Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны спортсментæ хайад истой БРИКС-ы бæстæты спортивон хъæзтыты. Нæ лæппутæ уым сæхи равдыстой аккагæй – рамбылдтой фондз призон бынаты. Æртæ – уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ дыууæ та боксæй. Ерыстæй хъæбысхæстæй æвзист майдан æрхаста Зассеты Азæмæт, йе ‘фсымæр Алан та райста бронзæ майдан. Хъæбысхæстæй бронзæйы призер у Джиоты Азæмæт дæр. Боксертæ Гæ­джиты Гурам æмæ Джиоты Арсен дæр БРИКС-æй æрхастой бронзæтæ.

Уæлахиздзауты 9-æм июлы йæхимæ фæхуыдта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Фембæлды ма хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдары хæстæ æххæсгæнæг Гасситы Сослан, спортсментæн сæ тренертæ Коцты Тамерлан æмæ Дзигойты Алан, афтæ ма Европæйы æвзæнгты ‘хсæн чемпионаты хъæбысхæсты бронзæйон призер Пухаты Роланд.

Президент зæрдиаг арфæтæ ракодта спортсментæн уæлахизæй кæй æрыздæхтысты, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг уыд хайад райсын ахæм егъау спортивон мадзæлтты. «Иууылдæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм БРИКС-ы фæстиуджытæм æмæ уæ нæ зæрдæ барухс. Фыццаг хатт ахæм егъау ерысты хайад истат æмæ уын ис хорз фæстиуджытæ, ныууагътат аккаг фæд хуссарирыстойнаг спорты. Стыр бу­зныг уын зæгъын уый тыххæй! Мæн ныфс ис иннæ хатт ноджы стырдæр хорзæхтимæ кæй æрцæудзыстут Ирыстонмæ», – загъта Президент.

Спорсменты тренертæн дæр Гаглойты Алан арфæйы ныхæстæ загъта; «Сымах стут фæлтæрдджын тренертæ, Фыдыбæстæйы æцæг патриоттæ, бирæ азты дæргъы кад кæнут Ирыстонæн стыр спортивон аренæтыл. Нæ республикæйы æрыгон фæлтæрæн дæттут фæндаг. Ныфс мæ ис, ноджыдæр бирæ æвзонг спортсментæ кæй схъомыл кæндзыстут. Тырнынад, зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинады руаджы­ æвзонг æвзыгъд курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæн сæ фарсмæ лæу­дзыстут. Сымахæн дæр мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, стыр æнтыстытæ уæ куысты æмæ цы командæты сæргъ лæуут бирæ азты дæргъы, уыдон цæмæй хæссой уæлахиздзинæдтæ».

Фембæлды кæрон Президент схорзæхджын кодта спортсментæ æмæ тренерты Кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй».

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.