Терроризмы ныхмæ тохы нысанæн 3 сентябры Хуссар Ирыстоны дæр уагъд æрцыд мысæн мадзал. Æртындæс азы рацыд, Цæгат Ирыстоны Беслæны фыццæгæм скъолайы террористтæ скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты амынæты куы систой, уыцы бонæй. Ацы аз дæр трагедийы амæттæгтæ мысыны охыл нæ горæты Театралон фæзуаты уагъд æрцыд мысæн мадзал – «Æнæфæуд урок… Бесланы сывæллæтты номыл», ахæм номимæ. Традицимæ гæсгæ уæларвмæ суагътой террористон акты амæттæгты нымæц – 334 шары.

Ацы трагикон цаутæ мысæн мадзæлтты хайад райстой Хуссар Ирыстоны бæрнон кусджытæ, Парламенты депутаттæ, æхсæнады минæвæрттæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ, студенттæ.

ЦÆУЫНЦ АЗТÆ, ФÆЛÆ БЕСЛÆНЫ РЫСТ НÆ СÆФЫ… 

Фæзуаты Хетæгкаты Къостайы цырты раз чысыл скверы стендтыл æвæрд уыд, æнæаххосæй  æбуалгъ трагедийы чи фæмард, уыцы æдзард сывæллæттæ æмæ ацæргæты къамтæ. Сæ разы зæххыл æвæрд уыд хъазæнтæ, скъолайон тетрæдтæ æмæ нуазыны дон – амынæты рæстæджы иууыл хъуагдзинад цæ-мæй æййæфтой, уыдон. Сæ разы сыгъд цырæгътæ.

Акцийы трагедийы амæттæгты нæмттæ мысынæн, йæ хайадисджытæ æмырæй, сæркъулæй хастой, чи –  дидинджытæ, чи – нуазыны дон, нæ урæдтой сæ цæстысыг.

Рæстæг цæуы, азтæ азты ивынц, фæлæ ацы трагеди баззад уæззау мысинагæй, махæн, нæ фидæны фæлтæртæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.