Къорд азты размæ дæр ма никæй уырныдта, Хуссар Ирыстоны климатон уавæрты кæй ис æрзайынгæнæн харбызтæ æмæ неситæ.

Ивгъуыд азы Знауыры районы цæрæг Бекъойты Гела йæ цардæмбалимæ бафæлвæрдта 5 сорты харбыз æрзайын кæнын. Уыдонæй алчи не ‘рахаста тыллæг.  Уымæ гæсгæ ацы аз байтыдтой æрмæстдæр дыууæ сорты харбыз æмæ дыууæ сорты та неситæ. Ныртæккæ сты сæ тæккæ рæгъæдыл. Хуыцаубоны уыдон амалиуæггæнæг æрласта стыр базармæ. Бынæттон тыллæг кæй у, уый базонгæйæ, æлхæнынвæнд чи нæ кодта харбыз, уыдон дæр дзы æлхæдтой. Æлхæнджытæй бирæтæ базыдтой фермеры – уый ивгъуыд аз дæр ам реализаци кодта йæ тыллæг. Уæд дæр йæ харбызтæ хæрзад уыдысты æмæ та йæм ныр рады слæууыдысты æмæ сахат дæр нæма рацыд, афтæ йæ машинæйы гуыффæ раафтид.

Цалдæр азы размæ дæр ма Бекъойты Гела æмæ йæ цардæмбал Диляра цардысты Сыбыры, фæлæ-иу сæрды æрвылаз дæр æрцыдысты сæ фыды хæдзармæ. Йæ хæлары амындмæ гæсгæ, уый дыууæ азы размæ сфæнд кодта, йæ зæххы фадыджы харбызтæ байтауын. Йæ фæнд ын чи базыдта зонгæтæй, уыдон йемæ разы нæ уыдысты, зæгъгæ, дын не ‘рзайдзысты, дæ фыдæбон æнæхъуаджы фæ-уыдзæн. Фæлæ куыстуарзаг бинонтæ скептиктæн бауырнын кодтой, Хуссар Ирыстоны климат дæр бæзгæ кæй у, цæмæй дзы æрзайой адджын, хæрзад харбызтæ æмæ неситæ.

Фермер ацы аз цас фæнд кодта æркæнын тыллæг, уыйбæрц ын нæ бантыст,  ивгъуыд мæйы ихуард ын разиан кодта йæ байтыдтытæн, фæлæ ма дзы чи баззад, уыдон   куыддæрты сæндидзын кодта. Уый куыд зæгъы, афтæмæй харбызтæ æмæ неситæ зайынц æнæ хъацæнтæ кæнгæйæ дæр. Æгæрыстæмæй сæ нæ хъæуы донхæр кæнын дæр. Ивгъуыд аз уыдон сæ тыллæг базары куы уæй кодтой, уæд сæм бацыдысты, Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны комитеты кусджытæ. Уыдон тыллæгæй систой анализ æмæ харбызы гъæд æмæ адæй раппæлыдысты, стæй сæ  нитраттæ дæр нормæйæ уæлдай нæ разынд.

Бекъойты Гела йæ фермерон хæдзарад ивгъуыд аз сфидар кодта закъонмæ гæсгæ æмæ йæ ном хуыйны «Беко». Районы разамынад йæ фарсмæ балæууыд. Радтой йын бар зæххы фадыг равзарынæн дæр. Ивгъуыд аз уый кæд харбызтæ 9 гектары зæххы фадыгыл байтыдта, уæд ныр та байтыдта 13 гектары. Президент Бибылты Анатолийы æххуысы руаджы самал кодта трактор. Трактор у бирæпрофилон æмæ йыл Бекъойты бинонтæ кæнынц сæ куыстытæ. Бе-къойты Гела æмæ Диляра фæнд кæнынц сæ бизнес иннæ аз ноджы тынгдæр рауæрæх кæнынмæ. Бинонтæн сæ зæрды ис бынæттон харбызтæ æмæ неситæй фидæны нæхи базар æмткæй сифтонг кæнын.

Ныр та уал, къуыри иу хатт нæ базары балхæнæн уыдзæн сæ харбызтæ æмæ неситæн, кæцытæ бæрæг хæрзаддæр сты æрласæггæгтæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.