” æмæ “Кæрдæгдзон къæвдатæ”, уыдон стыр хæзна сты ирон литературæйы къæбицмæ. Уымæй уæлдай йæ царды бонтæ батыдта газет “Рæстдзинад”-ы кусгæйæ. Адæм ын æхсызгонæй кæсынц йæ диссаджы уацхъуыдтæ. Фæлæ Абайы фырт уæддæр фæзæгъы:

“Æз мæнæ фыййау лæг дæн, кæд цы сарæзтон?”, зæгъгæ, дзы æндæр ницы фехъусдзынæ. Кæддæр рæстдзинад дæр фæуæлахиз вæййы. Стыр æхсызгон хъуыддаг у, Эдуарды чиныг “Цæххы тæпп”-ы фæрцы Джусойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреат кæй ссис, уый. Фидарæй зæгъæн ис, хæрзиуæг йæ бынат ссардта. Уый стыр кады нысаныл нымайы Абайы-фырт:

“Стыр бузныг, Нафийы номыл премийы аккаг мæ кæй скодтой, уый тыххæй. Æз уымæн йæ аууонæй дæр æфсæрмы кодтон. Редакцимæ-иу нæм куы æрбауад, уæд мæ æнæ бабæрæг никуы ныууагъта. Æз ын-иу цалдæргай сахаттæ уырдыг дæр фæлæууыдтæн. Ахæм лæджы номыл премийы лауреат кæуылты кады хъуыддаг у. Уый мыл ноджы æвæры стырдæр бæрндзинад. Бузныг хæрзаудæн фонд “Амонд”-ы бындурæвæрджытæн дæр, Нафийæн ахæм кад кæй кæнынц. Йæ кад æмæ йæ фарн куыд никуы фесæфой, ахæм амонд нæ уæт”.

Мах дæр, йæ хæлæрттæ, зæрдæбын арфæ кæнæм Абайты Эдуардæн ахæм кадджын хæрзиуæджы тыххæй. Сæдæйы сæр фæуæд. Нæ фынгтæй та æвидигæ уæт цæхх æмæ кæрдзыны бæркад…

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.