Ирон адæмæн диссаджы сфæлдыстадон цæстæнгас ис алцæмæ дæр, æрхъуыдыйæ сæ ничи амбулдзæн. Уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æвдисæн у дзыхæйдзургæ сфæлдыстад.
Уый арвы ронау, алы хуызтæй æрттивы. Ацы сæргонды бын дзы цы хуызы кой кæнын, уый уæлдай цымыдисагдæр у, уымæн æмæ арæзт цæуы, зонд æмæ хъуыды цæстыл цы ауайын кæнынц, уыдоны фæрцы. Цыбыр ныхасæй, бынæттимæ баст таурæгътæ фæлдисгæйæ нæ фыдæлтæ сæхи æвдыстой нывгæнджытæй дæр. Æмæ нын цы хæзнатæ ныууагътой, уыдон налхъуыт-налмасау æрттивынц.
Бынæттимæ баст таурæгътæ дзæвгар ис алы комы, алы хъæуы дæр. Уыдон мидисджындæр, рæсугъддæр кæнынц адæмы цард æмæ уаг. Фæлæ, хъыгагæн, хæхты бирæ хъæутæ æмæ кæмттæ федзæрæг сты, æмæ рох кæнынц семæ баст аив, мыдисджын таурæгътæ.

ЗÆРОНД ХЪУД

Арвыкомы цæрæг ирæтты адæмон сфæлдыстад хъæздыг кæй уыд, ууыл дзурæг у, М.Лермонтов йæ поэмæ «Демоны» бындурæн ирон таурæгъ кæй райста, уый. Уыцы таурæгъ ма, куыд æй фехъуыста, афтæ ныффыста зындгонд ахуыргонд В. Потто. Мах æй мыхуыр кæнæм ирон æвзагмæ тæлмацæй. Зæгъынц, арф комæн раст йæ тæккæ рæбын, Арагуйы дон хæхты цъассæй йæхи кæм ратоны, уым æрæнцад ирон хъæу Хъуд. Алырдыгæй йыл æрхъула кодтой бæрзонд егъау къæдзæх хæхтæ, афтæ зыны, цыма йын ныртæккæ йæ мæгуыр къæстæ сæ быны ныцъцъæл, ныммур кæндзысты. Фæлæ æнустæ ацæуынц, æмæ хæхтæ æнæзмæлгæ сæ мидбынаты лæугæйæ баззайынц, æрмæст дæрддзæф бæрзондæй æрбайхъуысы æмыр гыбар-гыбур. Уый хæхты бардуаг – Зæронд Хъуд йæ бæрзонд бадæнæй сæрсæфæнмæ згъалы митæмхæццæ ихы фæзгъæртæ.

Уыцы хъæуы кæройнаг хæдзары кæддæр цардысты ирон мæгуыр бинонтæ. Хуыцау сын радта иунæг цъæх чызг Нинæйы.

Æнæхъæн Ирыстоны дæр нæ уыд Нинæйы хуызæн рæсугъд сывæллон, æмæ дзы Зæронд Хъуд дæр рæвдыдта йæхи, хъæуа нæхъæуа йыл аудыдта, йæ цæст æм дардта. Нинæйы-иу хохы фахсыл хæрдмæ цæуын куы бафæндыд, уæд-иу фæндаг йæ разы араст, алæгъз, дуртæ æмæ къæдзæхтæ-иу асинтæ фестадысты.

Йе ‘мбæлттимæ-иу дидинджытæ, хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ агурæг куы ацыд, уæд ын-иу Хъуд сæ хуыздæрты амбырд кодта æмæ-иу сæ дурты бын бамбæхста. Гыццыл гыкъына сæм-иу куы баввахс, уæд-иу дуртæ цыдæр фесты, æмæ-иу йæ раз дидинæгдон фестад. Нинæйы цинæн ма-иу ныккæнæн уыд?! Хъуд йæ фидар цæнгтæ къæйдур рæгътыл æрæвæргæйæ не ‘фсæст чысыл Нинæйы фæдыл кæсынæй. Фырцинæй-иу фемæхстысты йæ сусæг цæссыгтæ æмæ-иу æрсаха кодтой йæ даргъ урс боцъойыл, схъиудтой дурты рæдзæгъдтæм æмæ къада дæттæй хæццæ кодтой хæхты рæбынтæм.

Адæм та дзырдтой: «Уалдзыгон хуры хъарм тынтæ та бандæвтой хæхты цъуппыты ихтæ, æмæ тайынц!»

Афтæ рацыд фынддæс азы. Нинæйæ рауад диссаджы рæсугъд чызг, æмæ арæхæй-арæхдæр бакæс-бакæс кæнын райдыдта сæ сыхæгты лæппу Соскъомæ. Хъуды зæрдæ дывыдон арты сыгъди, мæсты кодта лæппумæ. Цуаны-иу æй фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндæгтыл бафтыдта, йæ развæд ын æмбæхста, мит-тымыгъ-иу сыстын кодта. Фæлæ Соскъо уыд фидар, рæвдз æмæ æвзыгъд лæппу. Цыфæнды тæссаг ранæй дæр-иу рацыд æвыдæй, æмæ-иу уæд зæронд Хъуды маст йæ былтæй акалд. Йе ‘дыхдзинад æй æрра кодта æмæ-иу бæстæ йæ сæрыл систа, митæмбæрзт хæхты цъуппытыл-иу йæхицæн бынат нал ардта, мит-тымыгъ-иу фестад, бынмæ æвзылдта дуры цæндтæ, фæйнæрдæм зыгъгъуытт кодта мит-хъæпæнтæ, сыстын-иу кодта бырдæн, æмбырд кодта саувадыг мигътæ, цъыччытæ-иу кодта арвæрттывдтытæй. Адæм-иу фыртæссæй сæ хæдзæртты бамбæхстысты, Зæронд Хъуд та цæуылдæр смæсты, зæгъгæ.

Зæронд Хъуды уырныдта, Соскъойæ йæ маст кæй райсдзæн, уарзæтты кæй фæхицæн кæндзæн. Æмæ иуахæмы Соскъо æмæ Нинæ æнæнхъæлæджы хæдзары иунæгæй куы аззадысты, æмæ сæ уарзон ныхæстæн фæуæн куы нал уыд, уæд сыл Хъуд митзæй рауагъта. Хæххон къæс миты бын фæци, зæй сæ йæ быны баныгæдта. Фыццаг уарзæттæ цин дæр ма бакодтой, ома сæ иу чысыл рæстæг ничиуал бахъыгдардзæн, сæ ныхæстæ кæронмæ зæгъдзысты, зæгъгæ. Бандзæрстой къонайы æмæ æдыхстæй фæрсæй-фæрстæм арты раз æрбадтысты. Кæрæдзийыл цинтæ кодтой, кæрæдзийæн адджын ныхæстæ кодтой.

Фæлæ уалынмæ сыстонг сты. Хæдзары къæбицы цы дыууæ луасигонды æмæ цыхты чысыл къæртт ссардтой, уыдон дæр сын бирæйы фаг не систы. Рацыд ма иу бон, æмæ уаты хъæлдзæг ныхас æмæ цины худт нал хъуыст, миты бын ахст уарзæттыл стонг фæтых: сæ уарзондзинадыл нал хъуыды кодтой, сæ мæт сси хæринаг. Цыппæрæм бон æххормагæй бынтон стыхстысты.

Соскъо тыхст æмæ уырыдæй йæхицæн бынат нал ардта, иуахæмы феррагонд æмæ йæхи Нинæйыл ныццавта, йе уæхскыл ын йæ дæндæгтæй фæхæст…

Уыцы уысм сæм фæсдуарæй æрбайхъуыст адæмы хъæлæстæ, стæй ферттывта рухсы цъыртт, æмæ дуар байгом. Нинæ æмæ Соскъо сæхи баппæрстой сæ ирвæзынгæнджытыл. Кæрæдзийæн та фестадысты уæнгæл æмæ æнæуынон.

Сцин кодта Зæронд Хъуд, йæ хъæлæсы дзаг афтæ ныххудт, æмæ хохамад дуртæ æркалдысты цъаламæ, Дæлимонты фæзмæ.

Йæ фылдæр фæзуат ныр дæр ма æнгом æмбæрзт у уыцы дурты цæндтæй.

«Хъусут, куыд тыхджын ныххуды нæ бæгъатыр Хъуд!» – фæзæгъынц ирæттæ ацы таурæгъ дзургæйæ.

 

ЦЫРТЫТÆ

Куырттаты комы Гуысырайæ дзæвгар куы бауайай, уæд-иу фæндаггæрон цæстытæ уайтагьд ацахсынц дурæй конд цалдæр цырты. Фондз дзы кæрæдзийы фарсмæ сагъд сты, иу – чысыл æддæдæр. Ирон адæм цырт са-дзынц уæлмæрды марды ингæныл, стæй ма адæймаг фæндагыл кæнæ дард искуы куы амæлы, уæд, йæ уд кæм сисы, уыцы ран. Ам дæр ингæнтæ нæй, фæлæ кæй номыл сагъд сты, уыцы мæгуыр адæм ам бабын сты.

Фыдæлтæй нæм куыд æрхæццæ, афтæмæй XIX æнусы Хуыриатæй фондз æфсымæры æмæ сæ хъæуккаг лæг ам æввахс ран хос карстой. Къæдзæхы байбынгонды сæхицæн сихор аджы бауæларт кодтой. Иуахæмы къæдзæхы фахсыл калм йæ зонгæ фæдыл фæцæйхылд. Арты æвзæгтæ дур стæвд кодтой, уый цæмæй зыдта, æмæ йæ дур судзын куы райдыдта, уæд йæхи атымбыл кодта, фахсæй рахауд æмæ аджы ныххаудта. Хосгæрдджытæй йæ ничи бафиппайдта, сæ уæззау куыстæй сæ агмæ нæ равдæлд.

Сихорыл фæлладæй маргхъæстæ хæринагæй бахордтой æмæ æхсæзæй дæр æнустæм мæрдвынæй баисты.

Æхсæз хосдзауы, кæй зæгъын æй хъæуы, баныгæдтой хъæуы уæлмæрды. Кæм бабын сты, уым та сын цыртытæ сæвæрдтой. Уыдон сæ рох кæнын нæ уадзынц. Фæндаггонтæн дзурынц, ам Хуыриатæй цы фондз æфсымæры æмæ æмхъæуккаг бабын, уыдоны зæрдæриссæн хабар.

 

КЪÆЦÆЛÆППАРÆН ДУР

Хъæбулмæ ныййарæджы уарзондзинады тыххæй бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы, фæлæ Дæргъæвсы комы Хынцæгæй Къæхтысæры æхсæн цы Къæцæлæппарæн дур ис, уыимæ баст æцæг хабар зæрдæйыл æндæрхуызон æмбæлы, зонд æндæрхуызон агайы.

Кæддæр, дам, дæргъæвсаг æрыгон сылгоймаг йæ ноггуырд сывæллонимæ быдыры хъæутæй иуы йæ цæгаты хуындæджы бадт. Сывæллон куы ныййардта, уæдмæ зымæг дæр ралæууыд, æмæ боныхъæды хорзмæ каст. Йæ цæгаты æгæр бирæ кæй фæстиат кодта, уый йæм худинаг каст, йе ‘фсин æмæ хицауæй æфсæрмы кодта.

Иуахæмы, куы фæбон кодта, уæд Хъобанмæ цæуджытимæ фæбалц, Хъобанæй та иунæгæй уыд йæ фæндаг. Хуссар Хынцæгмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йыл схъызыд. Фæндаджы иуварс егъау дуры аууон балæууыд. Кæсы – æмæ дзы байбынгонд. Йæ нымæтæй хуыд гуыр раласта, сывæллоны дзы батыхта, дуры хуылфы йæ йæ хъæбысы бакодта, афтæмæй æрбадт.

Афтæмæй сæ ссардтой, сывæллоны кæуын куы фехъуыстой, уæд. Мад басыд æмæ амард, сывæллоны аирвæзын кодта йæ нымæтын гуыр æмæ буары хъармæй. Кæугæ, ниугæйæ йæ кадимæ бавæрдтой уæлмæрды, фæлæ йæ удуæлдай уарзт йæ хъæбулмæ цæры æнусты. Уæдæй фæстæмæ уыцы дуры цур къæцæл аппарын Дæргъæвсгомы ссис æгъдау: мыййаг ма искæуыл зымæгон куы схъыза, уæд ын арт скæнынæн фадат уа. Дур дæр рахуыдтой Къæцæлæппарæн дур.

 

ÆХСИНБАДÆН

Куырдтаты комы Хæрисджынæй фалæмæ Уæлæ мæсыджы кувæндоны бакомкоммæ Цъæззиудоны галиуварс айнæг къæдзæхы астæу ис дурамад. Фыдæлтæй нырмæ йæ амы цæрджытæ хонынц «Æхсинбадæн». Йæ бынмæ къæдзæхыл цæуы Хилакъмæ фæндаг.

Ам, Фыййагдоны рахизфарс уæзæгыл цы стыр айнæг къæдзæхдур ис, уый та хуыйны «Фатдзæф дур». Кæддæр, тынг раджы, дам, ацы дуры цур цардис иуцæстон уæйыг. Уый алыхуызы хъыгдардта амы цæрæг сылгоймаджы. Æмæ уæд æхсин Хуыцаумæ бахъаст кодта уæйыгыл. Хуыцау уæларвæй йæ минæвары уæйыгмæ æрæрвыста. Уый йын рафæзмыдта Хуыцауы ныхас, цæмæй ма хъыгдара æхсины æмæ адæмы, науæд æй йæ азар баййафдзæн. Уæйыгмæ Хуыцауы ныхас нæ бахъардта. Уый нæ, фæлæ ма сбустæ кодта, мæнæн Хуыцау чи у, зæгъгæ. Уæд æй Хуыцау фатæй æрæхста, æмæ уæйыг æд хæдзар къæдзæхдур фестад.

Дурæн ма абон дæр йæ фарсыл фаты цæфы фæд зыны, «Фатдзæф дур» дæр æй уымæн хонынц. Йæ алыварс та, дам, рæдзæгъдтæй лæууыдысты чысыл дуртæ – хæдзары мигæнæнтæ: аг, саргъ æмæ æндæртæ, фæлæ сæ адæм Фыййагдоны дурлыггæнæн цехмæ цыртытæн фæластой.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.