Нæ фыдæлтæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ – дауджытæм куывтой бахъуыды заман, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр бынатæй. Зæдтæм амыдтой комкоммæ сæрмагонд нæмттæй æмæ сын арæзтой кувæндæттæ – дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуагæй, ахстой бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæттæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ бадтысты ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ, кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ ахæм хуызты: Хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ; Зæдтæ æмæ дауджытæ; Изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; Сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; Уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ; Цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!

Зæды номæй дзырдтой бæрæг бынæттæм – Сæрзæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзуармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, никуы фехъуыстæуыд, нæдæр ын фехъусæн уыди, уымæн, æмæ фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон, æмæ тæхгæ нæ кодтой. Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Йелиа, Уастырджи, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæра, Тутыр, Уацилла, Ӕфсати, Сафа, Сæры-зæд, Хъæуызæд, Бынатыхицау, Мади-зæнæн).

Дауджытæ уыдысты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы  кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.

Уыдон дæр зæдты хуызæн Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты бадтысты тæрхæтты-уынаффæтты.

Кæрдæгхæссæнæй къуыри фæстæдæр ирон адæм арæзтой Дауджыты бæрæгбон. Уæд-иу ссардтой Дауджытæн сегасы нæмттæ дæр. Бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис – равзæрди дзырд дуагæй (идауæг). Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта “æрвон тых”.

Дауджытæй райдайынц сæрды æмæ фæззæджы бæрæгбонтæ. Сегасы размæ дæр лæууы иу нысан – фæззæджы хортæ æрдзы фыдбылызхæссæг тыхтæй бахизын. Бæрæгбонтæ арæзт цыдысты уæларвон тыхтæн кад кæныны охыл, цæмæй уыдон хъахъхъæдтаиккой зæхкусæджы куыствæллой. Дауджыты бæрæгбон æппæты кадджындæр уыди Куырттаты комы. Йæ кувæндон ис  Дзири-дзуары хохы къабузтæй иуыл. Куырттаты комы кувæндæттæй уый уыди æппæты бæрзонддæр ран æмæ афтæ зыны цыма комбæсты сæрты тæхы. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, æппæты цытджындæр дзуæртты бынæттæ æппæты бæрзонддæр рæтты уыдысты.

Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой-иу арахъ. Кæмæн куыд йæ фадат уыд, ахæм кусарт-иу акодта, фæлæ арæхдæр æргæвстой уæрыкк. Бæрæгбоны фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ чъирийы, кусарты хуылфыдзаумæттæй физонæг, афтæмæй-иу скуывтой Дауджытæм.

Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг-иу скуывта Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй-азмæ æртæ чъирийæ куыд кувой. Уый фæстæ-иу æрбадтысты æмæ-иу райдыдта сæ куывд.

Куывддзæуттæ-иу хъæутæм куы здæхтысты, уæд-иу сарæзтой хъæзтытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.