РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта Хицауады радон рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты фараст фарстайы, кæцытæ сæйраджыдæр хаудысты социалон къабазмæ.

Министрты кабинет хорзыл банымадта коронавирусон инфекцийы ныхмæ архайды фæдыл мадзæлтты хайадисæг медицинон уагдæтты кусджытæн разæнгардгæнæн радон бафыстытæ.

«Пандеми COVID-19-ы уавæры кусыны тыххæй медицинон æмæ æндæр кусджытæн социалон æххуысы мадзæлтты тыххæй РХИ-йы Хицауады 2021 азы 3 марты №10 Уынаффæ æххæст кæнгæйæ, Финансты  министрадæн хæсгонд æрцыд, цæмæй Хицауады резервон фондæй рахицæн чындæуа 3157130 сомы. Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадæн сæрмагонд ахсджиаг куыстытæ бакæныны тыххæй медицинон æмæ æндæр кусджытæн, кæцытæ хайад истой æмбæстæгтæн баххуыс кæныны, COVID-19 коронавирусон инфекцийы апарахаты тасдзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ.

Бафыстытæ чи райсдзысты, уыцы медицинон уагдæтты ‘хсæн сты Республикон бирæпрофилон медицинон центр ацы аз 1 мартæй 31 мартмæ – 2 710 161 сомы, Цхинвалы районы амбулаторон æххуысы центр 1 мартæй 30 мартмæ – 3750 сомы, Знауыры районон рынчындон 1 мартæй 31 мартмæ – 19 750 сомы, Ленингоры районон рынчындон  1 мартæй 31 мартмæ – 176594 сомы, Дзауы районон рынчындон 16 ффевралæй 31 мартмæ – 35 000 сомы, Къуайсайы рынчындон 1 мартæй 31 мартмæ – 211 575 сомы.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ æркастысты æмæ сфидар кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидыны фæдыл Уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæйы проект.

Æмбарынгæнæн афысты куыд нысан цæуы, афтæмæй «ацы Уынаффæйы райст равзæрд «Æфсæддон службæгæнджыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны дæлзакъонон акттæ рауадзыны æнæмæнгхъæуындзинадæй, кæцытæн сæ нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны нæлгоймаг æмбæстæгты 18 аздзыдæй 27 аздзыдмæ æфсæддон службæмæ æрсидыны фæтк сбæлвырд кæнын, кæцытæ  хæсджын сты, лæууой æфсæддон хыгъды æмæ не сты запасы».

Уымæй дарддæр ма ивындзинæдтæ хаст æрцыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады æфсæддон службæгæнджыты æмæ æмбæстагон персоналы куыстмыздты сфидар кæныны тых-хæй» Хицауады 2014 азы 30 апрелы №49 Уынаффæмæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æмбæстагон персоналон ног кусæн бынат – «фельдъегерон-постон бастдзинады станцы экспедитор» баконд кæй æрцыд æмæ «оперативон-фотографы» кусæн бынат актуалон кæй нал у æмæ ивд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

***

Хицауады рабадты фидар æрцыд «2020 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты сæххæсты тыххæй» закъоны проект, кæцыйы уынаффæ кæнынмæ рахаста республикæйы Пенсион фонды сæргълæууæг Тасойты Азæ.

Тасойты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй тенденци ис пенсиисджыты фылдæр кæнынмæ. 2019 азимæ абаргæйæ, пенсиисджыты нымæц фæфылдæр 358 адæймаджы æмæ æдæппæт сты 5037 адæймаджы.

2021 азы 1 январмæ астæук-каг пенси республикæйы уыд 7736 сомы.

Йæ информацимæ гæсгæ ивгъуыд азы Пенсион фонды бюджетмæ æдæппæт бацыд 444 034,2 мин сомы, кæнæ та сплангонд суммæйы 104,6 про-центы, хæрдзтæ уыдысты 459 599,2 мин сомы, ома, сплангонд суммæйы 99,7 проценты.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй Пенсион фонды бюджет зынгæ фæрæзтæ нæ райсы, пенсион фидинæгтæ чи нæ фидынц, уыцы организациты аххосæй.

Хицауады сæрдар Бекъойты Геннади профилон ведомствотæн бахæс кодта, цæмæй бакусой ацы фарстайыл.

«Хъæуы мониторинг ауадзын æнæпаддзахадон организациты, ис сын фæллойадон бадзырдтæ æви нæ, æмæ сæ финансон хæстæ сæ кусджыты раз æххæст кæнынц, æви нæ. Кусджытæн та сæхицæн у пайда фæллойадон бадзырдтæ аразын, цæмæй арæзт цæуа сæ фидæны пенси», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.