Дæргъвæтин рынчыны фæстæ не ‘хсæнæй фæхъуыд ирон журналистикæйы аккагдæр минæвæрттæй сæ иу – Бибылты Георги Алексийы фырт.

Георги райгуырд Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы 1930 азы 21 сентябры. Ахуыр кодта Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы. Каст æй куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Ам райста ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Куыста йæ дæсныйады фæдыл Цхинвалы районы æндæр æмæ æндæр хъæуты скъолаты.

Мадæлон æвзаг ын зынаргъ æмæ адджын кæй уыд, уыцы уарзондзинад æрмæст ахуырдзау фæсивæдмæ нæ лæвæрдта, фæлæ ма æмхиц уыд мыхуырон дзырдмæ дæр. Йæ уацтæ мыхуыр цыдысты уæды областон газет «Советон Ирыстон»-ы. Фæстæдæр, 1969 азы, йæ райстой газеты редакцимæ кусынмæ æмæ афтæмæй йæ дарддæры хъысмæт сбаста йемæ – фæкуыста дзы 1990 азмæ сæрмагонд уацхæссæгæй. Уыцы азæй 2000 азмæ та уацхæссæгæй куыста паддзахадон радиойы.

Георги уыд æнæрынцой уды хицау, æдзух уыд змæлды, архайды. Зылд хъæуты, зонгæ кодта адæмы цардимæ æмæ газеткæсджыты размæ хаста куыд сæ æнтыстытыл дзурæг уацтæ, афтæ цухдзинæдтæ, проблемæтæ æвдыст кæм цы-дысты, ахæм уацтæ дæр. Рæстдзинады охыл уый нæ тарст искæйы хъыджы бацæуынæй. Арæх йæ сисы бынæй цыдысты фельетонтæ дæр, кæцыты хурмæ калдта, царды бынат кæмæн уыд, ахæм цухдзинæдтæ.

Йæ хорз куысты тыххæй Георги хорзæхджын цыд алыгъуызон грамотæтæй. Лæвæрд ын æрцыд «Куысты ветеран»-ы ном. 1999 азы 16 июлы та йæ схорзæхджын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

Бибылты Георги уыд хæларзæрдæ адæймаг, йæ хъуыддаджы дæсны, хорз бинонты хицау.  Ахæмæй ба-ззайдзæн, чи йæ зыдта, кæи-мæ куыста, æппæт уыдоны зæрдæты.

Рухсаг у, Георги!

Æмбæлтты къорд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.