Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ депутаттæ рацыдысты радон рейды

Цæмæй уæ хæдзæртты уой, æмæ низæй сæхи хъахъхъæной, уымæ сидынц республикæйы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы минæвæрттæ æмæ Дзæуджыхъæуы æмбырды депутаттæ. Горæты уынгтæм рацыдысты радон рейды. Бæрæг кодтой, уагæвæрд чи халы, уыдоны. Адæмæн æмбарын кодтой, куыд ахсджиаг у маскæтæ æмæ æрмкъухтæ дарын, стæй антисептиктæй пайда кæнын.

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уарынц коронавирусы ныхмæ амынддзинæдтæ. Пъолицæйæгтæ æрвылбон рацæуынц горæты сæйраг уынгтæм, ныр та ма сæм бафтыдысты Дзæуджыхъæуы æмбырды минæвæрттæ æмæ Уæрæсейы фæлхасадон цæстдарды управленийы кусджытæ.  Сæ нысан у, горæты цæрджытæм бахæццæ кæнын, коронавирусы ныхмæ арæзт мадзæлттæ куыд ахсджиаг сты, уый.

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ адæм хъуамæ сæ цæрæнуæттæй æд-дæмæ ма цæуой. Ахæм мадзал хъæуы, цæмæй низимæ тох уа ахадгæдæр. Фæлæ се ʻппæт цæрджытæ уавæры карздзинад кæронмæ не ʻмбарынц.

Республикæмæ чи æрцыд, æмæ уагæвæрд чи не ʻххæст кæны, æмæ æхсæнадмæ чи рацæуы, уыдон закъонмæ гæсгæ баййафдзысты административон æфхæрд. Барадон органтæ дарддæр  цæудзысты горæты уынгты, æмæ уагæвæрд чи не ʻххæст кæны, уыдонимæ кæндзысты æмбарынгæнæн куыст.

Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ радон бæрæггæнæн куыст бакодтой республикæйы афтекты

Коронавирусы эпидемийы рæстæджы ахсджиаг у æппæт æмбæлгæ æрмæгæй æххæст уæвын. Медицинон маскæтæ, антисептиктæ, вирусы ныхмæ препараттæ. Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы уæнгтæ радон бæрæггæнæн куыст бакодтой республикæйы афтекты. Маскæтæ та дзы, раздæрау, нæй. Уыйхыгъд домæнтæм гæсгæ, афтекты фæзындысты социалон дистанцитæ æвдисæг хæххытæ.

Фæлхасгæнджытæн фадат ис сæ къухтæ дезинфекци кæнынæн дæр. Уæдæ антисептиктæй дæр цух не ʻййафынц. Хлоргексидины аргъ у 12-20 сомы онг. Ис сæм уæййаг резинæ æрмкъухтæ. Вирусы ныхмæ препараттæ дæр – афтæ. Æрмæст сæ аргъ сæхицæй аразгæ нæу. Фæстаг къуыримæ æлхæнджыты нымæц фæкъаддæр. Уæлдай æркæсинаг у маскæты фарста. Фæлæ хъуамæ фæзыной ног къуырийы. Æхсæнадон кусджытæ уавæрмæ сæ цæст дардзысты дарддæр дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.