Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕй видеохостинг YouTube-ӕй чи пайда кӕны, уыдон 1 августӕй фӕстӕмӕ зындзинӕдтимӕ сӕмбӕлдысты – видеоӕрмӕджытӕ рӕстмӕ не ‘вдисынц кӕнӕ та сӕ гъӕд у мӕгуырау. Фылдӕр хӕттыты та видеоӕрмӕджытӕ бынтондӕр нал гом кӕнынц. Ахӕм проблемӕтимӕ сӕмбӕлдысты нӕ республикӕйы цӕрджытӕ дӕр. «Ростелеком»-ы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, ома, проблемӕ баст у америкӕйаг интернет-корпораци Google-ы ифтонггӕрзтимӕ, кӕцытӕм Украинӕйы ӕрцӕугӕ хабӕртты фӕстӕ ӕмбӕлон хъусдард нал уыд, кӕцыдӕр фӕлындӕнты дзы хъӕуы ногтӕй баивын ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн аппаратурӕ ӕмбӕлонӕй нал ӕххӕст кӕны йӕ функцитӕ. Видеохостинг YouTube дӕр хауы Google-мӕ. Сӕвзӕргӕ уавӕры фӕстиуӕгӕн бирӕтӕ YouTube баиу кӕныны тыххӕй пайда кӕнын райдыдтой VPN-сервистӕй.

YouTube америкӕйаг видеохостинг кӕй у, уый ныры дуджы егъау зиан хӕссы Уӕрӕсейӕн ӕмӕ ма АИШ-ы политикӕимӕ разы чи нӕ у, уыцы бӕстӕтӕн дӕр. Сӕ контенты ссарӕн ис ӕнаккаг, фашистон ӕрмӕджытӕн, калынц ӕм алыгъуызон дезинформаци. Уӕрӕсейыл «цъыфкалӕн» видеоӕрмӕджытӕ ндӕр дзы ис парахатӕй. Стӕй ма дзы пропагандӕ кӕнынц ЛГБТ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фидиссаг митӕ. Уый фӕстиуӕгӕн Уӕрӕсейы рагӕй цӕуы дзырд йӕ сӕхгӕныныл. Ӕрӕджы Паддзахадон Думайы депутат Александр Хинштейн фехъусын кодта, зӕгъгӕ тагъд рӕстӕджы YouTube-ы куысты гъӕд фӕкъаддӕр уыдзӕн райдианы 40% бӕрц, стӕй та – 70%. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бӕстӕйы разамынады фӕнды рӕзгӕ фӕлтӕры YouTube-ы зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй бахизын.

Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров та зӕгъы, зӕгъгӕ, YouTube уӕрӕсейаг информацион каналтӕ кӕй ӕхгӕны ӕмӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ гӕды ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны, уый тыххӕй. Йӕ бынтондӕр сӕхгӕнын хъӕуы нӕ бӕстӕйы территорийыл. «Йӕ зианхӕссӕг архайды фӕстиуӕгӕн не ‘мбӕстӕгтӕй бирӕтӕ раст нал æмбарынц нӕ бӕстӕйы политикон ӕмӕ социалон процесстӕ, схӕццӕ сты. Йӕ бӕсты хъӕуы раразмӕ кӕнын бынӕттон социалон хызӕгтӕ».

Ӕрмӕст 2020 азӕй фӕстӕмӕ видеохостинг YouTube сӕхгӕдта 207 уӕрӕсейаг информацион ресурсы. Се ‘хсӕн уыдысты зынгӕ ӕхсӕнадон гоймӕгты каналтӕ дӕр. Уыдонӕй 83 ӕхгӕд ӕрцыдысты 2024 азы. 10 июлы уӕрӕсейаг ведомство ӕрдомдта америкӕйаг компанийы офисы  директорӕй, цӕмӕй ныууадзой се ‘нӕзакъонон митӕ ӕмӕ ӕрбайгом кӕной уӕрӕсейаг ресурстӕ. YouTube-ы къахдзӕфтæ халынц Уӕрӕсейы закъӕттӕ, нӕ кад кӕнынц Уӕрӕсейӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕмбӕлон мадзӕлттӕн ӕнӕрайсгӕ нӕй.

YouTube сӕхгӕнынимӕ разы не сты дзӕвгар зынгӕ артисттӕ, политиктӕ, спортсментӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ. Уыдонӕн ныгуылӕны информацион платформӕтӕ пайда сты, сӕхицӕн дзы ӕхца кусынц ӕмӕ сӕ нӕдӕр сӕ бӕстӕйы мӕт ис, нӕдӕр сӕ Уӕрӕсейы рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылад ӕндавы. Журналисткӕ Ксения Собчак зӕгъы, ома YouTube-ы сӕхгӕныны хъуыддаг стыр зиан ӕрхӕсдзӕн Уӕрӕсейы ӕхсӕнадӕн ӕмӕ нымад ӕрцӕудзӕн «егъау рӕдыдыл». Собчак ам, фыццаджыдӕр, йӕ ӕфтиӕгтыл хъуы­ды кӕны, йӕ аудитори куы фӕкъаддӕр уа ӕмӕ йӕм  уæд уыйбӕрц пайда нал цӕудзӕн.

Официалон информаци нӕ радӕдтой бӕстӕйы разамынад YouTube сӕх­гӕныны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ бирӕ эксперттӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ ацы видеохостинг ӕхгӕд не ‘рцыд, фӕлӕ йӕ куыст къуылымпы кӕны техникон проблемӕты ах­хосӕй. Астӕуккаг нымадӕй, уӕрӕсе-йаг аудитори цы видеоӕрмӕджытӕм кӕсы, уыдоны 80% фыст сты Google-ы сервертыл. Видеоӕрмӕджыты ӕвӕрӕндӕтты бӕрӕг хай сты Уӕрӕсейы, фӕлӕ сӕм Google-ы кусджыты йеддӕмӕ бавналӕн никӕмӕн ис. Техникон ифтонггӕрзты та регуляронӕй хъӕуы цалцӕг кӕнын. Санкциты фӕстиуӕгӕн 2022 азӕй фӕстӕмӕ уыцы аппаратурӕмӕ америкӕйаг компани йӕ хъус нал дардта ӕмӕ сӕ бӕрӕг хай бынтондӕр нал кусы. Уымӕ гӕсгӕ, иумийагӕй, YouTube-ы куысты тагъдад бӕрӕг фӕкъаддӕр ӕмӕ дарддӕр уавӕр куы нӕ фӕива, уӕд бынтондӕр ахицӕн уыдзысты сервертӕ.

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ YouTube-ӕй дарддӕр дӕр пайда кӕндзысты VPN-сервисты фӕрцы, фӕлӕ йӕ трафик бӕрӕг фӕкъаддӕр уыдзӕн. Дыууӕ азы размӕ ӕндӕр ахӕм платформӕ Instagram куы сӕхгӕдтой Уӕрӕсейы территорийыл, уӕд адӕм уайтагъд ахызтысты VPN-сервистӕм. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ трафик 70% фӕкъаддӕр. YouTube-ы куыст нывыл куы нӕ цӕуа ӕмӕ адӕмӕн комфортон куы нӕ уа, уӕд агурдзысты альтернативон платформӕтӕ. Зӕгъӕм, уӕрӕсейаг Rutube. Ацы видеохостинг YouTube-ы хуызӕн размӕцыд нӕу, аудитори дӕр ын нырма хӕрзцъус ис. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ йын йӕ «продукты» гъӕд хуыздӕр кӕндзысты, адӕм ыл сахуыр уыдзысты ӕмӕ дзы сӕрибарӕй пайда кӕндзысты. Ныридӕгӕн дӕр хорз уымӕй у ӕмӕ дзы не ссардзынӕ дискриминацион, нацистон ӕрмӕджытӕ. Бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы нырма фӕхуыздӕр кӕнын Rutube-ы куысты ӕмӕ ныридӕгӕн уыцы цухдзинӕдтӕ иуварс цӕуынц.

Ис ма платформа «Дзен.Видео» ӕмӕ у YouTube-ы æнгӕс. Уымӕ гӕсгӕ фӕцӕудзӕн YouTube-ы аудиторийы зӕрдӕмӕ. Ис ын нырма хӕрзцъус аудитори. Йӕ иууыл егъаудӕр цухдзинад баст у бирӕнымӕц фейк-аккаунттимӕ.

Ис ма ноджы ӕндӕр платформӕтӕ дӕр, куыд VK Видео, Telegram, «Платформа» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Конкуренци кӕй ис, уый хорзыл дзурӕг у. Тагъд рӕстӕджы адӕмӕн равзардзысты хуыздӕр социалон хызӕгтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ нал ӕвзардзысты ныгуылӕны ӕндӕвдады фӕстиуӕгӕн.

 

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.