Бинонты фарныл фидар чи хæцы, ахæм бинонтыл банымайын хъæуы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ Лохты Мураты бинонты дæр. Фыдæлтæй фæстæмæ сабыр, бонзонгæ, æнæхъыгдаргæ æмæ куыстуарзаг сты ацы бинонтæ. Мураты дада 1939 азы финаг хæсты хайадисæг уыд, кæд дзы карз тохтæ цыд, уæддæр сæрæгасæй сæмбæлд йæ фыдыуæзæгыл. Амондджыныл нымадта йæхи йе ‘мкъаимæ, радысты сæ иунæг фырт æмæ дыууæ чызджы хурæй. Фæлæ сын уыцы райдзаст æмæ хъæлдзæг бонтæ бирæ нæ ахастой, уæдмæ та райдыдта Стыр Фы-дыбæстæйон хæст æмæ та ногæй йæ къухмæ райста хæцæн-гарз. Бæргæ тох кодта фыдгулты ныхмæ уæлахизы сæраппонд, фæлæ нал сæмбæлд уыцы амондджын рæстæгыл сæрæгасæй. Йæ идæдзы бахъуыд кæстæрты хъомыл кæнын, кæд уыцы азтæ уæззау уыдысты, адæм бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой, уæддæр. Йæ сæрыхицауы фæстæ схъомыл кодта æмæ адæмы рæгъы рацыдысты йæ иунæг бындар Вилен æмæ дыууæ чызджы, алчи дæр сæ царды ссардта йæ бынат. Вилен каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт, райста ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ райдианы куыста Абхазы республикæйы скъолатæй иуы, фæстæдæр та – Ленингоры районы. Фæстаг 30 азы ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы арфæйаг куыст адарддæр кодта Цхинвалы районы Дменисы астæуккаг скъолайы. Йæ цардæмбал Галегаты Мани та кодта хуыйæджы куыст. Ныййарæг кæддæриддæр йæ уд фæхъары, цæмæй йæ зæнæг уой хæрзæгъдау, бафæзминаг хъуыддæгтæй – æххæст. Вилен æмæ Мани дæр кæддæриддæр сæ зæнæджы хъомыл кодтой раст зондахастыл. Зæнæджы хистæр Мая астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ равзæрста дохтыры дæсныйад æмæ æнтысгæйæ каст фæци Тбилисы медицинон институт. Æрбаздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ ныр бирæ азты æнувыдæй лæггад кæны йæ иубæстон адæмæн. Вилены фырт Мурат дæр астæуккаг скъола каст фæ-уыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Ахуыры фæстæ кусынмæ бацыд Цхинвалы зынгхуыссынгæнæн командæмæ æмæ дзы бафæллой кодта 25 азы, уыдонæй 20 азы уыд хистæры бынаты. Мураты куысты азтæ тынг вазыгджын æмæ уæззау уыдысты, уымæн æмæ сын нæ уыд фаг æмæ æмбæлон техникæ, хæсты азты фæцух сты кусджытæй дæр. Фæлæ бафæрæзта уыцы зындзинæдтæн дæлбулкъон Лохы фырт æмæ йæ бæрны уæвæг кусджытимæ намысджынæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Нартыхты Нанæ дæр ацы куыстуаты фæллой кодта, сæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ сæ цард баиу кодтой. Дыууæ уарзæгой уды сæхи банымадтой ноджы амонджындæрыл, а-дунемæ сын кæстæртæ куы фæзынд, уæд. Сæ чызг Маринæ уæлдæр ахуырад райста Дзæуджыхъæуы, хъомыл кæны чызг. Фырт Алан та каст фæци барадхъахъхъæнынады уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ кусы йæ дæсныйады фæдыл. Æрæджы  йæ цард баиу кодта тъбеттаг хæрзæгъдау чызг Цхуырбианимæ æмæ цæрынц амондджынæй.

Хæдзары хистæртæ Мурат æмæ Нанæ кæд бирæ рæстæджы горæты бафæллой кодтой, уæддæр сæ зæрдæ нæ сивтой хъæууон цардыл æмæ дзы æрбынат кодтой. 2008-æм азы Лохты цæрæн хæдзар дæр хæсты пырхæнты бахауд, фæлæ Стыр Уæрæсейы аудындзинады фæрцы йæ бынаты сырæзт хорз бæстыхай.                                                               

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.