Дæсныйæдтæй æппæтæй ахсджиагдæр дохтыры дæсныйад у, зындæр æмæ вазыгджындæр. Медицинæйы дæсныйад у уды æмæ зæрдæйы сгуыхтдзинад. Домы удуæлдайад æмæ сыгъдæг хъуыдытæ.

Мæ ныхас уыдзæн, зын, фæлæ хæрзаудæн хъуыддагæн йæхи чи снывонд кодта, ахæм адæймаг Харебаты Заирæйы тыххæй.

Нæ горæты цæрджыты æнæниздзинад фидардæр кæныны хъуыддаджы бирæ хæрзты бацыд нæ горæты поликлиникæйы медицинон персонал. Уыдон æнæзæрдæхудтæй лæггад кæнынц рынчынтæн. Поликлиникæйы йæ сырæзтæй фæстæмæ бирæ бæрзондквалификациджын дохтыртæ куыста æмæ кусы абон дæр. Хорз дохтыры алы хатт дæр Хуыцауæй лæвæрд фæхонынц, ома йæм Хуыцауæй лæвæрд курдиат ис. Ахæм миниуджытæй се ‘ппæтæй дæр æххæст у нуæртты дохтыр Харебаты Заирæ.

Адæймаг æвзæр ныхас – рыст ныхас, тарст ныхас куы фехъусы, уæлдайдæр дохтырæй, уæд уый у маргæй фыддæр, æмæ лæг фесæфы йæ адзалæй раздæр. Лæгъз ныхас та у сой, хуры тын, цъæх арвы рухс, цин, базырджын маргъау, фидар.  Лæгæн фесæфы йæ низ, дохтырæй уынгмæ куы рацæуы, уæд.

«Рæвдауæн ныхас æппæт хостæй тыхджындæр у. Ныртæккæ медицинæ стыр къахдзæфтæ акодта размæ, фæзынд бирæ ног хостæ æмæ ифтонггæрзтæ. Уый махæн фадат дæтты адæмæн хæрзхъæд лæггад кæнынæн», – зæгъы Заирæ.

Адæймаджы зæрдæ рæсугъд æмæ аив куы уа, уæд æм æмкусджытæ, хæлæрттæ æмæ æмбæлттæ дæр, æрдзы æппæт цæрæгойтæ, хурмæ сæхи куыд фæивазынц, афтæ йæм сæ зæрдæ æмæ зондæй фæтырнынц. Уый дæр сæ барæвдауы йæ уды рæсугъддзинадæй. Цæттæ вæййы сæ цины æмæ сагъæсы рæстæджыты сæ фарсмæ балæууынмæ.

… Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй. Ныфсæй аразгæ у алцы дæр…

«Бузныг, Заирæ, дæ къухтæ фæрнæй фæдар, дæ лæггад бирæ», – ахæм зæрдæйæ цæуæг ныхæстæ арæх фехъусы рынчынтæй. Уарзынц æй йæ фæлмæндзинад æмæ арæхстдзинады тыххæй. У сыгъзæрин адæймаг æмæ фæлтæрд  дохтыр. Фыццаджыдæр йæхицæй домы куыст.

«Ныртæккæ тæссаг рæстæг у. Ацы тыхст рæстæджы кусын райдыдтон уæззау рынчынтимæ Республикон клиникон рынчындоны. Карз низимæ тохы бацæугæйæ, дохтыртæ, медицинон хотæ, æппæт медицинон персонал архайдта æххуысхъуаг адæмы фарсмæ балæууыныл», – дзуры Заирæ.

Æнæнцой адæймаг у Заирæ, ис æм рæсугъд нысæнттæ æмæ фæндтæ. Йе ‘ххуыс искæй куы бахъæуы, уæд дзы уайтагъд айрох вæййы йæ фæллад æмæ рынчынмæ атагъд кæны хæдзармæ дæр. Цæмæй рынчынæн йæ зæрдæ ма асæтта, низ йæхицæй фæсура, уый тыххæй дохтыр йæ фарсмæ хъуамæ хъæддыхæй лæууа æмæ дзы ныфс бауадза. Ахæм у йæ хъуыды Харебаты Заирæйæн.

 «Дохтыр хъуамæ йæхиуыл куса, ахуыр кæна алы бон дæр, алы бон дæр исты ногдзинад хъуамæ базона, æнæ уымæй хорз дохтыр нæй», – зæгъы, æнусы æмбис медицинæйы фадыджы чи бакуыста, уыцы фæлтæрд дохтыр. Йæхæдæг дæр йæ размæ ахæм бæрзонд нысæнттæ кæй æвæрдта, æмæ сæ кæй æххæст кодта, уый тыххæй медицинæйы йæ хъысмæт рауад амондджын. Стæй канд медицинæйы нæ. Уæздандзинад йæ алы уæнджы дæр кæмæн ис, хуымæтæг, фæлæ куырыхон сылгоймаг, дæсны æмæ фæлтæрд дохтырæн Хуыцау ракодта стыр лæвар ныййарæджы, бинонты амондæй дæр.

Алы адæймаг дæр зынаргъ у нæ бæстæйæн, алчидæр цæрынæн райгуыры æмæ бахъахъхъæнæм нæхи æмæ кæрæдзийы цард.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.