ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТ ГАГЛОЙТЫ АЛАН НОГ ПАДДЗАХАДТÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ БАНЫМАЙЫНЫ ФАДАТЫ ÆМÆ УÆРÆСЕИМÆ ИНТЕГРАЦИЙЫ ТЫХХÆЙ

 

Цхинвал активонæй кусы Беларусимæ æмгуыстад æр-бæстон кæныныл æмæ йын уый фадат ратдзæн Цæдисон паддзахадимæ бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн. Уымæй дарддæр ма ацы кавказаг паддзахадæн ис перспекти-вæтæ Латинаг Америкæйы йын йæ хæдбардзинад банымайыны. Ам ын, гæнæн ис, баххуыс кæной Венесуэла æмæ Никарагуа. Уый тыххæй «Известия»-йæн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боны агъоммæ, кæцы нысан цæуы 26 августы. Уæрæсемæ æввахсдæр кæныны историон равзæрсты, Евроцæдисмæ иумæ бацæуыны тыххæй Гуырдзыстоны фæндæтты æмæ дунеон æмгуысткæнынады фæдыл Цхинвалы архайдтыты тыххæй – Гаглойы Аланы интервьюйы «Известия»-йæн.

 

«ИС ПЕРСПЕКТИВÆТÆ НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ НЫН ЛАТИНАГ АМЕРИКÆЙЫ БАНЫМАЙЫНЫ ФÆДЫЛ»

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой фондз паддзахады – ИНО-йы уæнгтæ, афтæ ма хицæн бæстæтæ кæй банымадтой, кæнæ та нырма кæй ничи банымадта, ахæм статусы цалдæр республикæйы. Ацы фарсты фæдыл куыст цæуы дунеон æмæхсæнады æндæр хайадисджытимæ?

– Ацы здæхты куыст цæуы æдзух. Республикæ Беларусимæ контакттæ аразынæй дарддæр ис бæрæг перс-пективæтæ, Латинаг Америкæйы нын нæ республикæйы банымайыны фæдыл, цыран нæ хæлæрттæ Венесуэлæ æмæ Никаргуайы цæттæ сты баххуыс кæнынмæ ацы регионы æндæр паддзахадтимæ бастдзинæдтæ æрбæс-тон кæныны. Ахæм куыст цæуы Сири, Уæрæсе æмæ Абхазимæ дæр консультациты цыппарварсон механизмы фæлгæтты.

Дунейы цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон нын ныфс дæттынц, Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон изоляцийы баппарыны фæдыл Ныгуылæны архайдтытæй кæй ницы рауайдзæн. Æмæ уый махæн байгом кæндзæн уæрæх перспективæтæ æндæр бæстæтæм æмархайд кæнынæн.

Уæрæсейы æххуысæй абон нæ республикæ пайда кæны æппæт фадæттæй дæр æхсæнадæмон æмгуысткæнынады географи уæрæхдæр кæнынæн. Цæвиттон, хуссарирыстойнаг спортсментæ республикæйы тырысайы бын равдыстой хорз æнтыстытæ БРИКС-24-йы хъæзтыты. Уый размæ та хуссарирыстойнаг фæсивæды егъау делегаци хайад райста Сочийы уагъдцæуæг æхсæнадæмон фестивалы.

Афтæ у культурæйы фадыджы дæр, цыран не сфæлдыстадон коллективтæ, ансамблтæ хайад райсынц Уæрæсейы эгидæйы бын æппæт егъау æхсæнадæмон мадзæлтты.

Ахæм архайдтытæ ахъаз кæнынц Хуссар Ирыстоны хуыздæр базонынæн, æхсæнадæмон аренæйы нæ бæс-тæйæн æвæрццаг имидж аразынæн.

– Раздæр республикæйы адæм сæ фæндон æвдыстой Цæдисон паддзахадмæ бацæуыны фæдыл, фæлæ уал Минск хъуамæ банымайа республикæйы. Цахæм перспективæтæ ис Хуссар Ирыстонæн Уæрæ-се æмæ Беларусы Цæдисон паддзахадтимæ контакттæ саразынæн?

– Махæн Цæдисон паддзахадмæ бацæуын у гæнæн уæвæн дæр æмæ перспективондæр варианттæй сæ иу. Ныртæккæ куыстæуы Беларусимæ æмгуыстад æрбæстон кæныны фæдыл. Нырма дзырд цæуы гуманитарон фадыджы контакттыл, спорты хаххыл æмæ афтæ дарддæр. Ныфс нæ ис, дарддæр кæй рахиздзыстæм Республикæ Беларусимæ æнгомдæр æмархайдмæ.

 

«УÆРÆСЕЙЫ СКОНДЫ УÆВЫН У ИРОН АДÆМЫ ÆНУСОН БÆЛЛИЦ»

– Цхинвалæн йæ къух аразы Уæрæсеимæ æфсæддон æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын? Исты проекттыл дзырд цæуы ацы здæхты?

– Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æфсæддон æмгусткæнынад ныртæккæ рæзы æхсæнведомствæйон сразыдзинады бындурыл. Уый арæзт æрцыд нæ бæстæты хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы бадзырд реализаци кæныны фæлгæтты.

Ацы документмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци сарæзтой хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иууон тыгъдад. Хуссар Ирыстонмæ цавæрфæнды гарзджын ныббырсты дæр Уæрæсе нымай-дзæн, куыд йæ ныхмæ агресси, афтæ. Ацы фактор æмбæлон уагыл æндавы Гуырдзыстоны радикалон зондахастыл хæст хъуыдыгæнджытыл æмæ сæхи хизынц гæнæнуæвæн провокацитæй.

Нæ бадзырдтæ ма фадат дæттынц Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты планон модернизаци уадзынæн, материалон-техникон аспект дæр нымайгæйæ. Хъахъхъæнынады къабазы æмархайды къухыбафтгæ æмвæзад, уыцы нымæцы нæ территорийыл уæрæсейаг 4-æм гвардион æфсæддон базæйы уæвынад, Хуссар Ирыстонæн фадат дæтты йæхи æдасæй æнкъарынæн.

– Раздæр-иу дзыллон информацийы фæрæзты фæзындис информаци Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды  фадаты тыххæй. Уымæн цас гæнæн ис? Ацы фарст лæууы дыууæфарсон ахастыты боны фæткы?

– Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн интеграцийы æмвæзад нысан кæны æмразыгонд æддагон политикæ уадзын æмæ дыууæ фарсмæ дæр цымыдис чи æвзæрын кæнынц, ахæм фарстатыл иумæ уынаффæ кæнын. Ныртæккæ ацы тематикæ боны фæткы нæй.

Уыимæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон дарддæр æххæст кæнынц Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы бадзырды фæлгæтты кæрæдзимæ æввахсдæр кæныны политикæ.

Уæрæсейы скондмæ республикæйы бацыды тыххæй фарст актуализаци кæнынмæ чи æркæной, ахæм уавæртæ куы фæзына, уæд мах ауадздзыстæм консультацитæ не стратегион партнеримæ.

Ныфс мæ ис, цахæмфæнды уынаффæтæ дæр ист кæй  æрцæудзысты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты интерестæ хынцгæйæ. Уæрæсейы сконды уæвын у ирон адæмы æнусон бæллиц. Йæ реализацийы конкретон барадон формæтыл та хъæуы иумæ уынаффæ кæнын.

– Куыд ма хъусын чындæуыд, афтæмæй Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн æххуыс кæны æртæ ног кондады байгом кæнынæн, кæцытæн сæ иумæйаг инвестициты гуырахст у 2 миллиард сомы. Бæлвырддæрæй уыдон цавæр кондадтæ сты? Æмгъуыдтæ сын ис?

– Хуссар Ирыстоны, æцæгæйдæр, гом цæуынц æртæ ног кондады. Уыдон сты базальтон фæскъаууадзæн завод, æрдзон дургуыстгæнæн куыстуат, æмæ консервон завод. Ацы куыстуæттæ райдыдтой кусын æмæ æввахс рæстæджы рахиздзысты сæ проектон хъомысадтæм.

Ног кондадтæ байгом кæныны хорздзинæдтæ æнæ-уынгæ ничи у. Уыдон сты 400 фылдæр ног кусæн бынæттæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны бюджетмæ æфтиæгтæ. Уымæй дарддæр ма консерваразæн завод фермертæн фадат ратдзæн сæ продукци реализаци кæнынæн. Раздæр уыдонæн ацы хъуыддаджы уыдис проблемæтæ. Ныр фермертæн сæ бон у ныфсджынæй план кæной сæ хъæууонхæдзарадон кондад уæрæхдæр кæнын æмæ уый та æвæрццагæй æндавдзæн республикæйы хъæууон цæрджыты æфтиæгтыл.

Афтæ ма, азæй-азмæ фылдæр кæны, раздæр цы инвестицион проекттæ реализаци æрцыдысты, уыдоны рауадзгæ продукцийы гуырахст. Уыдоны руаджы Уæрæ-семæ ласт цæуы конкурентхъом продукци æмæ сæ бынат арынц йæ базары. Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдысты хæрзвадат уавæртæ инвестортæн. Мах цæттæ стæм æмгуыстадмæ.

 

«НÆ АДРЕСЫЛ АРАЗЫНЦ СПЕКУЛЯТИВОН СИДТЫТÆ ГУЫРДЗЫСТОНИМÆ ИУМÆ ЕВРОЦÆДИСМÆ БАЦÆУЫНЫ ТЫХХÆЙ»

 

– Исты контакттæ ис Цхинвал æмæ Тбилисы ‘хсæн? Кæд ис, уæд цы фадгуыты?

– 2008 азы фæззæгæй фæстæмæ Гуырдзыстонимæ контакттæ æххæст цæуынц Женевæйаг дискусситы фæзуатыл. Фæстæдæр, 2009 азы апрелы дискусситы фæлгæтты арæзт æрцыдысты механизмтæ инцинденттæ ма æруадзыны фæдыл, цæмæй уынаффæ цæуа бынæттон нысаниуæджы фарстатыл, арæныл инцинденттыл æмæ æндæр ахæмтыл. Женевæйаг дискусситы сæйраг хæс у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад къухты бафтын кæнын, тыхæй не спайда кæныны тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфысгæйæ.

Фæлæ Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ юридикон æгъдауæй хæсджын чи кæны, ахæм документтыл къух æрфыссыныл кæй нæ разы кæны, уыцы аххосагмæ гæсгæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнын не ‘нтысы.

Ахæм позици фадат нæ дæтты дыууæ фарсы ‘хсæн æууæнк сæндидзын кæныны фæдыл дарддæры мадзæлттыл дзурынæн æмæ æндыгъддзинад кæронмæ аиуварс кæнынæн.

Уыимæ ма, Гуырдзыстоны раздæрау архайы, афтæхуыйнæг, оккупацигонд территориты тыххæй закъон, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фактон æгъ-дауæй сты блокадæйы гуырдзыйы ‘рдыгæй. Афтæ ма Гуырдзыстон ныгуылæн бæстæты æххуысæй дарддæр архайы нæ республикæты æхсæнадæмон изоляцийыл.

Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй архайдтытæ ницы хуызы ахъаз кæнынц нæ паддзахадты ‘хсæн ахастыты позитивон уавæр арзынæн. Уый нæ, фæлæ нæ адресыл аразынц спекулятивон сидтытæ 2030 азмæ Гуырдзыстонимæ иумæ Евроцæдисмæ бацæуыны тыххæй. Хуссар Ирыстон раджы æмæ фæндвидарæй сбæлвырд кодта йæ хæлæрттæ æмæ æмцæдисонты. Нæ фæндаг у Уæрæсеимæ интеграци.

– Ацы азы апрелы мæйы Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны фæазымджын кодта арæныл провокациты. Куыд у уавæр ныртæккæ?

– Абоны бонмæ уавæр у стабилон. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнынц уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ. Рæстæгæй рæстæгмæ провокацитæн бынат уый тыххæй вæййы æмæ Гуырдзыстон нæ разы кæны арæнты делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæ бакусыныл.

Дарддæр провокацитæ аразыныл куы дзурæм, уæд мах нæ хъус дарæм Гуырдзыстоны ситуацимæ, цыран æнкъардæуы радон мидполитикон кризис. Бирæнымæц радикалон къордтæ, кæцытæ баконд æрцыдысты ацы процесстæм æмæ регуляронæй ралæууынц агрессивон националистон лозунгтимæ, катайдзинад æвзæрын кæнынц хуссарирыстойнаг æхсæнадмæ.

Елизавета БОРИСЕНКО

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.