Ивгъуыд къуырийы кæрон æгас Хуссар Ирыстоныл айхъуыст, зæгъгæ, рæхджы Цхинвалы Ахмат-Хаджи Кадыровы номыл Цæцæны республикæйы регионалон æхсæнадон фонд æрæвналдзысты аивæдты скъолайы арæзтадмæ. Адæм стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы ног хабарыл æмæ йыл тынг бацин кодтой, уæлдайдæр та, аивады къабазы чи кусы, уыдон. 

Ацы хъуыддаг скъуыддзаг æрцыдис, æрæджы нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланæн Цæцæны республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыровимæ Грознæйы фембæлд куы уыдис, уæд. Ныридæгæн социалон объектæн йæ проектон-сметæйон документаци рацыд сразыдзинады æппæт процедурæтæ дæр. Уый тыххæй нын сабаты фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны пресс-нымæрдар Босыгты Наталья.

«Гаглойты Аланы  æмæ Рамзан Кадыров фембæлдысты сабаты горæт Грознæйы. Уырдæм нæ бæстæйы сæргълæууæг фæуазæг Рамзан Кадыровы фæхуындмæ гæсгæ. Рæхджы нæ республикæмæ æрцæудзысты нæ коллегæтæ Цæцæны республикæйæ æмæ нæ бæстæйы къухдариуæгадимæ иумæ бавæрдзысты капсулæ фидæны аивæдты скъолайы бындуры бын. Уый у Рамзан Кадыровы лæвар Хуссар Ирыстонæн. Цæцæны республикæйы сæргълæууæг кæддæриддæр йæ хъарм ахаст æвдисы æфсымæрон ирон адæммæ æмæ уыимæ иумæ кад кæны ирæттæн», – банысан кодта Босыгты Наталья.

Официалон фембæлды рæстæджы Рамзан Кадыров сæйраджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, йæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны разамынадимæ дарддæр дæр æмгуыстад рæза æмæ уыцы æмгуыстад та хаудзæн царды архайды алы къабæзтæм дæр.

Йæ рады Гаглойты Алан арфæ ракодта Рамзан Кадыров æмæ Ахмат-Хаджи Кадыровы номыл фонды разамынадæн Хуссар Ирыстонæн се ‘ххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, Цæцæны республикæимæ  æфсымæрон ахастытæ кæй дарддæр кæндзæн, уый.

Цæцæны республикæ Рамзан Кадыровы сæргълæудæй Регионалон æхсæнадон фондæй Хуссар Ирыстонæн уымæй размæ та балæвар кодта 10 автомобилы УАЗ «Патриоттæ», афтæ ма финансон æххуыс бакодта республикæйы æфсæддон службæгæнджытæн æнæмæнгхъæуæг ифтонгад  балхæнынæн.

 

Зæгъойты Рада: «Аргъ кæмæн нæй, ахæм лæвар»

Фыццаг аивæдты скъолайы арæзтадыл стыр æхсызгонæй чи сæмбæлд, уый уыд нæ республикæйы Культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ йæ цины æнкъа­рæнтæ нæ бамбæхста журналисттæй. Цæцæны республикæйы лæвар рахуыдта, аргъ кæмæн нæй, ахæм лæвар.

«Цхинвалы аивæдты скъолайы сырæзтимæ бирæбæрцæй аскъуыддзаг уыдзæн, культурæйы фадыджы цалдæр дæс азы мидæг цы егъау проблемæ уыдис, уый. Ацы ног бæстыхайы йæ куыст кæндзæнис нæ республикæйы Культурæйы министрады цур хореографион скъола-студи æмæ æнæмæнгæй уый стыр   ахъаз фæуыдзæн национ культурæйы хорз фидæнæн», – банысан кодта Зæгъойты Рада.

Культурæйы министр ма банысан кодта, культурæйы ахсджиаг уагдоны сырæзты фарст æппынæдзух нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланы сæрмагонд хъусдарды бын кæй уыд æмæ ныр фарст скъуыддзаг æрцыд.

«Ацы фарст ныридæгæн скъуыддзаг æрцыд æмæ арфæ кæнын не ‘ппæтæн дæр, фыццаджыдæр хореографион студи-скъолайы коллективæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон ахуыргæнæг Четион Майæйæн йæ хъомылгæнинæгтимæ.

Не ‘ппæты номæй та сæрмагондæй стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын Рамзан Ахмæты фырт Кадыровæн Хуссар Ирыстонæн ахæм ахсджиаг лæвары тыххæй», – банысан кодта министр.

Хицæн арфæйы ныхæстæ ма Зæгъойты Рада загъта Гаглойты Аланæн, æмбаргæдзинад кæй равдыста нæ культурæйы райрæзты ахсджиаг хъуыддагмæ, уый  тыххæй.

 

Четион Майæ: «Сæххæст мæ бæллиц»

Хуссар Ирыстоны фæлтæрты кафты аивадыл чи ахуыр кæны æмæ ирон культурæ дунейæн чи базонын кæны, нæ республикæйы уыцы Адæмон ахуыргæнæг Четион Майæ дæр стыр æхсызгонæй сæмбæлд аивæдты скъолайы арæзтадыл.

«Кæдæй-уæдæй ме стырдæр бæллиц сæххæст ис. Хуссар Ирыстоны æппынфæстаг сырæздзæн аккаг скъола-студи æмæ уым мах хъомыл кæндзыстæм националон культурæйæн фидæны кадртæ. Уый ахсджиаг хъуыддаг у нæ республикæйæн æмæ йыл цин кæнын.

Бирæ азты дæргъы нæ куысты махæн дзæвгар проблемæтæ уыд æмæ нын ныр нæхи бæстыхай уыдзæн. Дæс азы бæрц, 2022 азы августы мæймæ скъола-студи нæ куыста, йæхи бæстыхай йын кæй нæ уыдис, уый аххосæй æмæ йæ хъуамæ сæхгæдтаиккой. Уымæ гæсгæ мын тынг æхсызгон уыдис ацы ног хабар. Ацы аз Хореографион скъола-студийыл æххæст кæны 35 азы æмæ раст цыма юбилеймæ каст хъуыддаг, уыйау фидæны скъолайы фарст скъуыддзаг æрцыдис», – банысан кодта Четион.

Четион Майæ йæхи, йæ хъомылгæнинæгты æмæ сæ ныййарджыты номæй арфæ ракодта Цæцæны республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыров æмæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланæн, ахæм хатдзæгмæ кæй æрцыдысты æмæ аивæдты скъола кæй аразынц, уый тыххæй.

«Культурæйы райрæзты хъуыддаджы фарсмæ чи ис, уый кусы йæ нацийы дидинæфтыд, размæцыд æмæ йæ монон райрæзтыл. Уый та тынг ахсджиаг у, монон æргъадтæн сæ кад æмæ аргъ бынмæ куы хауынц, уыцы дуджы. Бузныг зæгъын Зæгъойты Радайæн дæр, æппынæдзух нæ фарсмæ кæй ис æмæ мынæг кæнын кæй нæ бауагъта скъола-студи, уый сæраппонд. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм нæ зынаргъ лæвар æмæ скъоламæ!», – загъта Четион.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.