Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты царды цæхгæр фæивд бирæ æнамонддзинæдтæ æрхаста йемæ, уæлдайдæр та махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн. Иутæй дзы, цыма, фервæзтыстæм, æндæртæ та, хъыгагæн, æрбынат кодтой нæ царды æмæ нæ бон нал у уыдонæй нæхи фервæзын кæнын.

Уыцы фæзындтытæй сæ иу у суицид – хи марын, цардыл барвæндонæй къух сисын. Раздæр, сабыр дуджы, исчи йæхи амардта, зæгъгæ, ахæм цау фехъусæн нæ уыд нæ царды, гъе та тынг стæм хатт æрцыдаид ахæм æнамонд хабар. Ныр нæм арæх æрцæуынц, уæлдайдæр та фæстаг азты æмæ уый катайдзинад æвзæрын кæны нæ æхсæнадмæ. Уæлдай катайагдæр та уый у æмæ сæ къух сæхимæ кæй сисынц цæрынхъуаг адæймæгтæ æмæ сæ фæстæ зæрдæрыстæй кæй ныууадзынц сæ бинонты, сæ кæстæрты.

Махмæ кæд æрæджы райдыдтой арæх кæнын ахæм цаутæ, уæддæр ацы фæзынд æрыгон нæу – æгас дунейы адæмты ‘хсæн рагæй уæвы æмæ сын ссис уæззау проблемæ. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ æрвылаз дæр дунейы 700 000 адæймагæй фылдæр сæ къух кæй сисынц сæ цардыл. Уыимæ бирæтæ сæхи амарынмæ æрхъавынц цалдæргай хæттыты. Суициды акттæ аразыны цаутæ ис алы кары адæймæгты ‘хсæн дæр, фæлæ иууыл тæссагдæр кар у 15 азæй 29 азмæ. Адæймаджы иууыл хуыздæр æмæ рæсугъддæр азтæ!  Уыимæ ацы фæзындæй иуварс никæцы бæстæ аззад, размæдзыд уа, æви мæгуыр, фæстæзад, уæддæр.

Уæдæ хи марынмæ æмхицдæр цавæр адæймæгтæ разынынц?

Суициды цауты нымæцыл, сæйраджыдæр, æндавынц, адæмæн сæ царды уавæртæ цахæм сты, уый. Цæвиттон, статистикæйы зонæнтæм гæсгæ дунейы фæстаг азты цы ахæм цаутæ æрцыд, уыдонæн сæ 77 проценты æрцыдысты, мæгуыр æмæ рæстæмбис цард кæм кæнынц, уыцы бæстæты. Уыимæ нæлгоймæгтæ 4 хатты арæхдæр райсынц сæ къух сæхимæ.

Бирæ сты, адæймаджы хи марынмæ чи æркæны, уыцы аххосæгтæ. Ахæмтыл банымайæн ис æввахс адæймаджы мæлæт. Кризисты, стрессты, царды уæззау уавæрты ныхмæ фæлæууын сæ бон куынæуал вæййы, финансон проблемæтæ сын куы фæзыны, бинонтимæ, хъуыддагон адæймæгтимæ сæ ахастытæ куы фехæлынц, æдзух уæззау низтимæ куы фæархайынц. Афтæ ма хи марыны хъуыдымæ æрцæуынц конфликтты, стихион æнамонддзинæдты, тыхбахастыты рæстæджы, иунæгæй куы баззайынц, лигъдæттæ кæнæ мигранттæ куы свæййынц…

Æрыгон адæймæгтæ фылдæр хатт сæ цардыл сæ къух сисынц сæ ныййарджытимæ, се ‘мбæлттимæ сын конфликт куы фæзыны, кæнæ сæ уарзт æнæнтыст куы разыны. Вæййы ахæм цаутæ æмæ кæцыдæр сектæйы уырнонтæ къордæй сæхи куы амарынц.

Хицæнæй зæгъын хъæуы кæйдæр æрдыгæй адæймаджы суицидмæ æркæныны тыххæй. Йæ аххосæгтæ сты адæймагмæ физикон æгъдауæй тых бахæссын, дæлдзиныг æй кæнын, æртхъирæн æм кæнын, хахуыр ыл кæнын. Ахæм рæстæджы аххосджын æфхæрд цæуы закъонмæ гæсгæ.

Хи марыны хъуыдымæ чи æрцæуынц, уыдон æй сæххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр амæлттæй. Уæлдай арæхдæр сты хи фæхъæстæ кæнын, æхсæнгарзæй хи фехсын, хи æрцауындзын. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, зæрдæ ахæм архайд саразынæй кæмæ æхсайы, ахæмтыл бандавын æмæ сæ ахæм къахдзæфæй бахизын.

Хицæн адæймæгтæ суицид саразынц сæхи амарыны нысанæн нæ, фæлæ цæмæй ахæм хуызы бандавой æндæртыл, равдисой сæ протест, æрсидой æххуысмæ. Æндæртæн та сæ нысан вæййы, цæмæй мауал цæрой, нæдæр уавæртæм, нæдæр адæм цы зæгъдзысты, нæдæр сæ фæстæ сæ æввхс хиуæттæн цы рыст ныууадздзысты, ууыл ахъуыды кæнгæйæ. Уымæ сæхи развæлгъау бацæттæ кæнынц – бирæтæ уый аскъуыддзаг кæнынц цалдæр бонмæ, бирæтæ та йыл фæхъуыды кæнынц цалдæр азы, равзарынц йæ сæххæст кæныны амал, рæстæг æмæ бынат. Сæ амæлæты агъоммæ бирæтæ фыстæй ныууадзынц сæ ахæм ракæнды аххосæгтæ, ракурынц хатыр кæнæ та кæйдæр фæазымджын кæнынц сæ амæлæты.

Бæлвырд ма у уый дæр æмæ ахæм бафæлвæрдтытæн сæ 20-30 проценты арæзт æрцæуынц алкоголон кæнæ наркотикон æндæвдады бын. Ахæм уавæры уыдон сæ цард бахъахъхъæныныл тынг нал  фæхъуыды кæнынц.

Суицидæн комкоммæ бастдзинад ис соматикон æмæ психикон низтимæ, депрессиимæ дæр.

Æппæт уыцы фактортæ фылдæрбæрцæй æвзæрынц æхсæнады уавæрæй, æхсæнадон мораль цахæм æмвæзадыл ис, уымæй. Ахуыргæндтæ раджы раиртæстой, суициды цаутæ цæхгæр кæй фæфылдæр вæййынц политикон æмæ экономикон æнæстабилондзинады рæстæджы. Уæдæ диссаг нæу, нæ республикæйы суициды цаутæ кæй фæзындысты æмæ сарæх сты раст ахæм рæстæджы. Æмæ кæд æртын азæй фылдæр рацыд, цы уæззау фæндæгтыл фæцыдыстæм, уымæй, кæд сабырад æрбалæууыд æмæ адæмы царды æмвæзад, сæ фæрныгад бæрзонддæр кæны, уæддæр алцы нывыл нæма у. Бирæ проблемæтæ лæууы æрыгон адæймæгты раз сæ цард саразын æмæ йæ æрбæстон кæныны, зæрдæмæ æввахс професси райсын æмæ зæрдæмæдзæугæ куыст ссарыны. Уыдæттæ æмæ æндæр проблемæтæ сæ къуылымпы кæнынц æмкъайад саразын æмæ хи царды фæндагыл ныллæууыны, мæгуырауæрдæм æндавынц сæ хъуыдыкæнынад, сæ зондахастыл æмæ афтæмæй бирæтæн сæ ныфс асæтты сæ аскъуыддзаг кæныны. Афтæмæй бирæтæ æрцæуынц цардыл къух сисыны хъуыдымæ.

Ахæм адæймæгты рабæрæг кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Адæймагæн йæ хъуыдытæ цæуыл вæййынц, уый зонæг ничи у, фæлæ уæддæр ис бирæ мадзæлттæ, цæмæй хызт уа ахæм хъуыдытæй. Фыццаджыдæр, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ сывæллонæн хъæуы раст хъомылад дæттын, хи марынмæ йын æвæрццаг ахаст йæ удыхъæды ныббиноныг кæнын, психикон низтæ афоныл рабæрæг кæнын æмæ сын хос кæнын, психикон æгъдауæй æнæниз чи сты, фæлæ царды уæззау уавæрты чи бахаудысты, уыдоны фарсмæ балæууын, баххуыс сын кæнын куыд ныхасæй, афтæ хъуыддагæй дæр. Уæлдай хъусдард здахын хъæуы, фыццаг хатт чи сфæлвæрдта цардыл йæ къух сисыныл, фæлæ кæмæн нæ бантыст, ахæмтæм. Уыдон хыгъды хъуамæ уой дохтыртæм, семæ кусой психиатртæ, уа сын семæ бастдзинад, уыцы нымæцы æууæнчы телефоны руаджы дæр. Куы хъæуа, уæд та ахæм адæймаджы схуыссын кæнынц психиатрон рынчындоны æмæ йын æмбæлон хос фæкæнынц.

…Никæмæн ис ахæм цард, проблемæтæ кæмæн нæ сæвзæры йæ царды. Кæмæн – арæхдæр, зындæрскъуыддзаггæнæн, кæмæн та – стæмдæр, рогдæр. Куыдфæнды ма уа – вæййынц скъуыддзаггæнинаг, цæмæй сæ фæстæ цард фæрогдæр уа. Адæймаджы мæлæтæн нæй раздахæн, æндæр алы проблемæйæн дæр скъуыддзаггæнæн ис. Уый та йæ бон свæййы фидарудыгъæдджын, нысанмæтырнæг адæймагæн. Хъыгагæн, алчи ахæм нæ разыны æмæ æппæт проблемæты аскъуыддзаг кæны, аргъуан, æхсæнад иумиагæй сисгæйæ, растыл кæй нæ нымайынц, уыцы карз амалæй – цардыл къух сисынæй, хи амарынæй….

БИАЗЫРТЫ  Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.